Кувын цӕмӕн хъӕуы?
БИБЛИЙЫ цы фыст ис, уыдӕттӕй адӕмы уӕлдай тынгдӕр цымыдис кӕны, кувыны тыххӕй дзы цы фыст ис, уый. Ацы журналы фыццаг статьяты ӕркӕсдзыстӕм, адӕммӕ кувыны фӕдыл арӕхдӕр цы фарстатӕ фӕзыны, уыдонӕй авдмӕ ӕмӕ базондзыстӕм, Библи сын цавӕр дзуапп дӕтты, уый. Стӕй ма базондзыстӕм, кувын ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ дын Хуыцау дӕ куывдтытӕ цӕй фӕрцы хъусдзӕн.
ӔГАС зӕххыл дӕр адӕм фӕкувынц, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ӕмӕ цыфӕнды динӕй ма уой, уӕддӕр. Фӕкувынц иунӕгӕй дӕр ӕмӕ къордтӕй дӕр. Фӕкувынц аргъуанты, кувӕндӕтты, синагогӕты, мӕзджытты ӕмӕ ӕндӕр кувӕн бынӕтты. Кувгӕ-кувын фӕпайда кӕнынц ламаздыхъхъытӕй, фӕрдгуыты халтӕй, кувӕнгуыройтӕй, иконӕтӕй, куывдтыты чингуытӕй кӕнӕ, фӕйнӕджы гӕбӕзтыл кӕй ныффыссынц ӕмӕ къулыл кӕй ӕрцауындзынц, ахӕм куывдтытӕй.
Зӕххыл цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонӕй кувгӕ ӕрмӕстдӕр адӕм фӕкӕнынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕрӕгойты хуызӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты стӕм. Зӕгъӕм, уыдонау мах дӕр хъӕуы хӕрын, улӕфын ӕмӕ дон нуазын. Уыдонау мах дӕр райгуырӕм, фӕцӕрӕм ӕмӕ стӕй амӕлӕм (Екклесиаст 3:19). Фӕлӕ кувгӕ ӕрмӕстдӕр адӕм фӕкӕнынц. Цымӕ цӕмӕн?
Уымӕн ӕмӕ афтӕ конд стӕм, ӕмӕ нӕ фӕфӕнды кувын. Бирӕтӕ уый тыххӕй фӕкувынц, цӕмӕй уӕлӕрвты цы ис, ӕнусон цы у, ахӕм цӕуылдӕр сӕхи бӕттой. Ӕмӕ Библийӕ дӕр зыны, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ахӕм цыдӕртӕ кӕй фӕагуры (Екклесиаст 3:11). Йесо Чырысти иухатт загъта: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон» (Матфейы 5:3).
Уӕдӕ афтӕ конд стӕм, ӕмӕ хъуамӕ Хуыцауӕн кувӕм. Уый бӕрӕг у, адӕм бирӕ кӕй фӕкувынц, уымӕй, стӕй, сӕ бон кувын кӕм у, ахӕм стыр агъуыстытӕ кӕй фӕаразынц ӕмӕ сӕм кувынӕн уыйбӕрц алыхуызон дзауматӕ кӕй ис, уымӕй. Иуӕй-иутӕ фӕкувынц, сӕхимӕ растдӕр куыд кӕсы, афтӕ кӕнӕ та ӕндӕр искӕй бафӕрсынц, кувын куыд хъӕуы, уымӕй. Фӕлӕ цымӕ ацы хъуыддаджы адӕймагӕн йӕ бон у раст уынаффӕ раттын? Адӕймаг, райсомы бон ӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый нӕ фӕзоны, у лӕмӕгъ, стӕй йӕ цард у цыбыр. Уымӕ гӕсгӕ нын йӕ бон баххуыс кӕнын у, махӕй зондджындӕр, махӕй тыхджындӕр чи у ӕмӕ махӕй фылдӕр чи цӕры, ӕрмӕстдӕр уымӕн. Ӕмӕ адӕймаг арӕхдӕр цавӕр уавӕрты фӕкувы?
Ацы уавӕртӕй искӕцыйы уыдтӕ? Чи зоны дӕ хъуыд искӕй разамынд кӕнӕ уынаффӕ. Кӕнӕ дӕ, гӕнӕн ис, фӕндыд цавӕрдӕр ахсджиаг фарстатӕн дзуапп базонын, кӕд сын бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ дзуапп базонӕн нӕй, уӕддӕр. Кӕнӕ дыл чи зоны, зиан ӕрцыд ӕмӕ дӕ фӕндыд, цӕмӕй дын дӕ рыст исчи ӕрсабыр кодтаид. Кӕнӕ дын чи зоны, зын уыд цавӕрдӕр уынаффӕ рахӕссын ӕмӕ разамынд агуырдтай. Йе та, гӕнӕн ис, дӕ тӕригъӕды тыххӕй дӕхи хордтай ӕмӕ дӕ фӕндыд, цӕмӕй дын уыцы тӕригъӕд хатыргонд ӕрцыдаид.
Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй адӕймагӕн ахӕм уавӕрты йӕ бон у кувын. Библийы кувыны фӕдыл цы фыст ис, ууыл ис ӕууӕндӕн, стӕй дзы нӕ бон у бакӕсын, Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, бирӕ ахӕм нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты куывдтытӕ. Уыдон-иу куывтой, цӕмӕй ссардтаиккой разамынд ӕмӕ удӕнцой. Стӕй ма-иу куывтой, цӕмӕй сӕ тӕригъдтӕ хатыргонд ӕрцыдаиккой ӕмӕ царды ахсджиагдӕр фарстатӕн дзуаппытӕ ссардтаиккой (Псалом 23:3; 71:21; Данел 9:4, 5, 19; Аввакум 1:3).
Кӕд уыцы куывдтытӕ алыхуызон уыдысты, уӕддӕр сын иумӕйагӕй цыдӕр ис. Уыцы адӕм кувыны тыххӕй зыдтой иу ахсджиаг хъуыддаг, абон бирӕтӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕмӕ кӕсынц, уыцы хъуыддаг. Уыдон зыдтой, кӕмӕ хъӕуы кувын, уый.