Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?
АДӔЙМАГ Хуыцаумӕ куы кува, уӕд ын уый исты пайда ӕрхӕсдзӕн? Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй, о. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ куы фӕкувынц, уӕд сын уый стыр ӕххуыс фӕвӕййы (Лукайы 22:40; Иаковы 5:13). Адӕймаг Хуыцаумӕ куы фӕкувы, уӕд ӕм баввахс вӕййы, йӕ зӕрдӕйы вӕййы фарн ӕмӕ ма уый суанг йе ’нӕниздзинадыл дӕр хуыздӕрырдӕм фӕзыны. Цымӕ куыд?
Зӕгъӕм, дӕ сывӕллонӕн дын чидӕр цыдӕр балӕвар кодта. Афтӕ йын зӕгъдзынӕ, уыцы адӕймагӕй дӕ зӕрдӕйы бузныг у, ӕмӕ уый фаг у, зӕгъгӕ? Ӕви йын бамбарын кӕндзынӕ, бузныг дзы кӕй у, уый йын зӕгъгӕ дӕр кӕй хъуамӕ кӕна? Нӕ зӕрдӕйы цы ӕнкъарӕнтӕ вӕййы, уыдон зӕгъгӕ куы фӕкӕнӕм, уӕд уыцы ӕнкъарӕнтӕ свӕййынц ноджы тыхджындӕр. Ӕмӕ афтӕ вӕййы, Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, уӕд дӕр. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.
Хуыцаумӕ кувын ӕмӕ йын бузныг дзурын. Хорзӕй нӕм цы ис, уый тыххӕй Хуыцауӕн бузныг куы фӕдзурӕм, уӕд сӕйраджыдӕр фӕхъуыды кӕнӕм нӕ арфӕдзинӕдтыл. Уый фӕрцы Хуыцауӕй ноджы тынгдӕр бузныг вӕййӕм ӕмӕ вӕййӕм амондджындӕр, стӕй алцӕмӕдӕр раст цӕстӕй фӕкӕсӕм (Филиппӕгтӕм 4:6).
Цӕвиттон. Йесо йӕ Фыдӕн бузныг загъта, йӕ куывдтытӕ йын кӕй фехъуыста, уый тыххӕй (Иоанны 11:41).
Хуыцаумӕ кувын ӕмӕ дзы хатыр курын. Хуыцауӕй куы фӕкурӕм, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна, уӕд афтӕмӕй не ’фсарм фӕахуыр кӕнӕм, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын. Стӕй нӕ рӕдыд хуыздӕр бамбарӕм ӕмӕ йыл ноджы тынгдӕр ӕрфӕсмон кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма нӕ нӕ цӕсгом дӕр нал фӕхӕры.
Цӕвиттон. Давид Йегъовӕмӕ куывта ӕмӕ йын дзырдта, йӕ рӕдыдыл кӕй фӕсмон кӕны (Псалом 51).
Хуыцаумӕ кувын ӕмӕ дзы разамынд ӕмӕ зонд курын. Йегъовӕйӕ разамынд кӕнӕ зонд куы фӕкурӕм, цӕмӕй нӕ бон раст уынаффӕтӕ хӕссын уа, уӕд нын уый баххуыс кӕны, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм. Стӕй ма нын уый нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, нӕ бон алцы кӕй нӕу, ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыдыл нӕ ныфс тынгдӕр дарын райдайӕм (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6).
Цӕвиттон. Соломон сӕрныллӕгӕй Хуыцауӕй разамынд ӕмӕ зонд ракуырдта, цӕмӕй Израилӕн хорз паддзах уыдаид (1 Паддзӕхты 3:5–12).
Хуыцаумӕ кувын зындзинӕдты рӕстӕг. Зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ Хуыцауӕн, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый куы ’ргом кӕнӕм, уӕд афтӕ тынг нал мӕт кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ ныфс нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ Хуыцауыл дардзыстӕм (Псалом 62:8).
Цӕвиттон. Паддзах Асӕ Йегъовӕмӕ куывта, йӕхицӕй тыхджындӕр чи уыд, ахӕм знаг йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕд (2 Азфыстыты 14:11).
Хуыцаумӕ кувын, ӕххуыс кӕй хъӕуы, уыдоны тыххӕй. Иннӕты тыххӕй куы кувӕм, уӕд уыдзыстӕм тӕригъӕдгӕнаг, иннӕты рыст нӕ зӕрдӕмӕ исдзыстӕм ӕмӕ хиуарзон нӕ уыдзыстӕм.
Цӕвиттон. Йесо куывта йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй (Иоанны 17:9–17).
Хуыцаумӕ кувын ӕмӕ йӕ кадджын кӕнын. Йегъовӕйы йӕ диссаджы хъуыддӕгты ӕмӕ миниуджыты тыххӕй куы фӕкадджын кӕнӕм, уӕд дзы ноджы тынгдӕр бузныг вӕййӕм ӕмӕ йын тынгдӕр фӕаргъ кӕнӕм. Стӕй ахӕм куывдтыты фӕрцы нӕ уӕларвон Фыдмӕ баввахс вӕййӕм.
Цӕвиттон. Давид Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кадджын кодта, цы сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй (Псалом 8).
Уымӕй уӕлдай ма куы фӕкувӕм, уӕд схайджын вӕййӕм, «зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы» фарнӕй (Филиппӕгтӕм 4:7). Ацы тыхст дунейы фарнӕй хайджын уай, уый у ӕцӕг арфӕдзинад, ӕмӕ дзы алчи не схайджын вӕййы. Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, уӕд ма уый фӕрцы нӕхи хуыздӕр фӕхатӕм (Ӕмбисӕндтӕ 14:30). Фӕлӕ цымӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрмӕст нӕхи хъаруйы фӕрцы бафтдзысты нӕ къухы? Нӕ зӕрдыл ма цавӕр ахсджиаг хъуыддаг хъуамӕ дарӕм?
Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, уӕд ӕм баввахс вӕййӕм, нӕ зӕрдӕйы вӕййы фарн ӕмӕ ма уый суанг не ’нӕниздзинадыл дӕр хуыздӕрырдӕм фӕзыны