Ацы чиныг зонадимӕ разы у ӕви нӕ?
Ацы чиныг зонадимӕ разы у ӕви нӕ?
Дин алыхатт нӕ нымадта зонады йӕ фарсхӕцӕгыл. Ивгъуыд ӕнусты иуӕй-иу динамонджытӕ зонадон ссардтыты ныхмӕ уыдысты, куы-иу фӕхатыдысты, уыдон сын сӕ Библийы хатындзинад кӕй дызӕрдыггаг кӕнынц. Фӕлӕ ӕцӕг зонад Библийы ныхмӕ у?
БИБЛИЙЫ фысджытӕ, сӕ рӕстӕджы дардыл нымад, зонадон цӕстӕнгӕстыл куы разы кодтаиккой, уӕд дзы фӕстагмӕ рауадаид чиныг, цӕстыхаугӕ зонадон рӕдыдтытимӕ. Фӕлӕ уыцы фысджытӕ ахӕм ӕнӕзонадон ӕмбарынӕдтӕн не ’ххуыс кодтой. Уый бӕсты уыдон ныффыстой цалдӕр уынаффӕйы, кӕцытӕ ӕрмӕст зонадон цӕстӕнгасӕй раст не сты, фӕлӕ ма комкоммӕ уӕды рӕстӕджы ӕппӕтфӕткон цӕстӕнгасы ныхмӕ дӕр уыдысты.
Цы формӕ ис Зӕххӕн?
Уыцы фарст адӕмы цымыдис кодта мингай азты дӕргъы. Незаманы адӕм нымадтой Зӕхх тъӕпӕныл. Зӕгъӕм, вавилойнӕгты уырныдта Дун-дуне — кӕй у асыкк кӕнӕ та уат, цы ран пъолы бынаты ис Зӕхх. Индийы Веды сауджынтӕ нымадтой Зӕхх тъӕпӕныл, кӕцыйӕн ӕрмӕст йӕ иу фарс у цӕрӕгджын. Незаманы Азийы иу знӕм Зӕхх нымадтой стыр цайы тӕбӕгъыл.
Фӕлӕ нӕ эрӕйы агъоммӕ VI ӕнусы грекъаг философ Пифагор раразмӕ кодта теори, ома кӕд Мӕй ӕмӕ Хур тымбыл сты, уӕд Зӕхх дӕр тымбыл хъуамӕ уа. Аристотель (нӕ эрӕйы агъоммӕ IV ӕнус) фӕстӕдӕр йемӕ сразы ӕмӕ бамбарын кодта, Зӕхх тымбыл кӕй у, уый кӕй бӕлвырд кӕны мӕйы баталынгтӕй. Зӕхх Мӕйыл цы аууон ӕппары, уый у къӕдз.
Фӕлӕ Зӕххы тъӕпӕн кӕй у, уый ӕмбарынад (кӕцыйӕн цӕрӕгджын у ӕрмӕст йӕ уӕллаг фарс) ӕххӕстӕй нӕ аиуварс кодтой. Иуӕй-иуты бон нӕ уыд сразы уын, Зӕхх тымбыл кӕй у, уый раст райхӕлдимӕ — антиподты [ныхмӕвӕрд бынӕтты] ӕмбарынадимӕ a. Лактанций, нӕ эрӕйы IV ӕнусы чырыстон апологет [хъахъхъӕнӕг], схынджылӕггаг кодта уыцы ӕмбарынад. Уый дзырдта: «Цымӕ ахӕм ӕнӕзонд ис, кӕцыйы бауырна, кӕй ис адӕм, кӕцытӕ сӕ къухтыл цӕуынц?... тыллӕг ӕмӕ бӕлӕстӕ бынмӕ кӕй рӕзынц? Къӕвда, мит ӕмӕ их бынӕй уӕлӕмӕ кӕй уарынц?»2
Антиподты ӕмбарынад иуӕй-иу динамонӕджыты ӕвӕрдта зын уавӕры. Иуӕй-иу теоритӕ фидар кодтой, зӕгъгӕ, кӕд ныхмӕвӕрд бынӕттӕ ис, уӕд сӕ бон нӕу баиу уын зындгонд адӕймагадимӕ, уымӕн ӕмӕ дзы кӕнӕ тынг уӕрӕх денджыз ис, кӕцыйы сӕрты хъӕуы аленк кӕнын, кӕнӕ та дзы ис ӕнӕацӕугӕ тропикон зонӕ, кӕцы экваторыл ӕрхъула кодта. Уӕдӕ кӕцӕй хъуамӕ равзӕрдаиккой антиподтӕ? Иуӕй-иу мӕты бафтӕг динамонджытӕ, хуыздӕрыл нымадтой, ахӕм адӕймӕгтӕ, кӕцытӕн ис антиподтӕ кӕй нӕ уӕвы, ууыл ӕууӕндын; кӕнӕ та Лактанций
куыд нымадта, ома Зӕххӕн тымбыл уӕвӕн нӕй!Зӕхх тымбыл кӕй у, уымӕ нӕкӕсгӕйӕ уый ӕмбарынад фӕуӕлахиз ӕмӕ йын фӕстагмӕ ӕппӕтиумӕйаг аргъ скодтой. Фӕлӕ ӕрмӕст XX ӕнусы — космикон ӕнусы райдианы адӕймаджы бон сси атӕхын дард космосмӕ, цӕмӕй йӕхи цӕстӕй федтаид, Зӕхх тымбыл кӕй у b.
Цавӕр цӕстӕнгасыл хӕцыд Библи уый тыххӕй? Нӕ эрӕйы агъоммӕ VIII ӕнусы ма ӕппӕтфӕткон куы уыд, Зӕхх тъӕпӕн кӕй у, уый ӕмбарынад, уӕдмӕ цалдӕр ӕнусы раздӕр, цалынмӕ грекъаг философтӕ сфидар кодтой теори, зӕгъгӕ, Зӕххӕн тымбыл у, ӕмӕ цалынмӕ адӕймаг космосӕй федта Зӕхх тымбыл кӕй у, уӕдмӕ мин азтӕ раздӕр, дзуттаг пехуымпар Исай диссаджы хуымӕтӕгӕй загъта: «Уый бады зӕххы тымбылыл» (Исай 40:22, АМТ). Дзуттаг дзырд хуг, тӕлмац ӕрцыд дзырдӕй «зиллакк», ӕмӕ ма «тымбыл» дӕр нысан кӕны3. Библийы иннӕ тӕлмацты кӕсӕм: «зӕххы тымбылыл» («Douay Version») ӕмӕ «ӕмдымбыл зӕххыл» («Moffatt») c.
Библийы фыссӕг Исай аиуварс кодта, Зӕххы тыххӕй цы мифтӕ уыди, уыдон. Уый бӕсты ныффыста уынаффӕ, кӕцыйыл нӕ бандӕвтой дарддӕры зонадон ссардтытӕ.
Цӕуыл хӕцы Зӕхх?
Незаманы адӕмы космосы тыххӕй ӕндӕр фарстытӕ дӕр ӕфтыдтой дызӕрдыгдзинады: цӕуыл ӕнцой кӕны Зӕхх? Цӕуыл хӕцынц: Хур, Мӕй ӕмӕ стъалытӕ? Уыдон нӕ зыдтой ӕппӕтдунеон уӕзтырнӕн закъон, кӕцы бакодта Исаахъ Ньютон ӕмӕ йӕ мыхуыры рауагъта 1687 азы. Уӕларвон буӕрттӕ афтид тыгъады кӕй ницӕуыл хӕцынц, уый ӕмбарынад сын ӕппындӕр нӕ уыд зонгӕ. Уымӕ гӕсгӕ сӕ райхӕлдтыты арӕх ӕнхъӕлдтой, Зӕхх ӕмӕ иннӕ уӕларвон буӕрттӕ кӕй хӕцынц материалон предметтыл кӕнӕ донгъӕдтыл.
Зӕгъӕм, иу рагон теоримӕ гӕсгӕ, кӕцы, гӕнӕн ис, ӕрымысыдысты сакъадахыл цӕрӕг адӕм, Зӕхх ис доны астӕу ӕмӕ ленк кӕны уыцы дӕтты. Индустӕ ӕнхъӕлдтой, Зӕххӕн цалдӕр бындур кӕй ис, кӕцытӕй иу иннӕйы сӕрмӕ лӕууы. Зӕхх ӕнцой кодта цыппар пылыл, пылтӕ лӕууыдысты стыр уӕртджын хӕфсыл, уӕртджын хӕфс лӕууыд стыр калмыл, калм та тымбылтӕй ленк кодта ӕппӕтдунеон дӕтты. Нӕ эрӕйы агъоммӕ V ӕнусы грекъаг философ, Эмпедокл нымадта, Зӕхх кӕй ӕнцой кӕны зилгӕ дымгӕйыл, ӕмӕ йын зилгӕ дымгӕ та кӕй змӕлын кӕны уӕларвон буӕртты.
Уыцы цӕстӕнгӕсты ’хсӕн иуыл ахадгӕ дӕр уыд Аристотелы цӕстӕнгас. Кӕд уый Зӕхх тымбыл кӕй у, уыцы теорийыл бакуыста, уӕддӕр нӕ разы кодта, Зӕххы бон кӕй у ауыгъд уын афтид тыгъдады, ууыл. Йӕ зонадон куысты «Арвы тыххӕй», ома Зӕхх доныл кӕй ӕнцой кӕны, уыцы ӕмбарынад иуварсгӕнгӕйӕ, уый загъта: «Куыд зӕххӕн, афтӕ донӕн дӕр йе ’скондмӕ гӕсгӕ миниуӕгон нӕу, цӕмӕй ауыгъд уа — уый истӕуыл хъуамӕ хӕца»4. Уӕдӕ, цымӕ «цӕуыл хӕцы» Зӕхх? Аристотель амыдта: Зӕхх, Мӕй ӕмӕ стъалытӕ кӕй сты фидаргонд хъӕбӕр рухсдзыд сферӕты уӕлцъарыл. Сферӕтӕ сты кӕрӕдзийы мидӕг, ӕмӕ ӕнӕзмӕлгӕ Зӕхх та — центры. Сферӕтӕ кӕрӕдзийы мидӕг кӕй зилынц, уый фӕрцы арвыл цы предметтӕ ис, уыдон змӕлынц: Хур, Мӕй ӕмӕ планетӕтӕ.
Аристотелы райхӕлд логикон зындис. Уӕларвон буӕрттӕ истӕуыл фидар куы нӕ уыдаиккой, уӕд куыд баззадаиккой уӕлейӕ? Цытджын Аристотелы цӕстӕнгас ӕппӕтфӕткон уыд иу-2 000 азы дӕргъы. Уымӕ гӕсгӕ иу энциклопедийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, XVI ӕмӕ XVII ӕнусты йын йӕ ахуырӕдтӕ аргъуан «систа динон догмӕйы къӕпхӕнмӕ» («The New Encyclopædia Britannica»)5.
Фӕлӕ телескоп куы ӕрымысыдысты, уӕд астрономтӕ Аристотелы теори гуырысхойаг скодтой. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ бон дзуапп ссарын нӕ уыд, цалынмӕ сэр Исаахъ Ньютон нӕ райхӕлдта, планетӕтӕ афтид тыгъдады кӕй сты ауыгъд ӕмӕ ӕнӕуынгӕ тыхӕй — гравитацийӕ, сӕхи орбитӕтыл урӕд кӕй цӕуынц. Уый ӕнӕуырнинаг зынд, ӕмӕ Ньютоны коллегӕтӕн дӕр зын бауырнинаг уыд космос d6.
кӕй у вакуум [ӕнӕуӕлдӕф тыгъдад], кӕцыйы фылдӕр хайы нӕй буаргъӕдЦы дзуры Библи уыцы фарсты тыххӕй? Иу-3500 азы размӕ Библи диссаджы ӕргомдзинадимӕ загъта, Зӕхх кӕй «ницӕуыл» у ауыгъд (Иов 26:7). Оригиналы рагон дзуттаг ӕвзагыл спайда кодтой дзырд «ницы»-йӕ (бели-ма́х), комкоммӕ нысан кӕны «ӕнӕницӕмӕй»7. «Нырыккон англисаг тӕлмацы» пайда кӕны разагъдӕй «афтид тыгъдады».
Уӕды рӕстӕджы адӕмы фылдӕр хай Зӕхх нӕ нымадтой «афтид тыгъдадыл» ауыгъд планетӕйыл. Фӕлӕ Библийы фыссӕг йӕ рӕстӕгӕй бирӕ фӕраздӕр ӕмӕ ныффыста уынаффӕ, кӕцы зонадон цӕстӕнгасӕй раст у.
Библи ӕмӕ медицинӕ — разы сты кӕрӕдзиимӕ?
Нырыккон медицинӕ нын бирӕ бацамыдта, низтӕ куыд парахат кӕнынц ӕмӕ сын куыд хос кӕнын хъӕуы, уый тыххӕй. Медицинӕйы ӕнтыстдзинӕдтӕ XIX ӕнусы медицинон практикӕйы райдыдтой пайда кӕнын антисептикӕйӕ — сыгъдӕгдзинад бахъахъхъӕнын, цӕмӕй инфекцитӕ фӕкъаддӕр уой. Йӕ фӕстиуӕг уыд диссаг. Зынгӕ фӕкъаддӕр сты инфекцитӕ ӕмӕ ӕнафоны мӕлӕты цаутӕ.
Фӕлӕ незаманы дохтыртӕ ӕххӕстӕй не ’мбӕрстой, низтӕ куыд парахат кӕнынц ӕмӕ хорз санитарон уавӕртӕ низты фӕкъаддӕр кӕнынӕн куыд сты ахъаз. Диссаг нӕу, сӕ медицинон практикӕйӕ бирӕ цыдӕртӕ примитивон кӕй фӕзындаиккой нырыккон нормӕтӕм абаргӕйӕ.
Нӕ къухы цы медицинон тексттӕ ис, уыдонӕй ӕппӕты зӕронддӕр у «Папирус Эберс», египетӕгты медицинон зонындзинӕдты ӕмбырдгонд, кӕцы дагӕгонд у нӕ эрӕйы агъоммӕ иу-1500 азӕй. Уыцы тыхтоны ис иу-700 хосгӕнӕн фӕрӕзы ӕрфыст алыхуызон низтӕн «кӕвхъуындары хӕстӕй къахы ӕнгуылдзы ныхы рысты онг»8. Иу энциклопедийы дзырдӕуы: «Уыцы дохтырты медицинон зонындзинӕдтӕ бындуриуӕг кодтой фылдӕр магийыл ӕмӕ зонадон нӕ уыдысты» («The International Standard Bible Encyclopaedia»)9. Хосгӕнӕн фӕрӕзтӕн сӕ фылдӕр ӕрмӕст ӕнӕахадгӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ ма тынг тӕссаг дӕр. Зӕгъӕм, хъӕдгом хос кӕнынӕн, иу рецепт уынаффӕ кодта: «Адӕймаджы экскременттӕ йыл ӕндӕр буаргъӕдтимӕ хӕццӕйӕ сӕвӕрын»10.
Египетӕгты медицинон фӕрӕзты текст фыст ӕрцыд Библийы фыццаг чингуытимӕ иу рӕстӕджы, кӕцыты Моисейы закъон уыд. Моисей, кӕцы райгуырд нӕ эрӕйы агъоммӕ 1593 азы, Египеты хъомыл кодта (Рацыд 2:1—10). Куыд фараоны бинонты уӕнг, афтӕ уый уыд «ахуыргонд... ӕппӕт Египеты зонындзинӕдтыл» (Куыстытӕ 7:22). Моисей хорз зонгӕ уыд Египеты «дохтыртимӕ» (Царды Райдиан 50:1—3). Цымӕ египетӕгты ӕнӕахадгӕ ӕмӕ тӕссаг медицинон фӕрӕзтӕ бандӕвтой йӕ фыстытыл?
Нӕ. Уый ныхмӕ, Моисейы Закъоны уыд ахӕм санитарон уагӕвӕрдтӕ, кӕцытӕ сӕ рӕстӕгӕй бирӕ раздӕр аивгъуыдтой. Зӕгъӕм, хӕстон лагерон лӕууӕндӕтты тыххӕй закъон барфыст лӕвӕрдта, цӕмӕй экскременттӕ лагеры ӕддейӕ ныгӕд цыдаиккой (Дыккаг Амынд 23:13). Уый уыд ӕппӕты профилактикон мадзал. Уый ӕххуыс кодта доны сыгъдӕгдзинад бахъахъхъӕнынӕн ӕмӕ фадат лӕвӕрдта бындзытӕ цы бактерион дизентери парахат кӕнынц ӕмӕ ма гуыбынниз цы ӕндӕр низтӕ расайынц, уыдон абоны онг дӕр ӕрвылаз ахӕссынц милуангай адӕмы цард, санитарон уавӕртӕ ӕвзӕр цы бӕстӕты сты, уым.
Моисейы Закъоны ма уыд гигиенӕйы ӕндӕр уагӕвӕрдтӕ дӕр, кӕцытӕ Израилы хъахъхъӕдтой инфекцион низтӕ парахат кӕнынӕй. Адӕймаг, кӕцы рынчын уыд кӕнӕ йӕм зӕрдӕ ӕхсайдта хӕцгӕ низӕй, карантины уыдис (Левит 13:1—5). Йӕхигъӕдӕй (гӕнӕн ис низӕй) мард цӕрӕгой-иу цы уӕлӕдарӕс кӕнӕ мигӕнӕнтыл аныдзӕвд, уыдонӕй-иу цалынмӕ ногӕй спайда кодтаиккой, уӕдмӕ-иу сӕ кӕнӕ цӕхсадтой, кӕнӕ та-иу сӕ скуынӕг кодтой (Левит 11:27, 28, 32, 33). Мардмӕ-иу чидӕриддӕр бавнӕлдта, уый-иу нымад цыдис ӕнӕсыгъдӕгыл, ӕмӕ-иу ын хъуыд рацӕуын сыгъдӕг кӕныны процедурӕ, кӕцымӕ хаст цыдысты дзаумӕтты ’хсын ӕмӕ хи найын. Ӕнӕсыгъдӕгдзинады авдбонон периоды дӕргъы уый хъуамӕ йӕхи хызтаид физикон контактӕй иннӕтимӕ (Нымӕцтӕ 19:1—13).
Гигиенӕйы уагӕвӕрдты ӕмбырдгонды зыны зондджындзинад, кӕцы нӕ уыд уӕды рӕстӕджы сӕ алыварсцӕрӕг адӕмты дохтыртӕм. Цалынмӕ медицинӕ базыдта низтӕ куыд парахат кӕнынц, уӕдмӕ мин азтӕ раздӕр Библийы фыст ӕрцыдысты ӕдзонд профилактикон мадзӕлттӕ, кӕцытӕ низтӕй хъахъхъӕдтой. Диссаг нӕу, Моисейы бон кӕй уыд зӕгъын йӕ рӕстӕджы цӕрӕг израилӕгтӕй, уыдон кӕй цардысты 70 азӕй 80 азы онг e (Псалом 90:10).
Ды, гӕнӕн ис, сразы уай Библийы уӕлдӕр койгонд уынаффӕтимӕ, уыдон кӕй сты зонадон цӕстӕнгасӕй раст. Фӕлӕ ма Библийы ис ӕндӕр уынаффӕтӕ дӕр, кӕцытӕн зонадон цӕстӕнгасӕй сбӕлвырдгӕнӕн нӕй. Цымӕ уый ӕнӕмӕнгӕй Библийы зонады ныхмӕ ӕвӕры?
Ӕбӕлвырд информацийы хорзыл банымад
Уынаффӕйӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы нӕ уа, уӕд уый нӕ нысан кӕны, уый ӕнӕмӕнгдӕр раст кӕй нӕу. Алцӕмӕн зонадон ӕгъдауӕй сбӕлвырдгӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы фӕрӕзтӕ арӕнвӕрд сты, цӕмӕй фаг факттӕ ссара ӕмӕ информаци раст райхала. Фӕлӕ иуӕй-иу ӕцӕгдзинӕдтӕн сбӕлвырдгӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ нӕ баззад ницавӕр ӕвдисӕндзырдтӕ, кӕнӕ ӕвдисӕндзырдтӕ ӕмбӕрст кӕнӕ ӕргом не сты, кӕнӕ зонадон фадаттӕ ӕмӕ экспертизӕ фаг размӕцыд не сты, цӕмӕй иумӕйаг хатдзӕгмӕ ӕрцӕуой. Чи зоны, уый уыцы уавӕр у, кӕцыйы Библийы бӕрӕг уынаффӕтӕн нӕй хӕдбар физикон бӕлвырдгӕнӕнтӕ?
Зӕгъӕм, зонадон ӕгъдауӕй нӕй сбӕлвырдгӕнӕн кӕнӕ аиуварсгӕнӕн Библийы цитатӕтӕ ӕнӕуынгӕ паддзахады тыххӕй, кӕцы цӕрӕгджын у духовон гоймӕгтӕй. Раст афтӕ зӕгъӕн ис уӕлӕрдзон фӕзындты тыххӕй дӕр, кӕцытыл Библийы цӕуы дзырд. Иуӕй-иу адӕймӕгтӕн фаг не сты кадавар геологон бӕлвырдгӕнӕнтӕ Нойы рӕстӕджы ӕппӕтдунеон Донхъаймӕты тыххӕй (Царды Райдиан, сӕр 7). Ӕмбӕлы хатдзӕг скӕнын, донхъаймӕт кӕй нӕ уыд? Рӕстӕг ӕмӕ ивддзинӕдтӕ ссӕрфынц историкон цауты лыстӕгдзинӕдтӕ. Уӕдӕ гӕнӕн нӕй, цӕмӕй мин азты дӕргъы геологон архайды фӕстиуӕгӕн фесӕфтаиккой Донхъаймӕты бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ?
Раст у, Библийы ис уынаффӕтӕ, кӕцытӕн нӕй иуварсгӕнӕн кӕнӕ сбӕлвырдгӕнӕн физикон фактты бындурыл. Фӕлӕ нӕ уый дисы хъуамӕ бафтауа? Библи нӕу зонадон чиныг. Фӕлӕ у ӕцӕгады чиныг. Мах ныридӕгӕн равзӕрстам, йӕ фысджытӕ ӕнаипп ӕмӕ намысджын кӕй уыдысты, ууыл разыгӕнӕг бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Зонадимӕ баст ӕрмӕгмӕ куы бавналынц, уӕд йӕ ныхӕстӕ вӕййынц раст ӕмӕ незаманы зонадон теоритӕй ӕххӕстӕй сӕрибар вӕййынц, кӕцытӕ-иу разындысты ӕцӕгдӕр ӕрымысӕггаг. Уымӕ гӕсгӕ зонад Библийы ныхмӕлӕууӕг нӕу. Ис ӕппӕт аххосӕгтӕ, цӕмӕй Библийы цӕуыл дзырдӕуы, уый лӕмбынӕг ӕнӕдызӕрдыгӕй равзарай.
[Фиппаинӕгтӕ]
a «Антиподтӕ кӕнӕ Ныхмӕвӕрд бынӕттӕ... сты дыууӕ бынат, кӕцытӕ зӕххы къорийыл комкоммӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ сты. Цы раст хахх сӕ иу кӕны, уый цӕуы Зӕххы центрыл. Дзырд антиподес грекъаг ӕвзагыл нысан кӕны фад фады ныхмӕ. Дыууӕ адӕймаджы, кӕцытӕ лӕууынц кӕрӕдзийы ныхмӕ, уыдон кӕрӕдзимӕ ’ввахсдӕр сӕвӕргӕйӕ, лӕудзысты сӕ кӕрӕдзийы къӕхты бынтыл» («Энциклопедион дзырдуат», уырыс.)1.
b Зонадон ӕвзагыл дзургӕйӕ, Зӕхх у тымбылӕг; кӕцы полюсты цур чысыл тъӕпӕнгонд у.
c Уымӕй уӕлдай ӕрмӕст тымбыл предмет зыны куыд зиллакк, кӕцыфӕнды фисынӕй дӕр. Тъӕпӕн диск тымбыл нӕ зындаид, фӕлӕ куыд дӕргъдымбыл.
d Ньютоны рӕстӕджы уӕлиуӕг уыд ахӕм цӕстӕнгас, Дун-дуне кӕй уыд дзаг донгъӕдӕй — космикон «хъӕрмхуыппӕй» — ӕмӕ донгъӕды цы гуылфӕнтӕ ис, уыдон планетӕты кӕй зилын кӕнынц.
e Европӕйы бирӕ бӕстӕты ӕмӕ Америчы Иугонд Штатты 1900 азы царды дӕргъвӕтиндзинад 50 азӕй къаддӕр уыд. Уӕдӕй нырмӕ уый зынгӕ фӕфылдӕр, ӕрмӕст низтӕ контрол кӕнынӕн медицинӕйы цы ӕнтыстдзинӕдтӕ ис, уый руаджы нӕ, фӕлӕ царды ӕмӕ санитарон уавӕртӕ кӕй фӕхуыздӕр сты, уый руаджы дӕр.
[Хицӕнгонд текст 21 фарсыл]
Уынаффӕйӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы нӕ уа, уӕд уый нӕ нысан кӕны, уый ӕнӕмӕнгдӕр раст кӕй нӕу.
[Ныв 18 фарсыл]
Цалынмӕ адӕймаг космосӕй федта, Зӕхх тымбыл кӕй у, уӕдмӕ мин азтӕ раздӕр Библи дзырдта «зӕххы тымбылыл».
[Нывтӕ 20 фарсыл]
Сэр Исаахъ Ньютон райхӕлдта, планетӕтӕ сӕ орбитӕтыл урӕд кӕй цӕуынц гравитацийы уылты.