Куыд ӕрцыд хъахъхъӕд ацы чиныг?
Куыд ӕрцыд хъахъхъӕд ацы чиныг?
Зынг, уымӕлдзинад ӕмӕ хъуына сты рагон къухфыстыты ӕрдзон знӕгтӕ. Библи дӕр нӕ уыд сӕрибар ахӕм тӕссагдзинадӕй. Уый иннӕ рагон къухфыстыты ’хсӕн бӕрӕг хицӕн кӕны, рӕстӕджы сафӕг архайдтытӕм нӕкӕсгӕйӕ кӕй нӕ фесӕфт, ӕмӕ кӕй сси дунейы ӕппӕты арӕхӕмбӕлгӕдӕр чиныг. Ацы истори лӕмбынӕг хъусдарды аккаг у.
БИБЛИЙЫ фысджытӕ сӕ ныхӕстӕ дуртыл нӕ фыстой; нӕ сӕ фыстой фидар ӕлыг гӕбӕзтыл дӕр. Бӕрӕг у, уыдон сӕ ныхӕстӕ тагъд ӕвзӕргӕнӕг ӕрмӕгыл кӕй ныффыстой — папирусыл (кӕцы арӕзт уыд египетаг зайӕгойӕ ахӕм номимӕ) ӕмӕ пергаментыл (цӕрӕгойты цармӕй арӕзт).
Цы ’рцыд оригиналтыл? Уыдон, гӕнӕн ис, кӕддӕр бамбыдысты рагон Израилы. Ахуыргонд Оскар Парет ӕмбарын кӕны: «Фыссынады дыууӕ ӕрмӕгӕн дӕр [папирус ӕмӕ царм] ӕмхуызон тӕссаг у уымӕлдзинад, хъуына ӕмӕ алыгъуызон бырӕй. Ӕрвылбоны цардӕй йӕ зонӕм, гӕххӕт дӕр ӕмӕ фидар царм дӕр куыд ӕнцонӕй ӕвзӕр кӕнынц уӕлдӕфмӕ кӕнӕ уымӕл уаты»1.
Кӕд оригиналтӕ нал сты, уӕд Библийы фысджыты ныхӕстӕ абоны онг куыд ӕрцыдысты хъахъхъӕд?
Бахъахъхъӕдтой сӕ бӕстон рафысджытӕ
Оригиналтӕ фыст куы ’рцыдысты, уӕд сӕ уый фӕстӕ райдыдтой къопитӕ цӕттӕ кӕнын. Рагон Израилы Сыгъдӕг Фыстады рафыст, ӕгӕристӕмӕй, професси дӕр сси (Ездрӕ 7:6, Псалом 44:2). Уыцы къопитӕ дӕр фыстой тагъд ӕвзӕргӕнӕг ӕрмӕгыл. Фӕстагмӕ уыцы къопитӕ дӕр хъуыд раивын ӕндӕр ахӕм къухӕй фыст къопитӕм. Оригиналтӕ куы фесӕфтысты, уӕд уыцы къопитӕ систы бындур фидӕны къухфыстытӕн. Къопиты рафыст бирӕ сӕдӕазты дӕргъы дарддӕр кодта. Цымӕ сӕдӕазты дӕргъы рафысджыты ӕруагъд рӕдыдтытӕ Библийы текст бындурон ӕгъдауӕй нӕ фӕивтой? Факттӕм гӕсгӕ, нӕ.
Профессионалон рафысджытӕ уыдысты тынг иузӕрдыг сӕ куыстыл. Цы дзырдтӕ фыстой, уыдонмӕ сын уыд стыр аргъуыц, ӕмӕ ма куыстой зӕрдӕбынӕй. Дзуттаг дзырд софе́р тӕлмац у «рафыссӕгӕй», ис ын хыгъд ӕмӕ ныффысты нысаниуӕг. Рафысджытӕ цас бӕстон уыдысты, уымӕн цӕстуынгӕ цӕвиттоныл гӕнӕн ис банымайын масоретты a. Уый тыххӕй ахуыргонд Томас Хартуэлл Хорн дзуры: «Уыдон... нымадтой, кӕцы дамгъӕ уыд астӕуккаг Фондз чиныджы [Библийы фыццаг фондз чиныг], кӕцы хъуыдыйад уыд астӕуккаг алы чиныджы, ӕмӕ [дзуттаг] алфавиты алы дамгъӕ дӕр цал хатт ӕмбӕлд Дзуттаг Фыстыты»3.
Афтӕмӕй бӕстон рафысджытӕ пайда кодтой басгӕрсты алыгъуызон фӕрӕзтӕй. Цӕмӕй Библион тексты иу дамгъӕ дӕр уагъд ма ӕрцыдаид, уый тыххӕй уыдон ӕрмӕст рафысгӕ дзырдтӕ нӕ нымадтой, фӕлӕ ма дамгъӕтӕ дӕр. Дӕ хъус ма ӕрдар ахӕм ӕнувыд куыстмӕ: куыд хъусын кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ Дзуттаг Фыстыты нымад уыд 815 140 хицӕн дамгъӕйы!4 Ахӕм бӕстон куыст фадат лӕвӕрдта иуыл бӕрзонддӕр растдзинадӕн.
Фӕлӕ рафысджытӕ дӕр ӕнӕрӕдыд нӕ уыдысты. Ис исты бӕлвырдгӕнӕнтӕ,
ӕнусты дӕргъы рафыстытӕм нӕкӕсгӕйӕ Библийы текст ӕнӕдызӕрдыг формӕйы кӕй ӕрхӕццӕ абоны онг?Ууыл ӕууӕндынӕн фидар бындур
Библи абоны онг растӕй кӕй ӕрхӕццӕ, ууыл ӕууӕндынӕн ис ӕххӕст бындур. Къухфыстытӕ кӕй ис, бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр уый мидӕг сты — Дзуттаг Фыстыты 6 000 ’ввахс къухфысты кӕнӕ йӕ хӕйттӕ ӕмӕ грекъаг ӕвзагыл Чырыстон Фыстыты 5 000 ’ввахс къухфысты. Се ’хсӕн ис Дзуттаг Фыстыты къухфыст, кӕцы ссардтой 1947 азы, у цӕвиттон Сыгъдӕг Фыстад-иу цас раст рафыстой, уымӕн. Уый тыххӕй йӕ хонынц «нырыккон рӕстӕджы иуыл зынгӕдӕр къухфысты ссарӕггагыл»5.
Уыцы азы райдиан бедуинаг лӕппу хызта фос ӕмӕ Мард денджызы цур ссардта лӕгӕт. Уым ссардта цалдӕр ӕлыг дурыны, кӕцытӕн сӕ фылдӕр уыд афтид. Фӕлӕ дурынтӕй иуы, кӕцы фидар ӕхгӕд уыд, федта четӕны бӕстон тыхтӕй цармы тыхтон, уый разынд Библийы Исайы чиныг. Уыцы хорз ӕвӕрд, фӕлӕ ихсыд тыхтоныл бӕрӕг уыдысты ӕмпъызтыты нысӕнттӕ. Уыцы ӕрыгон фыййау ӕй ’мбаргӕ дӕр нӕ кодта, йӕ къухы цы тыхтон ис, уый фӕстӕдӕр ӕппӕт дунейы хъусдард йӕхимӕ кӕй ’рбаздахдзӕн.
Уӕддӕр, цы уадиссаг уыд уыцы къухфысты? Дзуттаг Фыстыты иуыл зӕронддӕр къухфыстытӕ, 1947 азы, дагӕгонд уыдысты нӕ эрӕйы X ӕнусӕй. Уыцы тыхтон та дагӕгонд уыд нӕ эрӕйы агъоммӕ II ӕнусӕй — хицӕндзинад мин азӕй фылдӕр у. Ахуыргӕндты тынг цымыдис кодта, уыцы тыхтон бирӕ фӕстӕдӕр арӕзт къухфыстытимӕ абарын b.
Иу иртасӕны рӕстӕджы ахуыргӕндтӕ Мард денджызы тыхтоны Исайы 53-ӕм сӕр абарстой масореттаг текстимӕ, кӕцы арӕзт ӕрцыд мин азтӕ фӕстӕдӕр. Иу чиныджы дзырдӕуыд иртасӕны фӕстиуджытыл: «Исайы 53-ӕм сӕры 166 дзырдӕй ӕрмӕст ӕвддӕс дамгъӕйы сты дызӕрдыггаг. Уыцы дамгъӕтӕй дӕс — хуымӕтӕджы растфыссынады фарст, кӕцы мидисыл не ’ндавы. Иннӕ цыппар дамгъӕйы — ӕнӕзынгӕ стилистикон ивддзинӕдтӕ, куыд бӕттӕгтӕ. Цы ӕртӕ дамгъӕ ма дзы баззад, уыдон аразынц дзырд «рухс», кӕцы бафтыдтой Ис 53:11 стихмӕ ӕмӕ мидис тынг нӕ ивы... Уӕдӕ миназон рафысты фӕстӕ иу сӕры 166 дзырдӕй ӕрмӕст иу дзырд (ӕртӕ дамгъӕ) у дызӕрдыггаг; ӕмӕ уыцы дзырд тынг нӕ ивы скъуыддзаджы мидис» («А General Introduction to the Bible»)7.
Профессор Миллар Бэрроус, кӕцы бирӕ азты дӕргъы тыхтонтимӕ кусы, сӕ мидис анализгӕнгӕйӕ, ӕрцыд ахӕм хатдзӕгмӕ: «Бирӕ хицӕндзинӕдтӕ... Исайы тыхтоны ’хсӕн ӕмӕ масореттаг тексты ’хсӕн гӕнӕн ис бамбарын кӕнын куыд рафыссыны рӕстӕджы ӕруагъд рӕдыдтытӕ. Уыцы рӕдыдтытӕ куы нӕ банымайӕм, уӕд иумӕйагӕй ис диссаджы ӕмдзыхдзинад астӕузаманы къухфыстыты текстимӕ. Уыйбӕрц рагон къухфыстыты ахӕм ӕмдзыхдзинад «фидарӕй бӕлвырд» кӕны, традицион текст иумӕйагӕй раст кӕй у»8.
Афтӕ ма, гӕнӕн ис, «фидарӕй ӕвдисӕн кӕнын» Чырыстон Грекъаг Фыстыты рафысты
тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, XIX ӕнусы Синайы кодексы ссарӕггаг, тӕнӕг пергаментыл къухфыст, кӕцы дагӕгонд уыд нӕ эрӕйы IV ӕнусӕй, баххуыс кодта Чырыстон Грекъаг Фыстыты растдзинад сбӕлвырд кӕнынӕн, кӕцытӕ арӕзт ӕрцыдысты ӕнустӕ фӕстӕдӕр. Иоанны Евангелийы папирусы фрагмент, кӕцы ссардтой Египеты, Файюмы районы, дагӕгонд цӕуы нӕ эрӕйы II ӕнусы фыццаг хайӕ, оригиналы ныффыстӕй 50 аз фӕстӕдӕр. Уый ӕнусты дӕргъы ӕвӕрд уыд хус змисы. Йӕ текст ӕмдзых кӕны бирӕ фӕстӕдӕр арӕзт къухфыстыты текстимӕ9.Афтӕмӕй уыцы факттӕ бӕлвырд кӕнынц, рафысджытӕ ӕцӕгдӕр тынг раст кӕй уыдысты. Фӕлӕ уӕддӕр уыдон рӕдыдтытӕ уагътой. Иу къухфыст дӕр ӕнӕрӕдыд нӕй, уыимӕ Мард денджызы цур ссард Исайы чиныджы тыхтон дӕр. Фӕлӕ, ӕгӕристӕмӕй, уыцы уавӕры дӕр ахуыргӕндты бон сси, оригиналӕй кӕм фӕиртӕст, уый ссарын ӕмӕ сраст кӕнын.
Рафысджыты рӕдыдтыты сраст кӕнын
Зӕгъӕм, 100 адӕймагӕн бахӕс кодтой, цӕмӕй къухӕй рафыссой бирӕфарсон документ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рафысджытӕй иуӕй-иутӕ уӕддӕр ауагътаиккой рӕдыдтытӕ. Фӕлӕ уыдон иуылдӕр ӕмхуызон рӕдыдтытӕ нӕ ауагътаиккой. Куы райсис 100 къопийы дӕр ӕмӕ сӕ арӕхстджынӕй куы абарис, уӕд дӕ бон уаид ссарын рӕдыдтытӕ ӕмӕ ӕцӕг документы текст раст рабӕрӕг кӕнын, ӕгӕристӕмӕй йӕ уынгӕ дӕр куы никуы фӕкодтаис, уӕддӕр.
Афтӕ Библийы фысджытӕ дӕр ӕмхуызон рӕдыдтытӕ нӕ уагътой. Абон текстологты къухы кӕй ис абарстон анализӕн Библийы мингай къухфыстытӕ, уый фӕрцы сӕ бон сси ссарын рӕдыдтытӕ, сбӕрӕг кӕнын ӕцӕг текст ӕмӕ саразын ӕнӕмӕнгхъӕуӕг расткӕнынӕдтӕн нысӕнттӕ. Ахӕм бӕстон иртасӕны фӕстиуӕгӕн текстологтӕ рацарӕзтой сӕрысӕйраг текст оригиналты ӕвзагмӕ. Дзуттаг ӕмӕ Грекъаг сбӕлвыргонд текстты рауагъдтӕм бацыд дзырдтӕ, кӕцыты ахуыргӕндты фылдӕр хай нымайы растыл; сноскӕты арӕх хаст цӕуынц кӕсыны варианттӕ, кӕцытӕ, гӕнӕн ис, иуӕй-иу къухфыстыты сты. Текстологты сбӕлвырдгонд тексттӕй Библийы тӕлмацгӕнджытӕ пайда кӕнынц Библи нырыккон ӕвзӕгтӕм тӕлмац кӕнынӕн.
Уымӕ гӕсгӕ дын Библийы искӕцы тӕлмац кӕсгӕйӕ ис бындур, цӕмӕй ӕууӕндай дзуттаг ӕмӕ грекъаг тексттӕ, кӕцытыл уый бындуриуӕг кӕны, диссаджы растӕй кӕй ӕвдисынц оригиналы дзырдтӕ c. Библи мингай ӕнусты дӕргъы къухӕй рафысты фӕстиуӕгӕн куыд ӕрцыд хъахъхъӕд, уыцы истори ӕцӕгдӕр диссаг у. Уымӕ гӕсгӕ сэр Фредерик Кеньонӕн, кӕцы бирӕ азты дӕргъы уыд Британийы музейы куратор, йӕ бон уыд зӕгъын: «Фидарӕй зӕгъӕн ис Библийы тексты мидис кӕй у ӕнӕдызӕрдыг. [...] Дунейы ӕндӕр рагон чингуытӕй иуӕй дӕр нӕ бон уый зӕгъын нӕу»10.
[Фиппаинӕгтӕ]
a Масореттӕ (нысан кӕны «фӕтк хъахъхъӕнджытӕ») нӕ эрӕйы VI—X ӕнусты цӕрӕг Дзуттаг Фыстыты рафысджытӕ. Цы къухфыстыты къопитӕ скодтой, уыдон хонынц масореттаг тексттӕ2.
b Эмануэл Товайы чиныджы дзырдӕуы: «Радиоуглеродон методы ’ххуысӕй 1QIsaa [Мард денджызы цур ссарӕггаг Исайы чиныджы тыхтон] ныр дагӕгонд цӕуы нӕ эрӕйы агъоммӕ 202—107 азтӕй (палеографион датӕ нӕ эрӕйы агъоммӕ 125—100 азтӕй)... Койгонд палеографион метод, кӕцы фӕстаг азты фӕхуыздӕр кодтой ӕмӕ кӕцы ӕххуыс кӕны дамгъӕты формӕ ӕмӕ бынӕтты абарсты бындурыл раст датӕ сбӕлвырд кӕнынӕн, ахӕм ӕцӕгӕлон ӕрмӕджыты ’ххуысӕй, куыд ӕхцатӕ ӕмӕ уӕлфыстытыл датӕтӕ ӕвӕрын, йӕхи сфидар кодта куыд ӕууӕнчы аккаг метод» («Textual Criticism of the Hebrew Bible»)6.
c Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иуӕй-иу тӕлмацгӕнджытӕ фидарӕй хӕцынц дзуттаг ӕмӕ грекъаг текстты оригиналтыл, инӕтӕ та нӕ.
[Ныв 8 фарсыл]
Библи хъахъхъӕд ӕрцыд арӕхстджын рафысджыты руаджы.
[Нывтӕ 9 фарсыл]
Мард денджызы цур ссард Исайы чиныджы (ӕвдыст у факсимиле) тыхтон, ӕцӕгдӕр ӕххӕстӕй ӕмдзых кӕны масореттаг текстимӕ, кӕцы фыст ӕрцыд мин аз фӕстӕдӕр.