Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чиныг, кӕцыйы хъуамӕ кӕсой

Чиныг, кӕцыйы хъуамӕ кӕсой

Чиныг, кӕцыйы хъуамӕ кӕсой

«Библи нӕу серьезон ахасты аккаг»,— афтӕ загъта универститеты профессор иу зӕрдыбынӕй дзурӕг ӕвзонг сылгоймагӕн.

«Ды искуы кастӕ Библи?» — бафарста йӕ сылгоймаг.

Профессор дисы бафтгӕйӕ, басаст кӕй йӕ нӕ каст, ууыл.

«Уӕдӕ куыд гӕнӕн ис афтӕ цӕхгӕр дзурын чиныджы тыххӕй, кӕцыйы никуы кастӕ?»

Ӕвзонг сылгоймаг уыд раст. Профессор сфӕнд кодта Библи бакӕсын ӕмӕ уый фӕстӕ хатдзӕг скӕнын уый тыххӕй.

БИБЛИ, кӕцы конд у 66 чиныгӕй, нымад цӕуы «чингуыты ӕмбырдгондыл, кӕцыйӕн адӕймагады историйы, ӕвӕццӕгӕн, ис иуыл стырдӕр ӕндӕвдад»1. Ӕцӕгдӕр, йе ’ндӕвдад фӕзынд дунейы сурӕтгӕнӕн аивад, литературӕ ӕмӕ музыкӕйыл. Библийӕн ис зынгӕ ӕндӕвдад барзонадыл. Уый ӕппӕлынад райста йӕ литературон стилы тыххӕй ӕмӕ йын стыр аргъ скодтой бирӕ хорз ахуыргонд адӕймӕгтӕ. Библи уӕлдай тынгдӕр бандӕвдта ӕхсӕнады алы фӕлтӕрты адӕймӕгты цардыл. Йӕ бирӕ кӕсджытӕм сӕвзӕрд ӕнахуыр иузӕрдыгдзинад. Иуӕй-иутӕ суанг сӕ цард тасы ӕфтыдтой, цӕмӕй йӕ ӕрмӕст бакастаиккой.

Уыимӕ ма Библимӕ ис скептикон ахаст дӕр. Кӕд ӕй сӕхӕдӕг сӕрмагондӕй нӕ кастысты, уӕддӕр ис ахӕм адӕймӕгтӕ, кӕцытӕн Библийы тыххӕй ис бӕрӕг цӕстӕнгас. Кӕд уыдон разы сты йӕ литературон ӕмӕ историкон ахсджиагдзинадыл, уӕддӕр сӕ фӕнды зонын: йӕ бон куыд у чиныгӕн, кӕцы фыст ӕрцыд мин азты размӕ, сбӕззын нырыккон дунейы? Мах цӕрӕм «информацийы ӕнусы». Зын нӕу иуыл ногдӕр информаци райсын цӕугӕ цаутӕ ӕмӕ технологийы тыххӕй. Абоны царды ӕппӕт зын фарстытӕн дӕр нӕ бон у ӕнцонӕй райсын ӕцӕг зондджын дзуапп. Цымӕ Библийы ӕцӕгдӕр ис ахӕм информаци, кӕцы абон пайдаджын у?

Ацы брошюрӕ бацархайдзӕн ахӕм фарстытӕн дзуапп раттыныл. Йӕ нысан уый мидӕг нӕй, цӕмӕй дын динон цӕстӕнгас кӕнӕ уырнындзинад тыххӕй бахъара, фӕлӕ дын фенын кӕна, историйыл бандавӕг чиныг, Библи, кӕй у дӕ хъусдарды аккаг. Иу отчет, кӕцы мыхуыр ӕрцыд 1994 азы, бафиппайдта, зӕгъгӕ, иуӕй-иу зынгӕ рухсады архайджыты уырны, Библи ныгуылӕйнаг культурӕйы ахӕм арф уидӕгтӕ кӕй ауагъта, ӕмӕ «кӕцыфӕнды адӕймаг дӕр уырнӕг ӕви нӕ, кӕцы нӕу зонгӕ Библийы ахуырӕдтӕ ӕмӕ хъусинӕгтимӕ, у культурон ӕгъдауӕй фӕстӕзад»2.

Чи зоны, ацы публикаци куы бакӕсай, уый фӕстӕ сразы уай, адӕймаг уырнӕг у ӕви нӕ, уымӕ нӕкӕсгӕйӕ, Библи кӕй у ахӕм чиныг кӕцыйы иуыл къаддӕр хъӕуы кӕсын.

[Рамкӕ/Ныв 3 фарсыл]

«Мӕ духовон рухсадӕн ӕз хӕсджын дӕн ӕрмӕстдӕр чиныгӕн, кӕцыйы бакастӕн. Чиныгӕн? О, уый у зӕронд, хуымӕтӕг чиныг, ӕнӕсӕрыстыр ӕрдзау ӕмӕ ӕрдзау иугъӕдон... ӕмӕ [уыцы чиныг] хуыйны „чиныг“ — „Библи“» (Генрих Гейне, XIX ӕнусы немыцаг фыссӕг)3.