Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Чи у Иегъовӕ?

Чи у Иегъовӕ?

АНРИ МУО, XIX ӕнусы французаг иртасӕг, Камбоджӕйы тархъӕдыл (джунглийыл) цӕугӕйӕ, бахӕццӕ, йӕ алыварс донӕй йедзаг фӕтӕн къанау кӕмӕн уыд, ахӕм кувӕндонмӕ. Уый уыд Ангкор-Ват — зӕххыл ӕппӕты стырдӕр динон цыртдзӕвӕн. Муо нӕ дызӕрдыг кодта, хъуына кӕуыл сбадти, уыцы агъуыст адӕймаджы арӕзт кӕй уыд, ууыл. Уый фыста: «Цавӕрдӕр рагон Микеланджелойы арӕзт, уый у, Греци кӕнӕ Ромы замантӕй цы цыртдзӕвӕнтӕ баззад, уыдонӕй ӕппӕты диссагдӕр». Кӕд ӕнусты дӕргъы уыцы диссаджы агъуыст ӕдзӕллаг уавӕры уыдис, уӕддӕр Муо нӕ дызӕрдыг кодта, чидӕр ӕй кӕй сарӕзта, ууыл.

Цымыдисаг у, цалдӕр ӕнусы размӕ фыст чи ӕрцыд, иу ахӕм зондджын чиныджы дӕр ахӕм хъуыды кӕй ис. Уым дзырдӕуы: «Алы хӕдзарӕн дӕр ис аразӕг, ӕппӕт саразӕг та у Хуыцау» (Дзуттытӕм 3:4). Фӕлӕ чи зоны исчи зӕгъа: «Ӕрдз цы сарӕзта ӕмӕ адӕймаг цы сарӕзта, уымӕн абарӕн нӕй». Фӕлӕ ахуыргӕндтӕ се ’ппӕт ахӕм хъуыдыимӕ разы не сты.

Зӕгъӕм, Майкл Бихи, Лихайы университеты (Пенсильвани, АИШ) биохимийы адъюнкт-профессор, куы сразы, зӕгъгӕ, «биосистемӕтӕ ӕдзард объекттӕ не сты», уӕд ратта фарст: «Цымӕ удӕгас биосистемӕтӕ аразӕн ис?» Дарддӕр уый загъта, абон ахуыргӕндтӕ бӕрӕг нысанӕн пайдагӕнгӕйӕ, удӕгас организмты зынгӕ ивындзинӕдтӕ кӕй аразынц, зӕгъӕм генты инженерийы методтӕ. О, куыд цардӕгас, афтӕ ӕдзард буӕрттӕ дӕр ис «аразӕн»! Удӕгас чырӕгтӕм кӕсгӕйӕ, Бихи дзуры, сӕ хицӕн хӕйттӕ ӕрмӕстдӕр иннӕтимӕ ӕнгом ӕмархайды кӕмӕн кусынц, ахӕм вазыгджын системӕтыл. Ахуыргонд цавӕр хатдзӕг скодта? «Чырӕг лӕмбынӕг иртасыны фӕстиуджытӕ, ома цард молекулярон ӕмвӕзадыл иртасыны фӕстиуджытӕ, бӕлвырдӕй ӕмӕ ӕргомӕй дзурынц сфӕлдыстады фӕндыл

Уӕдӕ ӕппӕт уыцы вазыгджын системӕтӕ Чи сарӕзта?

Чи сӕ сарӕзта?

Дзуапп ссарӕн ис, уӕлдӕр цитатӕ кӕцӕй ӕрхастам, уыцы рагон зондджын чиныджы — Библийы. Йӕ райдайӕн ныхӕстӕ хуымӕтӕгӕй ӕмӕ бӕлвырдӕй дзуапп дӕттынц, алцыдӕр чи сарӕзта, уыцы фарстӕн: «Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх» (Уӕвынад 1:1).

Цӕмӕй Сфӕлдисӕг хицӕн кӕна, адӕм цы хуыцӕутты ӕрхъуыды кодтой, уыдонӕй, уый тыххӕй йӕхи хоны, ӕрмӕст уымӕн чи ис, уыцы номӕй: «Афтӕ дзуры Иегъовӕ Хуыцау, ӕрвтӕ чи скодта... зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уый чи сфӕлдыста, йӕ уӕлӕ цӕрджытӕн цард чи ратта, уый» (Исай 42:5, 8, АМТ). Иегъовӕ у Хуыцауы ном, Дун-дуне ӕмӕ Зӕххыл адӕмы чи сфӕлдыста, уый. Фӕлӕ чи у Иегъовӕ? Цавӕр Хуыцау у? Ӕмӕ йӕм ды цӕмӕн хъуамӕ хъусай?

Цы нысан кӕны йӕ ном

Фыццаджыдӕр равзарӕм, цы нысан кӕны Сфӕлдисӕджы ном Иегъовӕ. Хуыцауы ном фыст у цыппар дзуттаг дамгъӕйӕ (יהוה) ӕмӕ Библийы Дзуттаг Фыстыты ӕмбӕлы иу-7 000 хатты. Ацы ном у дзуттаг мивдисӕг хавахʹ («суын»)-ы формӕ ӕмӕ нысан кӕны «Уый уӕвын кӕны», ома Иегъовӕ зондджындзинад ӕвдисгӕйӕ свӕййы, йӕ фӕндон сӕххӕст кӕныны тыххӕй чи хъуамӕ уа, уый. Йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕныны тыххӕй уый свӕййы Сфӕлдисӕг, Тӕрхонгӕнӕг, Ирвӕзынгӕнӕг, нӕ цард Хъахъхъӕнӕг ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Уымӕй уӕлдай ма, ном «Иегъовӕ» цы дзуттаг мивдисӕгӕй равзӕрд, уый амоны нырыккон афоны архайдмӕ. Уый ӕвдисы, Иегъовӕ дарддӕр дӕр кӕй ӕххӕст кӕны йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ. Уый у удӕгас Хуыцау!

Иегъовӕйы сӕйраг миниуджытӕ

Библи Сфӕлдисӕджы, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ӕххӕстгӕнӕджы, ӕвдисы тынг зӕрдӕмӕдзӕугӕйӕ. Иегъовӕ йӕхӕдӕг раргом кодта йӕ сӕйраг миниуджытӕ: «Иегъовӕ, Иегъовӕ, адӕймагуарзаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау, уый тагъд нӕ кӕны мӕсты кӕнынмӕ, йӕ хорзӕх ӕмӕ йӕ ӕцӕгад сты бирӕ, мыггагӕй-мыггагмӕ хорзӕхджын кӕны, ӕнӕзакъондзинад, фыдракӕнд ӕмӕ тӕригъӕд хатыр кӕны» (Рацыд 34:6, 7, АМТ). Иегъовӕ ӕвдыст у хорзӕхджын Хуыцауӕй. Ам цы дзуттаг дзырдӕй пайда кӕнынц, уый ма ратӕлмацгӕнӕн ис «иузӕрдион уарзондзинадӕй». Йӕ ӕнусон фӕнд ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Иегъовӕ дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй йӕ уарзондзинад ӕвдисы йе сфӕлдыстадмӕ. Ахӕм уарзондзинадӕн нӕ аргъ кӕнис?

Иегъовӕ тагъд нӕ кӕны мӕсты кӕнынмӕ ӕмӕ цӕттӕ у нӕ рӕдыдтытӕ ныххатыр кӕнынмӕ. Куыд ӕхсызгон у, дӕ фарсмӕ куы уа, дӕ рӕдыдтытӕм дын чи нӕ кӕсы, фӕлӕ дын сӕ ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ чи у, уый. Фӕлӕ уый нӕ нысан кӕны, Иегъовӕ тӕригъӕдмӕ йӕ цӕстытӕ кӕй ӕхгӕны. Уый загъта: «Ӕз, Иегъовӕ, уарзын рӕстдзинад; ӕнӕуынон мын у къӕрныхдзинад ӕмӕ тыхми» (Исай 61:8, АМТ). Иегъовӕ рӕстдзинады Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ӕнустӕм нӕ кӕсдзӕн фыдгӕнӕг, ӕнӕфсарм тӕригъӕдджынтӕм. Уымӕ гӕсгӕ мах фидарӕй уырны, Иегъовӕ йе снысангонд рӕстӕджы дунейы ӕнӕрӕстдзинадӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн.

Иу рӕстӕджы уарзондзинад ӕмӕ рӕстдзинад ӕвдисынӕн хъӕуы зондджындзинад. Уыцы миниуджытӕ Иегъовӕ диссаджы хуызы ӕвдисы йӕ ахастыты махимӕ (Ромӕгтӕм 11:33—36). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Сфӕлдисӕджы зондджындзинад бӕрӕг у алы ран дӕр. Суанг ма йыл дзурынц ӕрдзы диссӕгтӕ дӕр (Псалом 103:24; Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:19).

Фӕлӕ ӕрмӕст зондджындзинад фаг нӕу. Цӕмӕй Сфӕлдисӕг йӕ фӕндон сӕххӕст кӕна, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ уа стыр тых. Ӕмӕ Библи куыд дзуры, уымӕ гӕсгӕ уый у тынг тыхджын: «Уӕ цӕстытыл ма схӕцут уӕлӕрвты бӕрзӕндтӕм, ӕмӕ скӕсут, чи сӕ сфӕлдыста? Чи кӕны уыцы ӕфсад нымадӕй? Уыдон иууылдӕр Уый зоны сӕ нӕмтӕй: йе стыр хъомыс ӕмӕ йӕ стыр тыхы руаджы Уымӕй ницы фӕхъӕуы» (Исай 40:26). Иегъовӕмӕ ӕцӕгӕй дӕр ис «стыр тых», цӕмӕй сӕххӕст кӕна йӕ фӕндон. Иегъовӕмӕ ахӕм миниуджытӕ кӕй ис, уый дӕ нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй дын йемӕ ӕнгом ахастытӕ уа?

Иегъовӕйы зонын цы пайда у

Иегъовӕ «[зӕхх] дзӕгъӕлы не сфӕлдыста, Уый йӕ скодта», цӕмӕй йыл цӕрой, йемӕ хорз ахастытӕ кӕмӕн ис, уыцы адӕм (Исай 45:18; Уӕвынад 1:28). Уый ауды йӕ зӕххон сфӕлдисондтыл. Уый адӕймагадӕн сарӕзта дзӕнӕт, адӕм та йӕ фесӕфтой, ӕмӕ Иегъовӕ ууыл тынг смӕсты. Фӕлӕ Иегъовӕ растдӕр йӕ номы нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ сӕххӕст кӕндзӕн йӕ фӕндон адӕм ӕмӕ зӕххы тыххӕй (Псалом 113:24; Раргомад 11:18). Чи йӕм хъуса, уыдонӕн Уый ногӕй скӕндзӕн зӕххон Дзӕнӕт (Фӕсномыг ныхӕстӕ 8:17; Матфейы 5:5).

Библийы фӕстаг чиныг ӕвдисы, Дзӕнӕты цавӕр цард уыдзӕн, уый: «Ныссӕрфдзӕн Хуыцау алы цӕстысыг сӕ цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн; уымӕн ӕмӕ раздӕрыон аивгъуыдта» (Раргомад 21:3, 4). Уый уыдзӕн ӕцӕг цард, ӕмӕ Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ды дӕр афтӕ цӕрай. Нӕ уӕларвон Фыд цӕй хӕларзӕрдӕ у! Нӕ дӕ фӕнды фылдӕр базонын Хуыцауы тыххӕй дӕр ӕмӕ дӕ Дзӕнӕты цӕрынӕн цы хъӕуы, уый тыххӕй дӕр?

Дзуттаг Фыстыты цитатӕтӕ тӕлмац сты уырыссаг ӕвзагыл уагъд Синодалон тӕлмацӕй; Грекъаг Фыстытӕ ӕмӕ Псалтиры цитатӕтӕ ист сты «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир»-ӕй, 1994 аз. Ӕндӕр тӕлмац: АМТ — архимандрит Макарийы тӕлмац, уырыссаг ӕвзагыл.