Мӕ маст куыд сфӕразон?
«АФТӔ ӕнхъӕлдтон, ӕмӕ цыфӕндыйӕ дӕр хъуамӕ мӕхиуыл хӕцыдаин»,– дзуры Майк, йӕ фыд куы амард, уыцы рӕстӕджы тыххӕй. Нӕлгоймагӕн, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕвдисын сӕрмӕхӕссинаг хъуыддагыл нӕ нымадта. Фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр бамбӕрста, раст кӕй нӕ уыд. Ӕмӕ стӕй йе ’мбалӕн йӕ фыдыфыд куы амард, уӕд зыдта, цы кӕнын ӕй хъӕуы, уый. Майк зӕгъы: «Иу-дыууӕ азы размӕ йын йе уӕхск ӕрхостаин ӕмӕ йын загътаин: „Лӕг дӕ, ӕмӕ фидар фӕлӕуу“. Фӕлӕ йын ныр йӕ цонгмӕ бавнӕлдтон ӕмӕ йын загътон: „Дӕ зӕрдӕ дын куыд дзуры, афтӕ кӕн. Уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн. Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй ацӕуон, уӕд ацӕудзынӕн. Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй баззайон, уӕд баззайдзынӕн. Фӕлӕ ӕрмӕст дӕ маст дӕ зӕрдӕйы ма дар“».
Мэри-Эннӕн дӕр йӕ лӕг куы амард, уӕд ӕм афтӕ каст, ӕмӕ хъуамӕ йӕ ӕнкъарӕнтӕ ӕргом ма ӕвдиса. «Адӕмы цӕстмӕ мӕхи фидар кодтон, ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы маст ӕддӕмӕ не ’вдыстон,– дзуры Мэри-Энн.– Мӕхӕдӕг алкӕмӕн ныфсытӕ ӕвӕрдтон, фӕлӕ фӕстагмӕ бамбӕрстон, уый мын мӕ хъарутӕ цы байста, ӕндӕр ницы. Бирӕ фӕхъуыды кодтон, ӕмӕ мӕхицӕн загътон: „Кӕд дӕм кӕуын цӕуы, уӕд ку. Дӕхицӕй хъӕбатыр ма араз. Дӕ зӕрдӕйы тыппыртӕ суадз, ӕмӕ дын фенцондӕр уа“».
Майк дӕр ӕмӕ Мэри-Энн дӕр зӕгъынц: «Маст кӕй кӕнут, уымӕй ӕфсӕрмы ма кӕнут!» Ӕмӕ мӕнгӕй ницы зӕгъынц. Цӕуылнӕ? Адӕймаг йӕ маст йӕ мидӕг куы дара, уӕд ын нӕ фенцондӕр уыдзӕн. Фӕлӕ йӕ ӕргом куы ’вдиса, уӕд йӕ зӕрдӕ фӕрогдӕр уыдзӕн. Уӕдӕ дӕ маст дӕ мидӕг куы нӕ дарай, стӕй, зианджын кӕй фӕмаст кӕны, уым ӕвзӕрӕй кӕй ницы ис, уый куы ӕмбарай, уӕд дын бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм рӕстӕг иууылдӕр сӕхи иухуызон нӕ фӕдарынц. Стӕй зианджыны зӕрдӕ куыд тынг фӕриссы, уый ма кӕнгӕ вӕййы, адӕймаг ӕнӕнхъӕлӕджы амард ӕви хуысгӕ рынчын бирӕ рӕстӕг фӕци, уымӕй дӕр. Фӕлӕ иу хъуыддаг у бӕлвырд: дӕ маст дӕ мидӕг куы дарай, уӕд уый ӕвзӕрырдӕм фӕзындзӕн де ’нӕниздзинадыл дӕр ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы уагыл дӕр. Бирӕ хуыздӕр дын уыдзӕн, дӕ зӕрдӕйы маст куы суадзай, уӕд. Фӕлӕ куыд? Уый фӕдыл Библийы ис цалдӕр хорз уынаффӕйы.
Дӕ зӕрдӕйы рыст цӕй фӕрцы фӕрогдӕр уыдзӕн?
Искӕимӕ куы аныхас кӕнай, уӕд дын фенцондӕр уыдзӕн. Раджы заман Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Иовӕн йӕ дӕс сывӕллоны куы фӕмард сты, стӕй ма йыл ӕндӕр бӕллӕхтӕ дӕр куы ’рцыд, уӕд загъта: «Мӕ цард мӕ удӕн сӕнад. Мӕхиуыл фӕхъарджытӕ кӕндзынӕн [дзуттагау «суӕгъд кӕндзынӕн», ома мӕ маст], мӕ рыстзӕрдӕйӕ дзурдзынӕн!» (Иов 1:2, 18, 19; 10:1). Иов йӕ маст йӕ мидӕг уромын нал фӕрӕзта. Хъуамӕ йӕ «суӕгъд кодтаид», хъуамӕ йӕ «дзырдтаид». Ахӕм хъуыды ма загъта англисаг драматург Шекспир дӕр йӕ уацмыс «Макбет»-ы: «Дӕ маст ыскал, дӕ зӕрдӕйы йӕ ма дар, дӕ зӕрдӕ дын кӕннод ыскӕрддзӕни цыргъ кардау».
Уӕдӕ, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дӕ «ӕцӕг ӕмбалӕн» – лӕмбынӕг дӕм чи байхъусдзӕн ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕйы рыст чи бамбардзӕн, уымӕн, куы радзурай, уӕд дын фенцондӕр уыдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 17:17). Адӕймаг, йӕ зӕрдӕ цӕуыл фӕриссы ӕмӕ йын ӕнцой цы нӕ фӕдӕтты, уыдӕттӕ искӕмӕн куы радзуры, уӕд йӕхӕдӕг дӕр йӕхи хуыздӕр бамбары ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъуаджы нал фӕриссын кӕны. Кӕимӕ ныхас кӕнай, уымӕн кӕд йӕхиуыл дӕр зиан ӕрцыд ӕмӕ йӕ йӕ бон сфӕразын баци, уӕд дын, чи зоны, йӕ уынаффӕтӕй искӕцытӕ баххуыс кӕной. Иу сылгоймагӕн йӕ сывӕллон куы амард, уӕд аныхас кодта, уымӕй раздӕр ахӕм бӕллӕх кӕуыл ӕрцыд, ӕндӕр ахӕм сылгоймагимӕ. Ӕмӕ йын уый куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй зӕгъы: «Мӕныл цы зиан ӕрцыд, ахӕм зиан ма кӕуылдӕр кӕй ӕрцыд, ӕмӕ уыцы адӕймагмӕ дарддӕр цӕрынӕн, стӕй истытӕ аразынӕн хъару кӕй разынд, уый куы базыдтон, уӕд мӕ уый ныфс бауагъта».
Фӕлӕ дӕ зӕрдӕйы цы ис, ууыл дзурын дӕ бон куы нӕ уа, уӕд та? Саул ӕмӕ Ионафан куы амардысты, уӕд сыл Давид скодта, зӕрдӕ чи агайы, ахӕм хъарӕг. Фӕстӕдӕр уыцы хъарӕг фыст ӕрцыд Библийы, 2 Самуилы чиныджы, ӕмӕ йӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд бамбарӕм, Давид цы стыр маст ӕмӕ рыст бавзӕрста, уый (2 Самуилы 1:17–27; 2 Азфыстыты 35:25). Абон дӕр бирӕтӕн фенцондӕр вӕййы, сӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ гӕххӕттыл куы фӕфыссынц, уӕд. Иу идӕдз сылгоймаг радзырдта, йе ’нкъарӕнтӕ-иу гӕххӕттыл кӕй ныффыста, ӕмӕ-иу стӕй йӕ фыстытӕ цалдӕр боны фӕстӕ кӕй бакаст. Уый йын тынг баххуыс кодта.
Де ’нкъарӕнтӕ гӕххӕттыл куы фыссай кӕнӕ сыл искӕимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд дӕ зӕрдӕйы рыст сабырдӕр кӕндзӕн. Уый фӕрцы ма бамбардзынӕ, уымӕй размӕ кӕронмӕ цы не ’мбӕрстай, уыдӕттӕ дӕр. Йӕ сывӕллон кӕмӕн амард, иу ахӕм сылгоймаг радзырдта: «Нӕ лӕгимӕ иу ӕмӕ дыууӕ ахӕм хабары нӕ фехъуыстам, зӕгъгӕ, лӕг ӕмӕ усӕн сӕ сывӕллон амард, ӕмӕ ахицӕн сты. Мах нӕ фӕндыд, цӕмӕй махыл дӕр ахӕм бон акодтаид. Уымӕ гӕсгӕ-иу кӕрӕдзимӕ мӕсты кӕнын ӕмӕ кӕрӕдзи аххосджын кӕнын куы райдыдтам, уӕд-иу уайтагъд аныхас кодтам ӕмӕ-иу ӕрсабыр стӕм. Мӕнмӕ гӕсгӕ, уыцы рӕстӕг кӕрӕдзимӕ тынгдӕр баввахс стӕм». Уӕдӕ ӕргом куы ныхас кӕнат, уӕд ӕмбардзыстут, ӕмӕ кӕд уӕ дыууӕйӕн дӕр уӕ зӕрдӕ риссы, уӕддӕр уӕ алчидӕр йӕхирдыгонау маст кӕны – чи куыд ахуыр у, афтӕ.
Нӕ зӕрдӕйы рыст ма нын ӕрсабыр кӕндзысты цӕссыгтӕ дӕр. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «ис рӕстӕг кӕуынӕн» (Екклесиаст 3:1, 4). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм рӕстӕг вӕййы, исчи нын куы амӕлы, уӕд. Адӕймаг кӕугӕ куы фӕкӕны, уӕд ын йӕхимӕ ӕрцӕуын бирӕ ӕнцондӕр вӕййы.
Иу чызг радзырдта, йӕ мад куы амард, уӕд ын йе ’ввахс ӕмбал куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй: «Ме ’мбал ӕдзух уыд мӕ фарсмӕ. Мемӕ куыдта. Мемӕ ныхас кодта. Мӕ зӕрдӕйы Ромӕгтӕм 12:15.) Кӕуын худинаг нӕу. Библийы кӕй кой ис, уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕй ӕмӕ сылгоймӕгтӕй дӕр бирӕтӕ хатт иннӕты раз куыдтой. Зӕгъӕм, Йесо Чырыстийӕн дӕр адӕмы ’хсӕн йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты (Райдиан 50:3; 2 Самуилы 1:11, 12; Иоанны 11:33, 35).
рыст мӕ ӕмбӕхсын нӕ хъуыд, ӕмӕ мын уый тынг баххуыс кодта. Йӕ разы кӕуын не ’фсӕрмы кодтон». (КӕсАдӕймагӕн йе ’нкъарӕнтӕ кӕцырдӕм фӕуыдзысты, уый хатт йӕхӕдӕг дӕр нӕ фӕзоны. Кӕуын куыд райдайы, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕны. Иу идӕдз ус дзуры, дуканийы-иу истытӕ куы ӕлхӕдта (дуканимӕ-иу йӕ лӕгимӕ арӕх цыдысты), уӕд-иу хатт йӕ цӕссыгтӕ кӕй ӕргӕр-гӕр кодтой, уӕлдайдӕр та-иу, йӕ лӕг цы хӕринӕгтӕ уарзта, уыдонмӕ куы фӕцӕйӕвнӕлдта, уӕд. Дӕхицӕй ӕгӕр бирӕ ма дом. Стӕй дӕм афтӕ ма кӕсӕд, ӕмӕ кӕуын худинаг у. Рох дӕ ма уӕд, рыстзӕрдӕ адӕймаг кӕуа, уым диссагӕй кӕй ницы ис.
Цы ис саразӕн, дӕхи куы аххосджын кӕнай, уӕд?
Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй иуӕй-иутӕ, сӕ хиуӕттӕй исчи куы амӕлы, уӕд сӕхи фӕаххосджын кӕнынц. Ӕвӕццӕгӕн, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иаков дӕр уый тыххӕй маст кодта, йӕ уарзон хъӕбулӕй йын афтӕ куы загътой, зӕгъгӕ йӕ «хъӕддаг сырд бахордта», уӕд. Иаков йӕхӕдӕг арвыста Иосифы йе ’фсымӕрты бабӕрӕг кӕнынмӕ. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕхи хордта ӕмӕ хъуыды кодта: цӕмӕн ӕй арвыстон иунӕгӕй? Хъӕддаг сырдтӕ кӕм ис, ахӕм ранмӕ йӕ куыд арвыстон? (Райдиан 37:33–35).
Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ хион кӕй амард, уый дӕу аххос дӕр у, афоныл исты куы сарӕзтаин, уӕд ма абон дӕр ӕгас уыдаид, зӕгъгӕ. Исчи куы амӕлы, уӕд йӕ хиуӕттӕ сӕхи фӕаххосджын кӕнынц, аххосджын куы нӕ вӕййынц, уӕд дӕр. Уӕдӕ адӕймаг куы базоны, ӕмӕ зианджынтӕн сӕ фылдӕр афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, уӕд ын ӕрмӕст уымӕй дӕр фенцон вӕййы. Ӕмӕ ацы хъуыддаджы дӕр ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй уыцы хъуыдытӕ дӕ зӕрдӕйы ӕмбӕхстӕй дарай. Дӕхи аххосджын кӕй кӕныс, уый искӕмӕн куы радзурай, уӕд дын бирӕ фенцондӕр уыдзӕн.
Фӕлӕ хъӕуы бамбарын, адӕймаджы цасфӕнды ма уарзӕм, уӕддӕр ын йӕ алы къахдзӕф хъахъхъӕнын нӕ бон нӕу, стӕй, «кӕд Екклесиаст 9:11). Уымӕй уӕлдай дӕ йе ’взӕр нӕ фӕндыд. Зӕгъӕм, дохтырмӕ йӕ афоныл кӕй нӕ акодтай, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фӕрынчын уыдаид кӕнӕ амардаид, уый дӕ фӕндыд? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Уӕдӕ, кӕй амард, уый дӕ аххос у? Нӕу!
кӕуыл цы ’рцӕудзӕн», уый ничи зоны, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ ӕнӕнхъӕлӕджы бӕллӕхӕй дӕр нӕ бахиздзыстӕм (Йӕ чызг аварийы кӕмӕн фӕмард, иу ахӕм сылгоймаг дӕр йӕхи аххосджын кодта. Фӕлӕ уыцы хъуыдытӕй йӕ бон фервӕзын баци. Мӕнӕ цы зӕгъы: «Мӕхи хордтон, цӕмӕн ӕй арвыстон, зӕгъгӕ. Фӕлӕ стӕй бамбӕрстон, раст кӕй нӕ уыдтӕн. Йӕ фыдимӕ йӕ цыдӕр хъуыддаджы фӕдыл кӕй арвыстон, уым ӕвзӕрӕй ницы уыд. Бӕллӕх ӕрцыд уыцы ӕвирхъау аварийы аххосӕй».
Чи зоны фӕхъуыды кӕныс: «Фӕлӕ ма мӕ цас цыдӕртӕ фӕндыд зӕгъын ӕмӕ саразын!». Фӕлӕ нӕ йӕ бон кӕмӕн у зӕгъын, ӕмӕ уыд алцӕмӕй ӕххӕст фыд, мад кӕнӕ сывӕллон? Библийы дӕр дзӕгъӕлы нӕй фыст: «Мах не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм. Ныхасӕй чи нӕ рӕдийы, уый та у алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаг» (Иаковы 3:2; Ромӕгтӕм 5:12). Уӕдӕ адӕймаджы фӕхъӕуы басӕттын, ӕххӕст кӕй нӕу, ууыл. «Фӕлтау»-тӕй ницыуал аивдзынӕ, дӕхицӕн зиан цы ӕрхӕссай, уый йеддӕмӕ.
Кӕд дӕхи аххосджын дзӕгъӕлы нӕ хоныс, уӕд ахъуыды кӕн, дӕхицӕн ныххатыр кӕнынӕн дын сӕйраджыдӕр цы баххуыс кӕндзӕн, ууыл – Хуыцау у хатыргӕнаг. Библийы фыст ис: «О Йагъ, ды адӕймагӕн йӕ рӕдыдтытӕм лӕмбынӕг куы кӕсис, уӕд чи бафӕразид, о Йегъовӕ? Ды ӕцӕгдӕр дӕ хатыргӕнаг» (Псалом 130:3, 4). Цы ’рцыд, уымӕн нал дӕр фӕстӕмӕ раздахӕн ис, нал дӕр аивӕн. Фӕлӕ дӕ бон у Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй дын дӕ рӕдыдтытӕ ныххатыр кӕна. Ӕмӕ уӕд цы? Кӕд нын Хуыцау ныфс ӕвӕры, нӕ рӕдыдтытӕ нын кӕй ныххатыр кӕндзӕн, уымӕй, уӕд дӕхӕдӕг дӕхицӕн хъуамӕ ма ныххатыр кӕнай? (Ӕмбисӕндтӕ 28:13; 1 Иоанны 1:9).
Цы ис саразӕн, куы мӕсты кӕнай, уӕд?
Мыййаг, мӕсты кӕныс дохтыртӕм, медицинон хотӕм, де ’мбӕлттӕм кӕнӕ, чи амард, суанг уымӕ дӕр? Рох дӕ ма уӕд, дӕ уавӕры уый дӕр диссаг кӕй нӕу. Ӕвӕццӕгӕн, зӕрдӕрыст кӕй дӕ, мӕсты дӕр уый тыххӕй кӕныс. Иу фыссӕг загъта: «Мӕсты кӕй кӕныс, уый куы ’мбарай – ома дӕ масты фӕдыл куы нӕ цӕуай, фӕлӕ дӕм ахӕм миниуӕг кӕй ис, уый куы зонай – уӕд дӕхи бахиздзынӕ, мӕсты кӕнын ӕнӕниздзинадӕн цы стыр зиан ӕрхӕссы, уымӕй».
Адӕймагӕн ма, чи зоны, фенцондӕр уа, мӕсты кӕй кӕны, уый искӕмӕн куы раргом кӕна, уӕд. Фӕлӕ куыд? Ома афтӕ нӕ, ӕмӕ искӕуыл йӕ пырх акала. Библи фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, адӕймагӕн йӕ маст бирӕ рӕстӕг куы ахӕсса, уӕд уый тӕссаг у (Ӕмбисӕндтӕ 14:29, 30). Фӕлӕ дӕ чи бамбардзӕн, ахӕм ӕмбалимӕ куы аныхас кӕнай, уӕд дӕ маст ӕрсабырдӕр уыдзӕн. Иуӕй-иутӕн та сӕ маст ӕрсабырдӕр вӕййы, се уӕнгтӕ куы азмӕлын кӕнынц, уӕд. (Кӕс ма Ефесӕгтӕм 4:25, 26.)
Кӕд ӕнкъарӕнтыл ӕргом дзурын хъӕуы, уӕддӕр, цы ӕмӕ куыд фӕдзурӕм, ууыл хъӕуы хъуыды кӕнын. Иу хъуыддаг у, дӕ зӕрдӕйы маст искӕмӕн радзурын, иннӕ хъуыддаг та – дӕ маст иннӕтыл акалын. Кӕй мӕсты кӕныс ӕмӕ дын дӕхиуыл хӕцын зын кӕй у, уый иннӕты аххос нӕу. Уымӕ гӕсгӕ, тызмӕгӕй дзурыны бӕсты, ӕмбаргӕ ныхас кӕн (Ӕмбисӕндтӕ 18:21). Ныр та аныхас кӕнӕм, ӕппӕты хуыздӕр дын цы баххуыс кӕндзӕн дӕ зӕрдӕйы рыстӕй фервӕзынӕн, ууыл.
Хуыцауы ӕххуыс
Библийы фыст ис: «Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны» (Псалом 34:18). Уӕдӕ Хуыцаумӕ ӕввахс куы уӕм, уӕд нын уымӕй хуыздӕр ницы баххуыс кӕндзӕн нӕ хионы мӕлӕт сфӕразынӕн. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Ацы статьяйы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон ист сты Библийӕ кӕнӕ та арӕзт сты йӕ уагӕвӕрдтыл. Уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайай, уӕд дӕ зӕрдӕйы рыст фӕрогдӕр уыдзӕн.
Стӕй рох кӕнын нӕ хъӕуы, куывдӕн цы стыр тых ис, уый дӕр. Библи нын дзуры: «Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр, ӕмӕ дын уый баххуыс кӕндзӕн» (Псалом 55:22). Дӕ хорз ӕмбалимӕ кӕй аныхас кӕныс, уый дын кӕд баххуыс кӕны, уӕд дын цас тынгдӕр баххуыс кӕндзӕн, дӕ зӕрдӕ «удӕнцойдӕттӕг Хуыцауӕн» куы раргом кӕнай, уый! (2 Коринфӕгтӕм 1:3).
Фӕлӕ хъуыддаг уый мидӕг нӕй, ӕмӕ кӕй скувӕм, уый фӕрцы нын фенцондӕр вӕййы. «Куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау» йӕ лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ ӕвӕры, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ йӕм куы кувой, уӕд сын йӕ сыгъдӕг тых кӕй ратдзӕн (Псалом 65:2; Лукайы 11:13). Ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых та, ома йӕ архайгӕ тых, мах алы бон дӕр хайджын кӕндзӕн, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ» (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Макуы дӕ уӕд рох: Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн цыфӕнды зындзинад сфӕразынӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн.
Йӕ чызг кӕмӕн амард, иу ахӕм сылгоймаг радзырдта, уыцы уӕззау рӕстӕг йӕ лӕгимӕ Хуыцаумӕ кӕй куывтой, уый сын куыд баххуыс кодта: «Ӕхсӕвы-иу нӕ зӕрдӕйы рыст уромын нӕ бон куы нал уыд, уӕд-иу иумӕ хъӕрӕй куывтам. Райдианы нӕ цыдӕртӕ фыццаг хатт ӕнӕ уымӕй кӕнын куы хъуыди – фыццаг хатт ӕмбырдмӕ ацӕуын, фыццаг хатт конгресмӕ ацӕуын – уӕд-иу Хуыцауӕй хъарутӕ куырдтам. Райсомӕй-иу куы райхъал стӕм, ӕмӕ-иу нӕ чызг нӕ зӕрдыл куы ’рбалӕууыд, уӕд-иу нӕ сӕрра кӕнынмӕ бирӕ нал хъуыд. Ӕмӕ-иу уӕд Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтам, цӕмӕй нын баххуыс кодтаид. Уыцы рӕстӕг цӕйнӕфӕлтау хӕдзармӕ иунӕгӕй бацыдаин, фӕлтау мӕлӕтыл дӕр разы уыдтӕн. Ӕмӕ-иу иунӕгӕй искӕцӕй куы ’рбацыдтӕн, уӕд-иу къӕсӕргӕрон Хуыцаумӕ скуывтон, цӕмӕй-иу мын мӕ зӕрдӕ исты хуызы ӕрсабыр кодтаид». Ацы иузӕрдион сылгоймаг ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕны, сӕхимӕ сӕйраджыдӕр уыцы куывдтыты фӕрцы кӕй ӕрцыдысты. Ды дӕр ӕдзух Хуыцаумӕ куы кувай, уӕд дӕхиуыл бавзардзынӕ, Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн дын дӕ зӕрдӕ ӕмӕ дӕ зонд куыд хъахъхъӕны, уый (Филиппӕгтӕм 4:6, 7; Ромӕгтӕм 12:12).
Хуыцауы ӕххуысы фӕрцы адӕймаг ӕцӕгдӕр йӕхимӕ ӕрцӕуы. Апостол Павел ныффыста, зӕгъгӕ нын Хуыцау «удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр, цӕмӕй... махӕн дӕр нӕ бон уа иннӕтӕн цыфӕнды зындзинады дӕр удӕнцой дӕттын». Хуыцау нын нӕ зӕрдӕйы рыст ӕвиппайды не ’рбайсафы, фӕлӕ нын тых ратты уыцы рыст сфӕразынӕн. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ныр нал кӕудзынӕ кӕнӕ, чи амард, уый ферох кӕндзынӕ. Фӕлӕ дӕм цӕрынӕн тыхтӕ фӕзындзӕн. Ӕмӕ уый дӕ бон куы суа, уӕд стӕй дӕхӕдӕг дӕр ӕххуыс кӕндзынӕ, дӕуыл цы зиан ӕрцыд, ахӕм зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ хуыздӕр ӕмбардзынӕ ӕмӕ сын тынгдӕр тӕригъӕд кӕндзынӕ (2 Коринфӕгтӕм 1:4).