Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

УӔЛӔМХАСӔН В

Библи ахуыр кӕнӕм чиныджы фӕрцы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!»

Библи ахуыр кӕнӕм чиныджы фӕрцы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!»

Ӕфсымӕртӕ бирӕ фӕкуывтой ӕмӕ лӕмбынӕг ахъуыды кодтой, чиныджы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» цавӕр ӕрмӕг уыдзӕн, ууыл. Дӕлдӕр цы уынаффӕтӕ ис, уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ацы чиныджы фӕрцы адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсай.

Библийы ахуыры размӕ

  1. 1. Дӕхи хорз бацӕттӕ кӕн. Дӕхи куы цӕттӕ кӕнай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн йӕ уавӕртыл, цы йӕ тыхсын кӕны ӕмӕ цӕуыл ӕууӕнды, ууыл. Ахъуыды-иу кӕн, зын бамбарӕн ын цы уыдзӕн кӕнӕ йын йӕ царды фӕивын зын цы уыдзӕн. Ахъуыды-иу кӕн, рубрикӕйы «Фылдӕр ӕрмӕг» цы статьятӕ ӕмӕ видеороликтӕ ис, уыдонӕй йын кӕцы баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ, куы хъӕуа, уӕд-иу дзы ахуыры рӕстӕг спайда кӕн.

Ахуыры рӕстӕг

  1. 2. Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый кӕд разы у, уӕд-иу ахуыры размӕ ӕмӕ ахуыры фӕстӕ скув.

  2. 3. Ӕгӕр бирӕ-иу ма дзур. Урочы цы ӕрмӕг ис, ӕрмӕстдӕр-иу ууыл дзур ӕмӕ-иу ахуыргӕнинаджы йӕ хъуыдытӕ дзурын уадз.

  3. 4. Ног хай ахуыр кӕнын куы райдайат, уӕд-иу бакӕс, уыцы хайӕ цы базондзӕн, уый ӕмӕ йын йӕ хъус ӕрдар иуӕй-иу урокты сӕргӕндтӕм.

  4. 5. Хай-иу куы фӕуат, уӕд-иу аныхас кӕнут, хайы кӕрон цы фарстатӕ ис, уыдоныл, цӕмӕй ахуыргӕнинаг йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна, цы базыдта, уый.

  5. 6. Алы урочы рӕстӕг дӕр-иу ахуыргӕнинагимӕ:

    1. а) Текст бакӕсут.

    2. б) «Бакӕс» фыст кӕм ис, уыцы стихтӕ-иу иууылдӕр бакӕсут.

    3. в) Куы хъӕуа, уӕд-иу бакӕсут иннӕ стихтӕ дӕр.

    4. г) Равдис ын, «Бакӕсут» фыст кӕм ис, уыцы видеороликтӕ иууылдӕр (кӕд дын уый фадат ис, уӕд).

    5. д) Алы фарстайыл дӕр аныхас кӕнут.

    6. е) Йӕ хъус-иу ын ӕрдар, рубрикӕйы «Фылдӕр базон» цы нывтӕ ис, уыдонмӕ ӕмӕ-иу ӕй йӕ хъуыдыйӕ бафӕрс.

    7. ж) «Дӕ нысан» чи хуыйны, уыцы рубрикӕйы фӕрцы ахуыргӕнинагӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй уына, цы йын бантыст, уый. Зӕгъ ын, йӕ бон кӕй у, урочы цы нысан ис, уымӕ тырнын кӕнӕ йӕ разы ӕндӕр нысан сӕвӕрын, йе та йӕ бон кӕй у дыууӕ нысанмӕ дӕр тырнын.

    8. з) Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый-иу бафӕрс, урокмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ рубрикӕйӕ «Фылдӕр базон» йӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцы статья кӕнӕ видеоролик фӕцыд.

    9. и) Архай, цӕмӕй-иу урок иу хаттӕн равзарат.

Ахуыры фӕстӕ

  1. 7. Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, ууыл-иу хъуыды кӕн. Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй йын йӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ӕххуыс кӕна, дӕуӕн та ӕмбаргӕдзинад дӕтта, цӕмӕй зонай, куыд ын ӕххуыс кӕнай, уый.