Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНЫН

11 УРОК

Ӕрмӕг хуымӕтӕгӕй ӕмбарын кӕн

Ӕрмӕг хуымӕтӕгӕй ӕмбарын кӕн

Уагӕвӕрд: «Уӕ ныхӕстӕ ӕнцонӕмбарӕн... уӕнт» (1 Кор. 14:9).

Йесо куыд бакодта?

1. Бакӕс ВИДЕОРОЛИКМӔ кӕнӕ бакӕс Матфейы 6:25–27. Уый фӕстӕ ахъуыды кӕн ацы фарстатыл:

  1.   а) Йесо куыд бамбарын кодта, Йегъовӕ ныл кӕй тыхсы, уый?

  2.  б) Кӕд Йесо мӕргъты тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ зыдта, уӕддӕр цавӕр хуымӕтӕг хъуыддаджы кой ракодта? Адӕмы афтӕ кӕй ахуыр кодта, уый хорз цӕмӕн уыд?

Йесойӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

2. Иннӕтӕн ӕрмӕг хуымӕтӕгӕй куы ’мбарын кӕнӕм, уӕд-иу ӕй хуыздӕр бахъуыды кӕндзысты ӕмӕ-иу сӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр бахъардзӕн.

Йесойы фӕзм

3. Ӕгӕр бирӕ-иу ма дзур. Адӕймагимӕ цы фарстайыл ныхас кӕныс, уый фӕдыл цы зоныс, уыдӕттӕ йын иууылдӕр ма радзур. Уый бӕсты йемӕ ныхас кӕн, урочы цы ’рмӕг ис, ууыл. Фарста йӕм куы раттай, уӕд банхъӕлмӕ кӕс, цалынмӕ дын дзуапп нӕ ратта, уӕдмӕ. Дзуапп куы нӕ зона кӕнӕ, цы зӕгъа, уый Библимӕ гӕсгӕ раст куы нӕ уа, уӕд ӕм уӕлӕмхасӕн фарстатӕ ратт. Сӕйраг хъуыды куы бамбара, уӕд иннӕ фарстамӕ рахиз.

4. Ахуыргӕнинагӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй, ногӕй цы базоны, уый-иу сбӕтта, цы зоны, уыимӕ. Зӕгъӕм, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл аныхас кӕныны размӕ йемӕ цыбыртӕй аныхас кӕн, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тыххӕй уымӕй размӕ цы базыдта, ууыл.

5. Цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй раст пайда кӕн. Цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕрхӕссыны размӕ-иу ахъуыды кӕн:

  1.   а) «Цымӕ хуымӕтӕг цӕвиттон у?»

  2.  б) «Ӕнцонтӕй йӕ бамбардзӕн?»

  3.  в) «Баххуыс ын кӕндзӕн, цӕмӕй сӕйраг хъуыды йӕ зӕрдыл бадара ӕви ӕрмӕстдӕр цӕвиттон бахъуыды кӕндзӕн?»

НОДЖЫДӔР МА БАКӔС