Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

13 УРОК

Мӕнг динтӕ Хуыцауы ном куыд ӕгад кӕнынц?

Мӕнг динтӕ Хуыцауы ном куыд ӕгад кӕнынц?

Кӕд Хуыцау уарзондзинад у, уӕд динтӕ Хуыцауы номӕй уыйбӕрц ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ цӕмӕн аразынц? Цыбыртӕй йӕ куы зӕгъӕм, уӕд уыцы динтӕ сты мӕнг. Уыдон Хуыцауы ном ӕгад кӕнынц. Цымӕ куыд? Хуыцау уымӕ цы цӕстӕй кӕсы? Ӕмӕ сын Хуыцау цы бакӕндзӕн?

1. Мӕнг динтӕ Хуыцауы ном сӕ ахуырӕдтӕй куыд ӕгад кӕнынц?

Мӕнг динтӕ «Хуыцауы рӕстдзинады бӕсты равзӕрстой мӕнгдзинад» (Ромӕгтӕм 1:25). Зӕгъӕм, динтӕн сӕ фылдӕр адӕмӕн Хуыцауы ном не ’ргом кӕнынц. Фӕлӕ Библийы фыст ис, Хуыцауы йӕ номӕй хонын кӕй хъӕуы (Ромӕгтӕм 10:13, 14). Исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд иуӕй-иу дины разамонджытӕ фӕзӕгъынц, уый Хуыцауы фӕндӕй ӕрцыд, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый мӕнг ныхас у. Хуыцау бӕллӕхты аххосджын никуы вӕййы. (Бакӕс Иаковы 1:13.) Хъыгагӕн, дины разамонджыты мӕнг ныхӕсты тыххӕй бирӕтӕн Хуыцауы уарзын зын у.

2. Мӕнг динтӕ Хуыцауы ном сӕ хъуыддӕгтӕй куыд ӕгад кӕнынц?

Дины разамонджытӕ адӕммӕ, Йегъовӕ сӕм цы зӕрдӕ дары, ахӕм зӕрдӕ нӕ дарынц. Уый бӕрӕг у сӕ хъуыддӕгтӕй. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, мӕнг динтӕн сӕ «тӕригъӕдтӕ суанг арвмӕ схӕццӕ сты» (Раргомад 18:5). Ӕнусты дӕргъы дины разамонджытӕ сӕхи политикӕйы хъуыддӕгты тъыстой ӕмӕ хӕстытӕн ӕххуыс кодтой. Уымӕй уӕлдай ма аххосджын сты тынг бирӕ адӕмы мӕлӕты. Иуӕй-иу дины разамонджытӕ уарзынц хъӕздыг цард кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй сӕ фӕдылдзӕуджытӕй ӕхца домынц. Ӕппӕт уыдӕттӕй бӕрӕг у, Хуыцауы кӕй нӕ зонынц, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ йӕ номӕй дзурыны ӕмӕ архайыны бар нӕй. (Бакӕс 1 Иоанны 4:8.)

3. Хуыцау мӕнг динтӕм цы цӕстӕй кӕсы?

Кӕд ды мӕнг динты хъуыддӕгтӕм мӕсты кӕныс, уӕд сӕм Йегъовӕ, дӕумӕ гӕсгӕ, нӕ мӕсты кӕны? Йегъовӕ адӕмы уарзы, фӕлӕ тынг мӕсты кӕны, йӕ ном ын чи ӕгад кӕны ӕмӕ сӕ фӕдылдзӕуджытӕн зиан чи хӕссы, уыцы дины разамонджытӕм. Йегъовӕ зӕгъы, мӕнг динтӕн се сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сӕ «никуыуал ничи ссардзӕн» (Раргомад 18:21). Тагъд Хуыцау мӕнг динтӕ иууылдӕр фесафдзӕн (Раргомад 18:8).

ФЫЛДӔР БАЗОН

Фылдӕр базон, Хуыцау мӕнг динтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй. Стӕй ма базон, мӕнг динтӕ цытӕ аразынц, фӕлӕ дӕ уый Йегъовӕйы хуыздӕр базонын цӕуылнӕ хъуамӕ бакъуылымпы кӕна.

4. Хуыцауы зӕрдӕмӕ динтӕ се ’ппӕт нӕ цӕуынц

Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ динтӕ сты алыхуызон фӕндӕгты хуызӕн ӕмӕ иууылдӕр Хуыцаумӕ кӕнынц. Цымӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у? Бакӕсут Матфейы 7:13, 14 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Цардмӕ цы фӕндаг кӕны, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?

Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Библимӕ гӕсгӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы динтӕ бирӕ сты?

5. Дины разамонджытӕ Хуыцауы уарзондзинад нӕ фӕзмынц

Мӕнг динтӕ Хуыцауы ном бирӕ цӕмӕйдӕрты ӕгад кӕнынц. Ӕвзӕрӕй цы аразынц, уыдонӕй иу у, хӕсты хъуыддӕгты кӕй архайынц, уый. Уымӕн иу цӕвиттон ис ацы видеороликы. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг дины разамонджытӕй бирӕтӕ цы арӕзтой?

  • Уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

Бакӕсут Иоанны 13:34, 35 ӕмӕ 17:16. Стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Дины разамонджытӕ хӕсты хъуыддӕгтӕн кӕй феххуыс кӕнынц, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?

  • Мӕнг динтӕ бирӕ ӕвзӕр хъуыддӕгты сты аххосджын. Сӕ хъуыддӕгтӕй кӕцытӕй у бӕрӕг, Хуыцау уарзондзинады тыххӕй цы фӕдзӕхст радта, уый кӕй не ’ххӕст кӕнынц?

Дины разамонджытӕ Хуыцауы уарзондзинад нӕ фӕзмынц

6. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй адӕм мӕнг динӕй рацӕуой

Бакӕсут Раргомад 18:4 a ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Хуыцау адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй мӕнг динӕй рацӕуой, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

7. Дарддӕр дӕр архай ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базоныныл

Раст уыдзӕн, мӕнг динты разамонджытӕ цы дзурынц ӕмӕ цы аразынц, уый тыххӕй Хуыцауӕй куы адард уай? Ахъуыды-ма кӕн ахӕм хабарыл: фырт йӕ фыды коммӕ нӕ кӕсы, хӕдзарӕй ацыд ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл бафтыд. Фыдӕн йӕ фырты митӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц. Цымӕ раст уаид, фырт ахӕм цард кӕй кӕны, уый тыххӕй фыды аххосджын кӕнын?

  • Раст уаид мӕнг динты хъуыддӕгты Йегъовӕйы аххосджын кӕнын ӕмӕ уый тыххӕй Библи ахуыр кӕнын ныууадзын?

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Алы дины дӕр хорзӕй цыдӕр ис».

  • Ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс?

  • Кӕд дины разамонджытӕй бирӕтӕ афтӕ дзурынц, ӕмӕ адӕмы хорзыл ахуыр кӕнынц, уӕд уыцы динтӕ се ’ппӕт Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуылнӕ цӕуынц?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Мӕнг динтӕ Хуыцауы ном ӕгад кӕнынц сӕ ахуырӕдтӕй ӕмӕ, цы ӕвирхъау хъуыддӕгтӕ аразынц, уыдонӕй. Хуыцау мӕнг динтӕ фесафдзӕн.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Мӕнг динтӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц ӕмӕ цытӕ аразынц, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

  • Йегъовӕ мӕнг динтӕм цы цӕстӕй кӕсы?

  • Хуыцау мӕнг динтӕн цы сараздзӕн?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, динтӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы зӕрдӕмӕ цавӕр дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй нӕ цӕуынц.

«Динтӕ иууылдӕр Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуынц?» (интернет-статья)

Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй йын иннӕтимӕ лӕггад кӕнӕм?

«Хуыцауӕн хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй иннӕтимӕ лӕггад кӕнон?» (интернет-статья)

Сауджынӕн йӕ дины йӕ зӕрдӕмӕ цыдӕртӕ нӕ цыд. Фӕлӕ уӕддӕр архайдта Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базоныныл.

«Сауджын йӕ аргъуан цӕмӕн ныууагъта?» (2015 азы февралы «Райхъал ут!», уырыссаг)

Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Хуыцау у ӕгъатыр ӕмӕ адӕмы мӕт нӕ кӕны, уымӕн ӕмӕ дины разамонджытӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ Хуыцауы тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ кӕнынц. Базон, уыцы мӕнг ныхӕстӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты.

«Бирӕтӕн Хуыцауы уарзын зын цӕмӕн у?» (2013 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

a Раргомады чиныджы мӕнг динтӕ сылгоймагимӕ (йӕ ном Стыр Вавилон) барст цӕмӕн цӕуынц, уый дӕ бон у базонын 1 уӕлӕмхасӕнӕй.