Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

25 УРОК

Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис?

Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис?

Библийы фыст ис, цард кӕй у «цыбыр ӕмӕ мастӕй дзаг» (Иов 14:1). Цымӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй цард ахӕм уа? Кӕд нӕ, уӕд ӕм адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис? Ӕмӕ уыцы фӕнд искуы сӕххӕст уыдзӕн? Ӕркӕсӕм-ма, Библийы ацы фарстатӕн цавӕр дзуапп ис.

1. Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ адӕм куыд хъуамӕ цӕрой?

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй амондджынӕй цӕрӕм. Хуыцау фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы, куы сфӕлдыста, уӕд сӕ ӕрцӕрын кодта дзӕнӕты, Едемы цӕхӕрадоны. Уый фӕстӕ сын «Хуыцау раарфӕ кодта ӕмӕ сын загъта: „Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут“» (Райдиан 1:28). Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй сын сывӕллӕттӕ уыдаид, ӕнӕхъӕн зӕххӕй дӕр дзӕнӕт сарӕзтаиккой ӕмӕ цӕрӕгойтӕм зылдаиккой. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй адӕм иууылдӕр ӕнӕниз уыдаиккой ӕмӕ ӕнустӕм цардаиккой.

Кӕд абон цард ахӕм нӕу a, уӕддӕр Хуыцауӕн йӕ фӕнд нӕ аивта (Исай 46:10, 11). Фӕнды йӕ, цӕмӕй, йӕ коммӕ чи кӕсы, уыцы адӕм зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрой. (Бакӕс Раргомад 21:3, 4.)

2. Абон дӕр амондджын ӕмӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы уыдзыстӕм?

Мах афтӕ конд стӕм, ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрын нӕ бон нӕу, ома нӕ фӕнды Хуыцауы зонын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын. (Бакӕс Матфейы 5:3–6.) Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йе ’ввахс хӕлӕрттӕ уӕм, йе ’ппӕт фӕндӕгтыл ын цӕуӕм, уарзӕм ӕй ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм (Дыккаг закъон 10:12; Псалом 25:14). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд амондджын уыдзыстӕм, зындзинӕдтыл куы ’мбӕлӕм, уӕд дӕр. Адӕймаг Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕна, уӕд йӕ цардӕй райгонд уыдзӕн.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, Йегъовӕ адӕмы кӕй уарзы, уый куыд зыны, зӕхх куыд сфӕлдыста, уымӕй. Стӕй ма базон, йӕ Ныхасы цы фыст ис, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый тыххӕй.

3. Йегъовӕмӕ адӕмы тыххӕй ис диссаджы фӕнд

Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Хуыцау зӕхх цӕмӕн сфӕлдыста?

Бакӕсут Екклесиаст 3:11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ацы стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис?

4. Йегъовӕйӕн йӕ фӕнд нӕ аивта

Бакӕсут Псалом 37:11, 29 ӕмӕ Исайы 55:11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ йӕ фӕнд кӕй нӕ аивта?

5. Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нӕ цардӕй райгонд уыдзыстӕм

Адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый куы зонӕм, уӕд амондджын уыдзыстӕм. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Терумийӕн цы пайда ӕрхаста, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый кӕй базыдта, уый?

Бакӕсут Екклесиаст 12:13 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Йегъовӕ нын бирӕ хорздзинӕдтӕ кӕй сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ нӕ хӕс цы у?

ИСЧИ ДӔ КУЫ БАФӔРСА: «Кӕд адӕм иууылдӕр мӕлгӕ кӕнынц, уӕд нӕ Хуыцау цӕмӕн сфӕлдыста?»

  • Цавӕр дзуапп ын раттис?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрӕм. Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕд абон дӕр амондджын уыдзыстӕм.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы цӕмӕн сфӕлдыста?

  • Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый кӕй нӕ фӕивта?

  • Амондджын цӕй фӕрцы уыдзынӕ?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, Едемы цӕхӕрадон ӕцӕгӕйдӕр кӕй уыд, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис.

«Едемы цӕхӕрадон. Ӕцӕг хабар у ӕви ӕрымысгӕ» (2011 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Базон, цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, зӕхх кӕй никуы фесӕфдзӕн.

«Цымӕ искуы зӕхх фесӕфдзӕн?» (интернет-статья)

Базон, Библимӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ аразай, цӕмӕй амондджын уай.

«Адӕймаг цӕмӕн цӕры?» (интернет-статья)

Иу нӕлгоймагмӕ афтӕ каст, ӕмӕ ӕппындӕр ницы цух у. Базон, царды йын цы нӕ фаг кодта, уый куыд ссардта.

«Ныр мӕ цард дзӕгъӕлы нал у» (3:55)

a Иннӕ урокӕй базондзынӕ, абон цард, Хуыцауы куыд фӕнды, ахӕм цӕуылнӕ у.