Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 хай дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

3 хай дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

Демӕ Библи чи ахуыр кӕны, уыимӕ ацы фарстатыл аныхас кӕнут:

  1. Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:11.

    • Йегъовӕйыл иузӕрдион уай, уый дӕ цӕмӕн фӕнды?

      (Кӕс 34 урок.)

  2. Цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл Библийы бӕлвырд закъон куы нӕ уа, уӕд дӕ бон куыд у раст уынаффӕ рахӕссын?

    (Кӕс 35 урок.)

  3. Дӕ бон куыд у алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын?

    (Кӕс 36 урок.)

  4. Бакӕс Матфейы 6:33.

    • Ацы уагӕвӕрд дын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕхца ӕмӕ куыстмӕ раст цӕстӕй кӕсай?

      (Кӕс 37 урок.)

  5. Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, ды дӕр цардӕн Йегъовӕйау кӕй аргъ кӕныс?

    (Кӕс 38 урок.)

  6. Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 15:29.

    • Хуыцау туджы тыххӕй цы закъон радта, уый дӕ бон куыд у ӕххӕст кӕнын?

    • Дӕумӕ гӕсгӕ, ацы закъон зын ӕххӕстгӕнӕн у?

      (Кӕс 39 урок.)

  7. Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 7:1.

    • Адӕймаг ӕнӕуи дӕр сыгъдӕг уа, стӕй йӕ уаг ӕмӕ йе ’гъдау дӕр сыгъдӕг уой, уый цы нысан кӕны?

      (Кӕс 40 урок.)

  8. Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10.

    • Искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуыны тыххӕй Библийы цы фыст ис? Уыимӕ разы дӕ?

    • Библийы нозты тыххӕй цы фыст ис?

      (Кӕс 41 ӕмӕ 43 уроктӕ.)

  9. Бакӕс Матфейы 19:4–6, 9.

    • Хуыцау бинонты цардӕн цавӕр ӕгъдау ӕрӕвӕрдта?

    • Чырыстӕттӕ-иу сӕ цард закъонмӕ гӕсгӕ цӕмӕн хъуамӕ баиу кӕной ӕмӕ-иу куы хицӕн кӕной, уӕд-иу уый дӕр закъонмӕ гӕсгӕ цӕмӕн хъуамӕ саразой?

      (Кӕс 42 урок.)

  10. Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цавӕр бӕрӕгбӕттӕ нӕ цӕуынц ӕмӕ цӕуылнӕ?

    (Кӕс 44 урок.)

  11. Бакӕс Иоанны 17:16 ӕмӕ Хъуыддӕгтӕ 5:29.

    • Дӕ бон куыд у ацы дунейы хъуыддӕгтӕй дӕхи хизын?

    • Хицӕуттӕ цы дзурынц, уый Хуыцауы закъоны ныхмӕ куы уа, уӕд куыд бакӕндзынӕ?

      (Кӕс 45 урок.)

  12. Бакӕс Марчы 12:30.

    • Дӕ бон куыд у ӕвдисын, Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый?

      (Кӕс 46 ӕмӕ 47 уроктӕ.)