Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

38 УРОК

Цардӕн аргъ кӕн

Цардӕн аргъ кӕн

Удӕгас кӕй стӕм, уый фӕрцы нӕ бон у бирӕ цыдӕртӕ аразын ӕмӕ цардыл цин кӕнын. Суанг зын уавӕрты дӕр цӕуылдӕрты фӕцин кӕнӕм. Цардӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Ӕмӕ йын сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм?

1. Цардӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм?

Цардӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ уый у нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕйы лӕвар. Йегъовӕ у «царды суадон» – удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ иууылдӕр уый сфӕлдыста (Псалом 36:9). «Алкӕмӕн дӕр йӕхӕдӕг дӕтты цард дӕр, улӕфт дӕр ӕмӕ алцыдӕр» (Хъуыддӕгтӕ 17:25, 28). Йегъовӕ нын дӕтты, цӕрынӕн нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Фӕлӕ ма нын уымӕй уӕлдай ноджыдӕр бирӕ цыдӕртӕ дӕтты, цӕмӕй нын цард циндзинад хӕсса. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 14:17.)

2. Йегъовӕйы диссаджы лӕварӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

Йегъовӕ дыл тыхсы, дӕ мады гуыбыны куы сӕвзӕрдтӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Хуыцаумӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Давид куывта: «Ды мӕ федтай, гуырдз йеддӕмӕ куы ницыма уыдтӕн, уӕд» (Псалом 139:16). Йегъовӕйы цӕсты дӕ цард тынг зынаргъ у. (Бакӕс Матфейы 10:29–31.) Исчи искӕй, кӕнӕ суанг йӕхи дӕр, куы амары, уӕд уый Йегъовӕйӕн тынг зын вӕййы (Рацыд 20:13) a. Тынг зын ма йын вӕййы, ӕнӕхъуаджы нӕ цард тӕссаг уавӕры куы феппарӕм кӕнӕ иннӕты цард бахъахъхъӕныныл куы нӕ фӕархайӕм, уый дӕр. Нӕхи цард дӕр ӕмӕ иннӕты цард дӕр куы хъахъхъӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы диссаджы лӕварӕн кӕй аргъ кӕнӕм.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, дӕ бон куыд у ӕвдисын, цардӕн кӕй аргъ кӕныс, уый.

3. Де ’нӕниздзинадыл тыхс

Нӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтам, уымӕ гӕсгӕ нӕ цӕрд ӕнӕхъӕнӕй дӕр дӕттӕм Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ буар Хуыцауӕн нывондӕн радтам. Бакӕсут Ромӕгтӕм 12:1, 2 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Де ’нӕниздзинадыл цӕмӕн хъуамӕ тыхсай?

  • Дӕ бон куыд у де ’нӕниздзинадыл тыхсын?

4. Лӕмбынӕг у, цӕмӕй дӕу аххосӕй фыдбылыз макӕуыл ӕрцӕуа кӕнӕ мачи амӕла

Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи хизӕм, цардӕн тӕссаг цӕмӕй у, уыдӕттӕй. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ базон, дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕхи фыдбылызӕй хизай.

Бакӕсут Ӕмбисӕндтӕ 22:3 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр ӕдас цӕй фӕрцы уыдзыстут...

  • дӕ хӕдзары.

  • дӕ куысты.

  • спортивон хъӕзтытӕй хъазгӕйӕ.

  • иунӕгӕй кӕнӕ искӕимӕ транспортыл цӕугӕйӕ.

5. Аргъ кӕн, чи нӕма райгуырд, ахӕм сывӕллоны цардӕн

Давиды ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ хъус кӕй фӕдары, мады гуыбыны сывӕллон куыд фӕрӕзы, уымӕ. Бакӕсут Псалом 139:13–17 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Йегъовӕйы цӕсты адӕймаг цӕрын кӕд райдайы: куы райгуыры, уӕд ӕви, йӕ мады гуыбыны куы сӕвзӕры, уӕд?

Йегъовӕ рагон израилӕгтӕн цы закъон радта, уый хъахъхъӕдта сывӕрджын сылгоймӕгты дӕр ӕмӕ, гуыбыны чи уыд, уыцы сывӕллӕтты дӕр. Бакӕсут Рацыд 21:22, 23 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Йегъовӕ цы цӕстӕй каст, адӕймаджы-иу куы нӕ фӕндыд, афтӕмӕй-иу йӕ аххосӕй, гуыбыны чи уыд, ахӕм сывӕллоны цард куы аскъуыд, уымӕ?

  • Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, исчи афтӕ барӕй куы бакӕны, уымӕ? b

  • Хуыцау уымӕ ахӕм цӕстӕй кӕй кӕсы, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

Сылгоймаг цардӕн куы аргъ кӕна, уӕддӕр ӕм, чи зоны, афтӕ кӕса, ӕмӕ йын аборт скӕнын йеддӕмӕ ӕндӕр гӕнӕн нӕй. Бакӕсут Исайы 41:10 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Сылгоймагӕн аборт куы кӕнын кӕной, уӕд ӕххуыс кӕмӕй хъуамӕ агура? Цӕмӕн?

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Сылгоймаг аборт скӕндзӕн ӕви нӕ, уый йӕхи хъуыддаг у. Уыцы бар ын ис».

  • Цӕмӕн дӕ уырны, Йегъовӕйӕн сылгоймаджы цард дӕр ӕмӕ, чи нӕма райгуырд, уыцы сывӕллоны цард дӕр зынаргъ кӕй сты?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Библийы фыст ис, цард кӕй у Йегъовӕйы лӕвар ӕмӕ йын хъуамӕ аргъ кӕнӕм ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнӕм. Уый хауы нӕхи цардмӕ дӕр ӕмӕ иннӕты цардмӕ дӕр.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Адӕймаджы цард Йегъовӕйӕн зынаргъ цӕмӕн у?

  • Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, исчи барӕй искӕй куы амары, уымӕ?

  • Цардӕн цӕмӕн аргъ кӕныс?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Нӕ бон куыд у Йегъовӕйӕн арфӕ кӕнын, цард нын кӕй радта, уый тыххӕй?

141 зарӕг. «Цард у зынаргъ лӕвар» (уырыссаг) (2:41)

Дзуапп базон ахӕм фарстайӕн: аборт чи скодта, ахӕм сылгоймагӕн Хуыцау ныххатыр кӕндзӕн?

«Библийы аборты тыххӕй цы фыст ис?» (интернет-статья)

Базон, Хуыцау цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый кӕй зонӕм, уый нын ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ куыд хъуамӕ ӕххуыс кӕна.

«Цардӕн тӕссаг спорты хуызтӕ. Дӕ цард хъуамӕ тӕссаг уавӕры ӕппарай?» (2000 азы 8 октябры «Райхъал ут!», уырыссаг)

Базон, адӕймагмӕ-иу йӕхи амарыны хъуыдытӕ куы фӕзына, уӕд ын Библи куыд баххуыс кӕндзӕн.

«Цӕрын мӕм нал цӕуы. Кӕд мӕм мӕхи амарыны хъуыдытӕ ис, уӕд мын Библи баххуыс кӕндзӕн?» (интернет-статья)

a Йегъовӕ тынг тыхсы, зӕрдӕсаст чи у, уыдоныл (Псалом 34:18). Ӕмбары адӕймаджы зӕрдӕйы рыст ӕмӕ йӕм йӕхи амарыны хъуыдытӕ цӕй тыххӕй фӕзыны, уый. Йегъовӕйы тынг фӕнды ахӕм адӕмӕн баххуыс кӕнын. Йӕ бон сын баххуыс кӕнын куыд у, уый тыххӕй бакӕс статья «Цӕрын мӕм нал цӕуы. Кӕд мӕм мӕхи амарыны хъуыдытӕ ис, уӕд мын Библи баххуыс кӕндзӕн?». Ис ацы урочы рубрикӕйы «Фылдӕр ӕрмӕг».

b Кӕд сылгоймаг кӕддӕр аборт скодта, уӕд хъуамӕ йӕхи ма хӕра, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ йын ныххатыр кӕна. Фылдӕр базоныны тыххӕй кӕс статья «Библийы аборты тыххӕй цы фыст ис?». Ис ацы урочы рубрикӕйы «Фылдӕр ӕрмӕг».