Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

46 УРОК

Дӕхи Хуыцауӕн цӕмӕн хъуамӕ снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд цӕмӕн хъуамӕ райсай?

Дӕхи Хуыцауӕн цӕмӕн хъуамӕ снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд цӕмӕн хъуамӕ райсай?

Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕны, куы йӕм скувы ӕмӕ йын куы фӕзӕгъы, ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй лӕггад кӕндзӕн ӕмӕ йын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕй уыдзӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын (Псалом 40:8). Ӕмӕ уый фӕстӕ донаргъуыд райсы. Афтӕмӕй иннӕтӕ фенынц, йӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодта. Дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнай – уымӕй ахсджиагдӕр уынаффӕ царды мидӕг нӕй. Адӕймаг уыцы уынаффӕ куы рахӕссы, уӕд йӕ цард цӕхгӕр фӕивы. Ахӕм ахсджиаг къахдзӕф скӕнын ӕй цӕмӕн бафӕнды?

1. Адӕймаджы цӕмӕн бафӕнды йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын?

Нӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй (1 Иоанны 4:10, 19). Библи нын дзуры: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ» (Марчы 12:30). Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый хъуамӕ ӕрмӕст нӕ ныхӕстӕй ма уа бӕрӕг, фӕлӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр. Зӕгъӕм, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг кӕрӕдзи куы фӕуарзынц, уӕд сӕ цард баиу кӕнынц. Афтӕ, Йегъовӕйы чи уарзы, уый дӕр ын йӕ цард снывонд кӕны ӕмӕ донаргъуыд райсы.

2. Донаргъуыд чи райсы, уыдоны Йегъовӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕны?

Донаргъуыд куы райсай, уӕд ӕрбаиу уыдзынӕ Йегъовӕйы амондджын бинонтӕм. Уӕд бирӕ цӕмӕйдӕрты бамбардзынӕ, куыд тынг дӕ уарзы, уый. Ӕмӕ йӕм ныр куыд ӕввахс дӕ, уымӕй йӕм ноджы тынгдӕр баввахс уыдзынӕ. (Бакӕс Малахийы 3:16–18.) Йегъовӕ дӕ Фыд кӕй уыдзӕн, уымӕй уӕлдай ма дын ӕгас дунейы дӕр фӕзындзӕн, Йегъовӕйы дӕр ӕмӕ дӕу дӕр чи уарзы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. (Бакӕс Марчы 10:29, 30.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цалынмӕ донаргъуыд райсай, уӕдмӕ хъуамӕ Йегъовӕйы базонай, бауарзай йӕ ӕмӕ йын йӕ Фыртыл баууӕндай. Стӕй хъуамӕ дӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кӕнай. Ӕмӕ уый фӕстӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд слӕудзынӕ, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл. Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Донаргъуыд... ныр уӕ уый ирвӕзын кӕны» (1 Петры 3:21).

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд райсай.

3. Не ’ппӕт дӕр хъуамӕ равзарӕм, кӕмӕн лӕггад кӕндзыстӕм, уый

Рагон Израилы иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сӕ бон у лӕггад кӕнын Йегъовӕйӕн дӕр ӕмӕ мӕнг хуыцау Ваалӕн дӕр. Фӕлӕ сӕм Йегъовӕ пехуымпар Илийайы арвыста, цӕмӕй сын бамбарын кодтаид, рӕдигӕ кӕй кодтой, уый. Бакӕсут 1 Паддзӕхты 18:21 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Израилӕгты цы хъуыди равзарын?

Израилӕгтау мах дӕр хъуамӕ равзарӕм, кӕмӕн лӕггад кӕндзыстӕм, уый. Бакӕсут Лукайы 16:13 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Уый гӕнӕн цӕуылнӕ ис, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дӕр ӕмӕ ӕндӕр искӕмӕн кӕнӕ ӕндӕр истӕмӕн дӕр лӕггад кӕнӕм?

  • Нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ кӕй фӕнды?

4. Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, ууыл-иу хъуыды кӕн

Йегъовӕ нын бирӕ диссаджы лӕвӕрттӕ скодта. Махӕн та нӕ бон цы у Йегъовӕйӕн раттын? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, уый цӕмӕй бӕрӕг у? Бакӕсут Псалом 104:14, 15 ӕмӕ 1 Иоанны 4:9, 10 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Йегъовӕ дын цы лӕвӕрттӕ скодта, уыдонӕй дзы тынгдӕр кӕцыты тыххӕй дӕ бузныг?

  • Уыцы лӕвӕрттыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕм Йегъовӕмӕ цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны?

Исчи нын, нӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм лӕвар куы скӕны, уӕд нӕ фӕфӕнды, бузныг дзы кӕй стӕм, уый равдисын. Бакӕсут Дыккаг закъон 16:17 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Цы дӕ фӕфӕнды Йегъовӕйӕн раттын, цы дын сарӕзта, ӕппӕт уыдӕттыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд?

5. Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай, уӕд дӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн

Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ амонд кӕнгӕ у хорз куыстӕй, кадӕй кӕнӕ ӕхцайӕ. Цымӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Кӕд ацы спортсмен футболӕй хъазын уарзта, уӕддӕр ӕй цӕмӕн ныууагъта?

  • Аскъуыддзаг кодта, йӕ цард футболӕн нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кӕндзӕн. Дӕумӕ гӕсгӕ, раст бакодта? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?

Цалынмӕ апостол Павел чырыстон не сси, уӕдмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй кадджын адӕймаг суыдаид. Павел дзуттаг закъон ахуыр кодта зындгонд ахуыргӕнӕгмӕ. Фӕлӕ цӕмӕй чырыстон суыдаид, уый тыххӕй йӕ къух систа, цӕмӕ тырныдта, ууыл. Цымӕ ууыл искуы фӕфӕсмон кодта? Бакӕсут Филиппӕгтӕм 3:8 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Павел, цалынмӕ чырыстон не сси, уӕдмӕ цы арӕзта, уыдӕттӕ «быроныл» цӕмӕн банымадта?

  • Уыдӕтты бӕсты цы ссардта?

  • Дӕумӕ гӕсгӕ, дӕ цард хуыздӕр кӕд уыдзӕн: Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнай, уӕд ӕви ӕндӕр исты куы аразай, уӕд?

Павел чырыстон куы сси, уӕд, цы ныууагъта, уымӕй фылдӕр ссардта

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Зонын ӕй, ай рӕстдзинад кӕй у, фӕлӕ донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ нӕма дӕн».

  • Дӕумӕ гӕсгӕ, дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнай, уый хорз уынаффӕ цӕмӕн у?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йын нӕхи снывонд кӕнӕм ӕмӕ донаргъуыд райсӕм.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Йегъовӕ уый аккаг цӕмӕн у, цӕмӕй йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм ӕмӕ йын лӕггад кӕнӕм?

  • Донаргъуыд чи райсы, уыдонӕн Йегъовӕ куыд раарфӕ кӕны?

  • Фӕнды дӕ дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, музыкант ӕмӕ спортсмен сӕхи Йегъовӕйӕн цӕмӕн снывонд кодтой.

«Фӕсивӕды фарстатӕ. Мӕ цард дарддӕр куыд араздзынӕн? Уынаффӕ куыд рахастой» (6:52)

Базон, ноджыдӕр ма цӕй тыххӕй хъуамӕ снывонд кӕнӕм нӕхи Йегъовӕйӕн.

«Йегъовӕйӕн дӕхи снывонд кодтай?» (2010 азы 15 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Ацы музыкалон видеороликы фендзынӕ, Йегъовӕйӕн йӕхи чи снывонд кодта, уыдон куыд фӕцин кӕнынц, уый.

«Мӕ цард дӕуӕн дӕттын» (уырыссаг) (4:30)

Бакӕс иу сылгоймаджы царды хабар, «Бирӕ рӕстӕг мын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта ахӕм фарста: адӕймаг цӕмӕн цӕры?», зӕгъгӕ. Уымӕй базондзынӕ, йӕ цардыл хъуыды кӕнын цӕмӕн райдыдта.

«Библи ивы адӕймаджы цард» (2012 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)