Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

59 УРОК

Ӕфхӕрд куы ӕййафай, уӕд дӕр дӕ бон у фидар фӕлӕууын

Ӕфхӕрд куы ӕййафай, уӕд дӕр дӕ бон у фидар фӕлӕууын

Абон уа ӕви райсом – чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ ныхмӕ цӕудзысты ӕмӕ ма суанг ӕфхӕрд дӕр ӕййафдзысты. Уыдӕттӕй тӕрсын хъӕуы?

1. Ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм, уый нӕм диссаг цӕуылнӕ кӕсы?

Библийы ӕргом фыст ис: «Хуыцауыл иузӕрдионӕй ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты» (2 Тимофеймӕ 3:12). Йесойы ӕфхӕрдтой, Хӕйрӕджы дунеимӕ йын иумӕйагӕй кӕй ницы уыд, уый тыххӕй. Мах дӕр ацы дунейӕ не стӕм. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ дис ма кӕнӕм, хицауад кӕнӕ та нӕ дины организацитӕ куы ӕфхӕрой, уӕд (Иоанны 15:18, 19).

2. Нӕ бон куыд у нӕхи бацӕттӕ кӕнын, кӕй нӕ ӕфхӕрдзысты, уымӕ?

Хъуамӕ ныр райдайӕм ахуыр кӕнын нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын. Алы бон дӕр Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ-иу Библийӕ скъуыддзаг бакӕс. Ӕмбырдтӕ ма цух кӕн. Уыдӕттӕ дын хъарутӕ дӕтдзысты фидар фӕлӕууынӕн, дӕ ныхмӕ суанг дӕ бинонтӕ куы цӕуой, уӕд дӕр. Апостол Павел-иу ӕфхӕрд арӕх баййӕфта ӕмӕ ныффыста: «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн» (Дзуттӕгтӕм 13:6).

Нӕ хъӕбатырдзинадыл ма бафтдзӕн, ӕдзух куы хъусын кӕнӕм, уӕд. Хъусын кӕнгӕйӕ фӕахуыр кӕнӕм, цӕмӕй нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ адӕмӕй ма тӕрсӕм (Ӕмбисӕндтӕ 29:25). Ныр хъӕбатырӕй куы хъусын кӕнай, уӕд хъусын кӕндзынӕ, хицауад нын нӕ хъуыддаг куы сӕхгӕна, суанг уӕд дӕр (1 Фессалоникӕгтӕм 2:2).

3. Нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд-иу фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц ӕмӕ нӕ куы фефхӕрынц, уӕд цин нӕ фӕкӕнӕм. Фӕлӕ фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нӕ уырнындзинад бафидар вӕййы. Афтӕ нӕм куы фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ бон нал у, уӕд фенӕм, Йегъовӕ нын куыд баххуыс кӕны. Ӕмӕ йӕм уый фӕрцы баввахсдӕр вӕййӕм. (Бакӕс Иаковы 1:2–4.) Зындзинӕдтӕ куы февзарӕм, уӕд Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ фӕриссы. Фӕлӕ фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд фӕцин кӕны. Библийы фыст ис: «Кӕд хорз хъуыддӕгты тыххӕй хъизӕмар кӕнут ӕмӕ фидар лӕуут, уӕд уый Хуыцауӕн ӕхсызгон у» (1 Петры 2:20). Хуыцауыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы лӕвар – ӕнусон цард ног дунейы. Уым иууылдӕр лӕггад кӕндзысты Йегъовӕйӕн, ӕмӕ нӕ ныхмӕ ничиуал цӕудзӕн (Матфейы 24:13).

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ дӕр уый гӕнӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайӕм.

4. Дӕ бон у фидар фӕлӕууын, дӕ бинонтӕ дӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд

Йесо ӕргом загъта, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ нӕ бинонты зӕрдӕмӕ ма фӕцӕуа, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ кӕй фӕнды, уый. Бакӕсут Матфейы 10:34–36 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Адӕймаджы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы бафӕнда, уӕд йӕ бинонтӕ, чи зоны, цы дзурой кӕнӕ цы аразой?

Уымӕн цӕвиттон ис видеороликы. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Дӕ хиуӕттӕй кӕнӕ дӕ де ’мбӕлттӕй исчи Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы къуылымпы кӕна, уӕд куыд бакӕндзынӕ?

Бакӕсут Псалом 27:10 ӕмӕ Марчы 10:29, 30. Алы стихы фӕстӕ дӕр-иу аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ацы зӕрдӕвӕрд дын куыд баххуыс кӕндзӕн, дӕ хиуӕттӕй кӕнӕ де ’мбӕлттӕй исчи дӕ ныхмӕ куы цӕуа, уӕд?

5. Ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕн

Мах хъӕуы хъӕбатырдзинад, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, иннӕтӕ нӕ куы хъыгдарой, уӕд. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ, ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Сӕ цӕвиттонтӕй дын дӕ ныфсыл ныфс цы бафтыдта?

Бакӕсут Хъуыддӕгтӕ 5:27–29 ӕмӕ Дзуттӕгтӕм 10:24, 25. Алы стихы фӕстӕ дӕр-иу аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, хицауад нӕ ӕмбырдтӕ уадзын ӕмӕ хъусын кӕнын куы нӕ уадза, суанг уӕд дӕр?

6. Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн фидар фӕлӕууынӕн

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ – ацӕргӕтӕ дӕр ӕмӕ ӕрыгӕттӕ дӕр – ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц, кӕд ӕфхӕрд феййафынц, уӕддӕр. Уымӕн сын цы ’ххуыс кӕны, уый базоныны тыххӕй бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ. Стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Ацы Ӕвдисӕнтӕн фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кодта?

Бакӕсут Ромӕгтӕм 8:35, 37–39 ӕмӕ Филиппӕгтӕм 4:13. Алы стихы фӕстӕ дӕр-иу аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ацы стих дын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнай, дӕ бон цыфӕнды фӕлварӕны сӕрты ахизын дӕр кӕй бауыдзӕн, ууыл?

Бакӕсут Матфейы 5:10–12 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ дӕр амондджын цӕмӕн уыдзынӕ?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй милуантӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадысты, кӕд-иу ӕфхӕрд ӕййӕфтой, уӕддӕр. Дӕуӕн дӕр дӕ бон бауыдзӕн!

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Нӕ фӕдыл куы зилой, уӕд нӕ бафӕраздзынӕн».

  • Дӕумӕ гӕсгӕ, ахӕм адӕймаджы цавӕр стих бафидар кӕндзӕн?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ дӕр ын кӕй фӕлӕггад кӕнӕм, уымӕн. Йемӕ фидар фӕлӕудзыстӕм цыфӕнды фӕлварӕны дӕр!

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Чырыстӕттӕм диссаг цӕуылнӕ кӕсы, кӕй сӕ фефхӕрынц, уый?

  • Ныр дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, нӕ фӕдыл куы зилой, уымӕ цӕттӕ уай?

  • Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнай, дӕ бон кӕй бауыдзӕн цыфӕнды фӕлварӕны сӕрты дӕр ахизын?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, иу ӕрыгон ӕфсымӕрӕн Йегъовӕ куыд ӕххуыс кодта, ӕфсадмӕ ацӕуын кӕй нӕ бакуымдта, уый тыххӕй йӕ ахӕстоны куы сбадын кодтой, уӕд.

«Фидар лӕууынц, кӕд сӕ фӕдыл зилынц, уӕддӕр» (2:35)

Базон, иу лӕг ӕмӕ ус бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй цӕй фӕрцы лӕггад кодтой, кӕд сӕ ныхмӕ карзӕй цыдысты, уӕддӕр.

«Зын рӕстӕг Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадысты» (7:14)

Нӕ бинонтӕ нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм ӕмӕ ахӕм уавӕры фидар цӕй фӕрцы фӕлӕудзыстӕм?

«Рӕстдзинад фарн нӕ хӕссы, фӕлӕ „хъама“» (2017 азы октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)