Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 ХАЙ

Кӕрӕдзийыл иузӕрдион ут

Кӕрӕдзийыл иузӕрдион ут

«Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Марчы 10:9)

Йегъовӕ домы, цӕмӕй «иузӕрдион» уӕм (Псалом 18:25). Уый уӕлдай ахсджиаг у бинонты царды, уымӕн ӕмӕ лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл иузӕрдион куы нӕ уой, уӕд кӕрӕдзийыл не ’ууӕнддзысты. Кӕрӕдзийыл куы ӕууӕндой, уӕд сӕ уарзондзинад никуы ӕрмынӕг уыдзӕн.

Абон лӕг ӕмӕ ус ӕнцонтӕй сивынц кӕрӕдзийыл сӕ зӕрдӕ. Ӕмӕ цӕмӕй уӕ бинонты цард ма фехӕла, уый тыххӕй уӕ ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы дыууӕ хъуыддаджы аразын.

1 ДӔ БИНОНТЫ ЦАРД ДЫН ХЪУАМӔ УА ӔППӔТЫ ЗЫНАРГЪДӔР

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнут» (Филиппӕгтӕм 1:10). Царды ӕппӕты сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕй иу у бинонты цард. Ӕмӕ дын уый хъуамӕ уа ӕппӕты зынаргъдӕр.

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй дын дӕ цардӕмбалӕй зынаргъдӕр мачи уа ӕмӕ иумӕ «цардӕй уӕ мондӕгтӕ исат» (Екклесиаст 9:9). Йегъовӕ ӕмбарын кӕны, цардӕмбалмӕ уазал цӕстӕй кӕсӕн кӕй нӕй ӕмӕ уӕ дыууӕйы дӕр кӕй хъӕуы кӕрӕдзи зӕрдӕ рухс кӕныныл архайын (1 Коринфӕгтӕм 10:24). Дӕхи афтӕ дар, цӕмӕй дӕ цардӕмбал ӕмбара, кӕй йӕ уарзыс ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕныс.

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Иумӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитут, афтӕмӕй дӕ цардӕмбал уындзӕн, ӕндӕр дӕ кӕй ничи хъӕуы.

  • Ма рох кӕн, ныр иу кӕй нал дӕ, фӕлӕ дыууӕ кӕй стут.

2 УӔ ЗӔРДӔТӔ ХЪАХЪХЪӔНУТ

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Сылгоймагмӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕм йӕхи чи мондаг кӕны, уый фӕхӕтыд йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг» (Матфейы 5:28). Адӕймаг хӕлд хъуыддӕгтыл куы фӕхъуыды кӕны, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй рацӕуы.

Йегъовӕ зӕгъы, «хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ», зӕгъгӕ (Ӕмбисӕндтӕ 4:23; Йереми 17:9). Уый тыххӕй та хъуамӕ хъахъхъӕнай дӕ цӕстытӕ (Матфейы 5:29, 30). Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иовы фӕзм. Уый йӕ цӕстытимӕ бадзырд скодта, ӕндӕр сылгоймагмӕ мондаг каст кӕй нӕ кӕндзӕн, уый тыххӕй (Иов 31:1). Фидарӕй аскъуыддзаг кӕн, порнографимӕ кӕй никуы кӕсдзынӕ. Стӕй ма бауадз, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ ӕндӕр искӕмӕ ахсайа.

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Дӕ цардӕмбалыл тынг ӕнувыд кӕй дӕ, уый хъуамӕ иннӕтӕ дӕр уыной.

  • Дӕ цардӕмбалы ӕнкъарӕнтыл хъуыды кӕн, ӕмӕ дӕхи иннӕтимӕ куыд дарыс, уый кӕд йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, уӕд-иу дӕхи афтӕ мауал дар.