6 СӔР
Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?
1–3. Мӕлӕты тыххӕй адӕммӕ цавӕр фарстатӕ фӕзыны ӕмӕ иуӕй-иу динтӕ уыцы фарстатӕн цавӕр дзуаппытӕ дӕттынц?
БИБЛИ нын зӕрдӕ ӕвӕры, ахӕм рӕстӕг кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ «нал уыдзӕн... мӕлӕт» (Раргомад 21:4). 5-ӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Чырыстийы нывонды фӕрцы нӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын. Фӕлӕ нырма адӕм мӕлынц (Екклесиаст 9:5). Уӕдӕ нӕ хъӕуы ахӕм ахсджиаг фарстайӕн дзуапп базонын: адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?
2 Ацы фарстайӕн дзуапп базонын адӕймагӕн уӕлдай ахсджиаг вӕййы, йӕ хиуӕттӕй кӕнӕ йе ’мбӕлттӕй исчи куы амӕлы, уӕд. Чи зоны, фӕхъуыды кӕны: «Цымӕ ныр кӕм ис? Уыны мӕ? Йӕ бон мын баххуыс кӕнын у? Искуы ма йӕ фендзынӕн?»
3 Ацы фарстатӕн динтӕ алыхуызон дзуаппытӕ дӕттынц. Иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, хорз адӕм уӕлӕрвтӕм ацӕуынц, ӕвзӕр адӕм та, дам, зындоны арты фӕсудзынц. Иннӕтӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ, адӕймаг куы амӕлы, уӕд фӕцӕры, йӕ хиуӕттӕй чи амард, уыдонимӕ. Чидӕртӕ та хъуыды кӕнынц, чи амӕлы, уый ногӕй, ӕндӕр буары кӕй райгуыры.
4. Мӕлӕты тыххӕй динтӕ цы ахуырӕдтыл хӕст сты, уыдон ӕмхуызон цӕмӕй сты?
4 Мӕлӕты тыххӕй алыхуызон динтӕ цы ахуырӕдтыл хӕст сты, уыдон кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц. Фӕлӕ, зӕгъӕн ис, иууылдӕр иу цӕмӕйдӕр ӕмхуызон
сты: адӕймаг куы амӕлы, уӕд, дам, дзы цыдӕр цӕргӕйӕ баззайы. Цымӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у?АДӔЙМАГ КУЫ АМӔЛЫ, УӔД ЦЫ ФӔВӔЙЙЫ?
5, 6. Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?
5 Йегъовӕ зоны, адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы, уый. Уый нын раргом кодта, адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ цард кӕй фӕвӕййы. Уӕдӕ, чи амӕлы, уымӕй цӕргӕйӕ ницыуал баззайы *. Мард уынгӕ дӕр нал фӕкӕны ӕмӕ хъусгӕ дӕр, стӕй хъуыды кӕнын дӕр йӕ бон нал вӕййы.
6 Паддзах Соломон ныффыста: «Мӕрдтӕ... ӕппындӕр ницы зонынц». Сӕ бон нӕу нӕдӕр уарзын, нӕдӕр искӕмӕ фыдзӕрдӕ дарын, ӕмӕ «ингӕны... нӕдӕр куыст ис, нӕдӕр фӕндтӕ, нӕдӕр зонындзинӕдтӕ, нӕдӕр зонд». (Бакӕс Екклесиаст 9:5, 6, 10.) Псаломы 146:4 стихы фыст ис, зӕгъгӕ, дам, чи амӕлы, уымӕн «йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр» фесӕфынц.
ЙЕСО МӔЛӔТЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ЗАГЪТА?
7. Йесо мӕлӕты тыххӕй цы загъта?
7 Йесойӕн йе ’ввахс ӕмбал Лазӕр куы амард, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Не ’мбал Лазӕр бафынӕй». Фӕлӕ уыдон Йесойы ныхӕстӕ афтӕ бамбӕрстой, ӕмӕ Лазӕр ӕнӕуи йӕ фӕллад уадзы. Ӕмӕ сын уӕд Йесо комкоммӕ загъта: «Лазӕр амард» (Иоанны 11:11–14). Йесо мӕлӕт абарста, адӕймаг фынӕй куыд кӕна, уыимӕ. Афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ Лазӕр уӕлӕрвты ис кӕнӕ, йӕ хиуӕттӕй чи амард, уыдонимӕ ис. Стӕй афтӕ дӕр нӕ загъта, зӕгъгӕ, зындоны хъизӕмар кӕны кӕнӕ ногӕй, ӕндӕр буары райгуырд. Лазӕр цыма тарф фынӕй баци, афтӕ уыд. Ӕндӕр стихты дӕр мӕлӕт барст цӕуы, адӕймаг тарф фынӕй куыд кӕна, уыимӕ. Стефаны дуртӕй куы фӕхостой, уый тыххӕй Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «амард [комкоммӕ «бафынӕй», фиппаинаг]» (Хъуыддӕгтӕ 7:60). Апостол Павел дӕр ныффыста, чырыстӕттӕй чидӕртӕ кӕй «амард [комкоммӕ «бафынӕй», фиппаинаг]» (1 Коринфӕгтӕм 15:6).
8. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцау адӕмы афтӕ кӕй не сфӕлдыста, цӕмӕй мӕлой?
Екклесиаст 3:11). Иу ныййарӕджы дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕ базӕронд уой ӕмӕ амӕлой. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис Йегъовӕйӕ дӕр – нӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй зӕронд кӕнӕм ӕмӕ мӕлӕм. Фӕлӕ кӕд адӕмы ӕнустӕм цӕрынӕн сфӕлдыста, уӕд цӕмӕн мӕлынц?
8 Цымӕ Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ хъуамӕ ӕппынфӕстаг амардаиккой? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Йегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕнустӕм ӕнӕнизӕй цардаиккой. Уый адӕмы афтӕ скодта, ӕмӕ сӕ фӕнды ӕнустӕм цӕрын (АДӔМ ЦӔМӔН МӔЛЫНЦ?
9. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн цы фӕдзӕхст радта, уый зынӕххӕстгӕнӕн схонӕн цӕуылнӕ ис?
9 Едемы цӕхӕрадоны Йегъовӕ Адамӕн загъта: «Цӕхӕрадоны алы бӕласӕй дӕр хӕр, цас дӕ хъӕуы, уыйбӕрц. Фӕлӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй ма бахӕр. Цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ» (Райдиан 2:9, 16, 17). Уыцы бӕлвырд фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын зын нӕ уыд. Йегъовӕйӕн бар уыд, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕйӕн дзырдтаид, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Йегъовӕмӕ куы хъуыстаиккой, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдаид, сӕ хицауыл ӕй кӕй нымайынц. Стӕй ма афтӕмӕй равдыстаиккой, цы сын радта, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй дзы бузныг кӕй сты.
10, 11. а) Хӕйрӕгӕн куыд бантыст афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызтаиккой? б) Адам ӕмӕ Евӕ цы сарӕзтой, уымӕн ныххатыр кӕнӕн цӕуылнӕ уыд?
10 Хъыгагӕн, Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕмӕ нӕ байхъуыстой. Хӕйрӕг Евӕйы бафарста: «Хуыцау уын ӕцӕгдӕр загъта, цӕхӕрадоны алы бӕласӕй ма хӕрут, Райдиан 3:1–3).
зӕгъгӕ?» Евӕ йын дзуапп радта: «Цӕхӕрадоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдоны дыргътӕй нын ис хӕрӕн. Фӕлӕ цӕхӕрадоны астӕу цы бӕлас ис, уымӕй нын Хуыцау афтӕ загъта: „Ма дзы бахӕрут, ӕвналгӕ дӕр ӕм ма бакӕнут, науӕд амӕлдзыстут“» (11 Уӕд ын Хӕйрӕг загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут. Фӕлӕ йӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый» (Райдиан 3:4–6). Хӕйрӕджы фӕндыд, цӕмӕй Евӕ хъуыды кодтаид, цыма йӕхи бон у ӕвзарын, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Стӕй ма йын загъта, Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ куы нӕ байхъуса, уӕд кӕй нӕ амӕлдзӕн. Ӕмӕ уый мӕнг ныхас уыд. Гъемӕ Евӕ дӕр бӕласы дыргътӕй бахордта ӕмӕ дзы стӕй йӕ лӕгӕн дӕр радта. Фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕ зыдтой, уыцы бӕласӕй сын хӕрӕн кӕй нӕй. Ӕмӕ йын йӕ дыргътӕй куы бахордтой, уӕд ахызтысты, зынӕххӕстгӕнӕн чи нӕ уыд, уыцы бӕлвырд фӕдзӕхсты сӕрты. Афтӕмӕй равдыстой, сӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды кӕй ницӕмӕ дарынц. Цы сарӕзтой, уымӕн ныххатыр кӕнӕн нӕ уыд!
12. Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы коммӕ кӕй нӕ бакастысты, уый раст цӕуылнӕ уыд?
12 Нӕ рагфыдӕлтӕ се Сфӕлдисӕджы ныхасы сӕрты кӕй ахызтысты, уым хорзӕй ӕппындӕр ницы уыд. Куыд дӕм фӕкӕсид, сывӕллӕттӕ куы фӕхъомыл кӕнис, ӕмӕ стӕй дӕ ныхмӕ куы рацӕуиккой ӕмӕ, сӕхи цы фӕнды, ӕрмӕстдӕр уый куы аразиккой? Зын дын нӕ уаид?
13. Йегъовӕ Адамӕн афтӕ кӕй загъта, «фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ», зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?
13 Адам ӕмӕ Евӕ сӕ ӕгоммӕгӕсдзинады тыххӕй Райдиан 3:19.) Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Адам хъуамӕ фӕстӕмӕ сыджыт суыдаид, цыма йӕ Йегъовӕ ӕппындӕр никуы сфӕлдыста, афтӕ (Райдиан 2:7). Уӕдӕ Адам куы амард, уӕд никуыуал уыд.
ӕнустӕм цӕрыны фадатӕй ӕнӕхай фесты. Йегъовӕ Адамӕн загъта: «Сыджыт дӕ, ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ». (Бакӕс14. Адӕм цӕмӕн мӕлынц?
14 Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ куы байхъуыстаиккой, уӕд ма абон дӕр цардаиккой. Фӕлӕ йӕ коммӕ кӕй нӕ бакастысты, уымӕй тӕригъӕд ракодтой, ӕмӕ ӕппынфӕстаг амардысты. Тӕригъӕд у уӕззау низы хуызӕн, ӕмӕ уыцы «низ» нӕ туджы рахастам нӕ рагфыдӕлтӕй. Адӕм иууылдӕр райгуырынц тӕригъӕдджынтӕй, ӕмӕ мӕлгӕ дӕр уый тыххӕй кӕнынц (Ромӕгтӕм 5:12). Фӕлӕ Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй ӕндӕр фӕнд ис. Уый никуы фӕндыд, цӕмӕй адӕм мӕлой. Библи мӕлӕт хоны «знаг» (1 Коринфӕгтӕм 15:26).
РӔСТДЗИНАД АДӔЙМАДЖЫ СӔРИБАР КӔНЫ
15. Библи мӕлӕты тыххӕй цы дзуры, адӕймаг уый куы базоны, уӕд цӕмӕй ссӕрибар вӕййы?
15 Библи мӕлӕты тыххӕй цы дзуры, адӕймаг уый куы базоны, уӕд ссӕрибар вӕййы бирӕ рӕдыд хъуыдытӕй. Библийы фыст ис, мардӕн йӕ бон кӕй нӕу нӕдӕр рыст
ӕмбарын, нӕдӕр истӕуыл маст кӕнын. Махӕн нӕ бон нӕу семӕ ныхас кӕнын, уыдонӕн та – махимӕ. Нӕ бон нӕу, ӕмӕ сын истӕмӕй баххуыс кӕнӕм, ӕмӕ нын уыдон дӕр ницӕмӕй баххуыс кӕндзысты. Сӕ бон нӕу, ӕмӕ нын исты зиан ӕрхӕссой, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ тӕрсын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ иуӕй-иу динтӕ амонынц, адӕймаг куы амӕлы, уӕд, дам, йӕ уд цӕргӕйӕ баззайы. Ӕмӕ, дам, цӕмӕй мардӕн баххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй, дам, хъуамӕ ӕхца бафидӕм дины разамонджытӕн, зӕгъӕм, сауджынӕн. Фӕлӕ, мӕлӕт цы у, уый куы зонӕм, уӕд нӕ уыдӕттӕй асайӕн нӕ уыдзӕн.16. Бирӕ динты ахуырӕдтӕм гӕсгӕ, адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?
16 Хӕйрӕг мӕнг динтӕй пайда кӕны, цӕмӕй нӕ баууӕндын кӕна, адӕймаг йӕ мӕлӕты фӕстӕ дӕр цӕргӕ кӕй кӕны. Зӕгъӕм, кӕцыдӕр динты ахуырӕдтӕм гӕсгӕ, адӕймаг куы амӕлы, уӕд ма дзы цыдӕр кӕмдӕр фӕцӕры. Мӕлӕт цы у, уый дӕуӕн дӕр дӕ дин афтӕ ӕмбарын кӕны? Ӕви йӕ Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕ? Мӕнг ахуырӕдты фӕрцы Хӕйрӕг адӕмы зонд зыгъуыммӕ кӕны, цӕмӕй Йегъовӕ Хуыцауы ма базоной.
17. Адӕм зындоны арты судзынц, зӕгъгӕ, уыцы ахуырад Йегъовӕйы куыд ӕгад кӕны?
17 Бирӕ динтӕ мӕрдты тыххӕй цы амонынц, уымӕй адӕймаджы хъуын арц сбады. Зӕгъӕм, дзурынц, ӕвзӕр адӕм, дам, ӕнустӕм судздзысты зындоны арты. Уыцы мӕнг ахуырад Йегъовӕйы ӕгад кӕны. Йегъовӕ никуы бауагътаид, цӕмӕй адӕм афтӕ хъизӕмар кӕной! (Бакӕс 1 Иоанны 4:8.) Куыд дӕм фӕкӕсид, сывӕллон коммӕ куы нӕ кӕсид, ӕмӕ йын уый тыххӕй йӕ фыд кӕнӕ йӕ мад йӕ къухтӕ арты куы судзид? Ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кӕнис, уый адӕймаг дӕр нӕу, зӕгъгӕ. Йӕ кой дӕр дын, ӕвӕццӕгӕн, ӕнад уаид. Ӕмӕ Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕмӕ раст ахӕм зӕрдӕ дарӕм!
18. Мӕрдтӕй тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы?
18 Ӕндӕр динты ахуырӕдтӕм гӕсгӕ та адӕймаг йӕ мӕлӕты фӕстӕ фӕцӕры мӕрдты бӕсты, йӕ хиуӕттӕй чи амард, уыдонимӕ. Уымӕ гӕсгӕ, дам, хъуамӕ мӕрдтӕн кад кӕнӕм, суанг ма сӕ тӕрсгӕ дӕр кӕнӕм, цӕмӕй, дам, нын ӕххуыс кӕной ӕмӕ нын зиан ма хӕссой. Ӕмӕ уый бирӕты уырны. Уыдон мӕрдтӕй тӕрсынц, ӕмӕ Йегъовӕйӕн нӕ кувынц, фӕлӕ мӕрдтӕн табу кӕнынц. Рох дӕ ма уӕд, мӕрдтӕ кӕй ницы ӕмбарынц, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ тӕрсын нӕ хъӕуы. Йегъовӕ у не Сфӕлдисӕг. Уый у ӕцӕг Хуыцау, ӕмӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн кувӕм ӕмӕ уымӕн табу кӕнӕм (Раргомад 4:11).
19. Мӕлӕт цы у, уый бӕлвырдӕй кӕй зонӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны?
19 Мӕлӕт цы у, уый бӕлвырдӕй кӕй зонӕм, уый фӕрцы мӕнг динты ахуырӕдтыл не ’ууӕндӕм, стӕй мӕлӕтӕй нӕ тӕрсӕм. Уый ма нын ӕххуыс кӕны Йегъовӕйы диссаджы зӕрдӕвӕрдтӕ бамбарынӕн дӕр, зӕгъӕм, чи амард, уыдоны кӕй райгас кӕндзӕн, уый.
20. Иннӕ сӕрӕй дзуапп цавӕр фарстайӕн базондзыстӕм?
20 Раджы заманты Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Иов бафарста: «Адӕймаг куы амӕла, уӕд ма ногӕй цӕрдзӕн?» (Иов 14:14). Цымӕ ӕцӕгдӕр уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ, чи амард, уый ногӕй цӕра? Ацы фарстайӕн Библийы ис цымыдисаг дзуапп. Ӕмӕ уыцы дзуапп базондзыстӕм иннӕ сӕрӕй.
^ 5 абз. Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ уд цӕргӕйӕ баззайы. Фӕлӕ Библи афтӕ нӕ зӕгъы. Кӕс 17-ӕм ӕмӕ 18-ӕм уӕлӕмхасӕнтӕ.