Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

15 СӔР

Дӕ бон куыд у раст дин базонын?

Дӕ бон куыд у раст дин базонын?

1. Хуыцауӕн куыд хъуамӕ кувӕм, уый кӕй бон у зӕгъын?

ДИНТӔН сӕ фылдӕр дзурынц, адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад кӕй амонынц. Фӕлӕ гӕнӕн нӕй, цӕмӕй уыцы динтӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ ахуырӕдтӕ раст уой. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау чи у ӕмӕ йын куыд хъуамӕ кувӕм, уый фӕдыл бынтон алыхуызон хъуыдытыл хӕст сты. Уӕдӕ нӕ бон куыд у раст дин базонын? Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн у йӕ бон зӕгъын, кувын ын куыд хъӕуы, уый.

2. Хуыцауӕн кувын куыд хъӕуы, уый дӕ бон кӕцӕй у базонын?

2 Йегъовӕ нын радта Библи, ӕмӕ уырдыгӕй нӕ бон у базонын, куыд ын хъуамӕ кувӕм, уый. Уӕдӕ Библи дарддӕр ахуыр кӕн. Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын йӕ ахуырӕдтӕ ӕмбарай ӕмӕ дӕ цард уыдонмӕ гӕсгӕ аразай, уымӕн ӕмӕ дыл тынг тыхсы (Исай 48:17).

3. Хуыцауӕн ахсджиаг цы у?

3 Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, Хуыцауы зӕрдӕмӕ алы дин дӕр кӕй цӕуы. Фӕлӕ Йесо афтӕ нӕ дзырдта. Уый загъта: «Мӕнмӕ „Хицау! Хицау!“ чи дзуры, уыдонӕй алчи нӕ бацӕудзӕн уӕларвон паддзахадмӕ, фӕлӕ йӕм бацӕудзӕн, мӕ уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый». Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Хуыцауӕн йӕ фӕндон базонӕм ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнӕм. Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдоны Йесо схуыдта «фыдгӕнджытӕ» (Матфейы 7:21–23).

4. Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныны тыххӕй Йесо цы загъта?

4 Йесо загъта, Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын нын алы хатт ӕнцон кӕй нӕ уыдзӕн. Уый загъта: «Бахизут нарӕг дуарыл, уымӕн ӕмӕ сӕфтмӕ цы фӕндаг кӕны, уый у фӕтӕн ӕмӕ уӕрӕх, ӕмӕ йыл бирӕтӕ цӕуынц. Цардмӕ цы фӕндаг кӕны, уый та уынгӕг у, ӕмӕ дуар дӕр нарӕг у, ӕмӕ уыцы фӕндаг бирӕтӕ не ссарынц» (Матфейы 7:13, 14). Уынгӕг фӕндаг, кӕнӕ раст дин, кӕны ӕнусон цардмӕ. Уӕрӕх фӕндаг та, кӕнӕ мӕнг дин, кӕны мӕлӕтмӕ. Фӕлӕ Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи амӕла. Уый алы адӕймагӕн дӕр фадат дӕтты, цӕмӕй йӕ базона (2 Петры 3:9).

ДӔ БОН КУЫД У РАСТ ДИН БАЗОНЫН?

5. Раст диныл хӕст адӕмы дӕ бон цӕмӕй у базонын?

5 Йесо загъта, раст диныл хӕст адӕмы кӕй ис базонӕн, цӕуыл ӕууӕндынц ӕмӕ цы аразынц, уымӕй. Афтӕ загъта: «Сӕ хъуыддӕгтӕй [комкоммӕ «дыргътӕй», фиппаинаг] сӕ базондзыстут». Ӕмӕ ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Алы хорз бӕласыл дӕр ӕрзайы хорз дыргътӕ» (Матфейы 7:16, 17). Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыцы адӕм алцӕмӕй ӕххӕст сты. Фӕлӕ уыдон алкӕддӕр фӕархайынц, раст цы у, уый аразыныл. Цӕй ӕмӕ бӕстондӕр аныхас кӕнӕм, раст диныл хӕст адӕмы бӕлвырдӕй цӕмӕй ис базонӕн, ууыл.

6, 7. Цӕмӕн у Библи раст дины ахуырӕдты бындур? Йесойӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

6 Сӕ ахуырӕдты бындур у Библи. Библийы фыст ис: «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн, раст зондыл аразынӕн, цӕмӕй Хуыцауы адӕймаг алцыдӕр хорз зона ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уа» (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Апостол Павел чырыстӕттӕм ныффыста: «Махӕй Хуыцауы ныхас куы фехъуыстат, уӕд ӕй адӕймаджы ныхасыл нӕ банымадтат, фӕлӕ, ӕцӕгӕй цы у, ууыл – Хуыцауы ныхасыл» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13). Раст дины ахуырӕдтӕн сӕ бындур у ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Ныхас, Библи. Уыцы ахуырӕдтӕ адӕмы хъуыдытыл ӕмӕ ӕгъдӕуттыл арӕзт не сты.

7 Йесо цыдӕриддӕр амыдта, уыдӕттӕн сӕ бындур уыд Хуыцауы Ныхас. (Бакӕс Иоанны 17:17.) Искӕимӕ-иу куы ныхас кодта, уӕд-иу арӕх ӕрхаста Фыстадӕй кӕцыдӕр скъуыддзӕгтӕ (Матфейы 4:4, 7, 10). Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ дӕр Йесойы фӕзмынц ӕмӕ, иннӕтӕн цыдӕриддӕр амонынц, уыдӕттӕн сӕ бындур у Библи.

8. Хуыцауӕн кувыны тыххӕй Йесо цы дзырдта?

8 Кувынц ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн. Псаломы 83:18 стихы фыст ис: «Ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды... дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн». Йесойы фӕндыд, цӕмӕй адӕм бӕлвырд зыдтаиккой, ӕцӕг Хуыцау чи у, уый, ӕмӕ сын Хуыцауы ном ӕргом кодта. (Бакӕс Иоанны 17:6.) Йесо загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕн» (Матфейы 4:10). Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдон фӕзмынц Йесойы. Уыдон кувынц ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ хонынц йӕ номӕй. Стӕй адӕмӕн Хуыцауы ном ӕргом кӕнынц ӕмӕ сын дзурынц, цы хорздзинӕдтӕ сын сараздзӕн, уый тыххӕй.

9, 10. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уый куыд ӕвдисынц?

9 Кӕрӕдзи уарзынц ӕцӕг уарзтӕй. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдта, кӕрӕдзи кӕй хъуамӕ уарзой. (Бакӕс Иоанны 13:35.) Ӕмӕ уӕлдай нӕу, кӕцӕй сты ӕмӕ сӕ культурӕ цавӕр у, уый кӕнӕ хъӕздыг сты ӕви мӕгуыр. Кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уый сӕ иу кӕны – сты ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ (Колоссӕгтӕм 3:14). Уымӕ гӕсгӕ уыдон хӕстмӕ нӕ цӕуынц ӕмӕ адӕмы нӕ марынц. Библийы фыст ис: «Хуыцауы сывӕллӕтты ӕмӕ Хӕйрӕджы сывӕллӕтты афтӕ ис базонӕн: раст хъуыддӕгтӕ чи нӕ кӕны, уый Хуыцауӕй нӕу. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис, йе ’фсымӕры чи нӕ уарзы, уымӕй дӕр». Дарддӕр та дзы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Мах хъуамӕ кӕрӕдзийы уарзӕм ӕмӕ, Фыдбылызӕй чи уыд ӕмӕ йе ’фсымӕры фыдмард чи акодта, уыцы Каины хуызӕн ма уӕм» (1 Иоанны 3:10–12; 4:20, 21).

10 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сӕ рӕстӕг, сӕ тыхтӕ ӕмӕ сӕ исбон не ’вгъау кӕнынц, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕной ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауой (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Уыдон «алкӕмӕн дӕр хорздзинад» аразынц (Галатӕгтӕм 6:10).

11. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ Йесойы коммӕ цӕмӕн кӕсынц?

11 Йесо Чырыстийы коммӕ кӕсынц, уымӕн ӕмӕ фервӕзӕн ис ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы. Библи зӕгъы: «Фервӕзӕн... ӕндӕр никӕй фӕрцы ис, уымӕн ӕмӕ арвы бын Хуыцау ӕндӕр никӕмӕн радта ахӕм ном – ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы фервӕздзыстӕм» (Хъуыддӕгтӕ 4:12). Ацы чиныджы 5-ӕм сӕрӕй базыдтам, Йегъовӕ Йесойы кӕй рарвыста, цӕмӕй йӕ цард раттаид коммӕгӕс адӕмы тыххӕй (Матфейы 20:28). Йегъовӕ Йесойы равзӕрста, цӕмӕй зӕххӕн Паддзах уа. Ӕмӕ Библийы афтӕ фыст уымӕн ис, зӕгъгӕ нӕ кӕд ӕнустӕм цӕрын фӕнды, уӕд хъуамӕ Йесомӕ хъусӕм. (Бакӕс Иоанны 3:36.)

12. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ политикӕйы цӕуылнӕ архайынц?

12 Политикӕйы нӕ архайынц. Йесо политикӕйы нӕ архайдта. Тӕрхон ын куы кодтой, уӕд ромаг хицау Пилатӕн загъта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу». (Бакӕс Иоанны 18:36.) Раст диныл хӕст адӕм дӕр Йесойау иузӕрдион сты Хуыцауы уӕларвон Паддзахадыл. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ политикӕйы нӕ архайынц, кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр. Фӕлӕ сын Библи фӕдзӕхсы, «хицӕуттӕн», кӕнӕ хицауӕдтӕн, коммӕгӕс ут, зӕгъгӕ (Ромӕгтӕм 13:1). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕххӕст кӕнынц, кӕм цӕрынц, уыцы бӕстӕты закъӕттӕ. Фӕлӕ кӕцыдӕр закъон Хуыцауы закъоны ныхмӕ куы вӕййы, уӕд уыдон дӕр бакӕнынц, апостолтӕ куыд бакодтой, афтӕ. Апостолтӕ загътой: «Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыддӕгтӕ 5:29; Марчы 12:17).

13. Раст диныл хӕст адӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цавӕр хабар хъусын кӕнынц?

13 Уырны сӕ, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн кӕрон ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр. Йесо загъта, «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» хъуыстгонд кӕй ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххыл дӕр. (Бакӕс Матфейы 24:14.) Зӕххон хицауӕдтӕй иуӕн дӕр йӕ бон нӕу сабыр, ӕнӕмӕт цард саразын. Уый йӕ бон у ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахадӕн (Псалом 146:3). Йесо дзырдта, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕй хъуамӕ кувӕм: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:10). Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцауы Паддзахад ныппырх кӕндзӕн зӕххон паддзахӕдтӕ иууылдӕр, ӕмӕ «йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм» (Данел 2:44).

14. Куыд хъуыды кӕныс, кӕмӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ раст диныл хӕст сты?

14 Уӕдӕ федтам, раст диныл хӕст адӕмы цӕмӕй ис базонӕн, уый. Иннӕтӕн цыдӕриддӕр амонынц, уыдӕттӕн сӕ бындур у Библи. Уыдон адӕмӕн Хуыцауы ном ӕргом кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзи ӕцӕг уарзтӕй уарзынц. Уымӕй уӕлдай, Йесойы коммӕ кӕсынц, политикӕйы нӕ архайынц ӕмӕ адӕмӕн дзурынц, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн сабыр, ӕнӕмӕт цард. Афтӕ чи кӕны? Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ (Исай 43:10–12).

ДЫ КУЫД БАКӔНДЗЫНӔ?

15. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ лӕггад Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуа?

15 Фаг нӕу, цӕмӕй адӕймаджы уырна, Хуыцау кӕй ис, уый. Уый уырны суанг хӕйрӕджыты дӕр, фӕлӕ уыдон йӕ коммӕ нӕ кӕсынц (Иаковы 2:19). Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ лӕггад Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуа, уӕд нӕ Хуыцау хъуамӕ ӕрмӕст уырнгӕ ма кӕна. Хъуамӕ ма, цы нын дзуры, уый дӕр аразӕм.

16. Мӕнг диныл нӕ къух цӕмӕн хъуамӕ сисӕм?

16 Цӕмӕй нӕ лӕггад Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ мӕнг диныл нӕ къух сисӕм. Пехуымпар Исай ныффыста: «Рацӕут уырдыгӕй, уӕхи ма фӕчъизи кӕнут» (Исай 52:11; 2 Коринфӕгтӕм 6:17). Йегъовӕйы цӕсты мӕнг дин у чъизи. Ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ, мӕнг динимӕ цыдӕриддӕр баст у, уыдӕттимӕ иумӕйагӕй хъуамӕ ӕппындӕр мацыуал уа.

17, 18. Цы у «Стыр Вавилон» ӕмӕ дзы ӕвӕстиатӕй рацӕуын цӕмӕн хъӕуы?

17 Цы у мӕнг дин? Кӕд динӕн йӕ ахуырӕдтӕ Библимӕ гӕсгӕ раст не сты, уӕд уыцы дин у мӕнг. Зӕххыл цыдӕриддӕр мӕнг динтӕ ис, уыдон Библи хоны «Стыр Вавилон» (Раргомад 17:5). Цымӕ цӕмӕн? Доны хъаймӕты фӕстӕ горӕт Вавилоны фӕзынд бирӕ мӕнг ахуырӕдтӕ. Ӕмӕ стӕй ӕгас зӕххыл апарахат сты. Зӕгъӕм, Вавилоны чи цард, уыцы адӕм куывтой ӕртыгай хуыцӕуттӕн. Ӕмӕ абон дӕр бирӕ динтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, дам, Хуыцау Троицӕ у. Фӕлӕ Библийы комкоммӕ фыст ис, кӕй ис иунӕг ӕцӕг Хуыцау, Йегъовӕ, ӕмӕ Йесо Чырысти та йӕ Фырт кӕй у (Иоанны 17:3). Вавилоны цӕрджыты ма уырныдта, адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ уд цӕргӕйӕ кӕй баззайы ӕмӕ, дам, гӕнӕн ис, зындонмӕ дӕр бахауа. Фӕлӕ уый мӕнг ахуырад у. (Кӕс 14-ӕм, 17-ӕм ӕмӕ 18-ӕм уӕлӕмхасӕнтӕ.)

18 Хуыцау зӕгъы, тагъд мӕнг динтӕй иу дӕр кӕй нал баззайдзӕн (Раргомад 18:8). Ӕмбарыс ӕй, мӕнг динӕй ӕвӕстиатӕй рацӕуын цӕмӕн хъӕуы, уый? Йегъовӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй дзы рацӕуай, цалынмӕ нӕ байрӕджы, уӕдмӕ (Раргомад 18:4).

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы райдайай, уӕд дын фӕзындзӕн, алы адӕмыхӕттытӕй чи сты, ахӕм бинонтӕ

19. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы сфӕнд кӕнай, уӕд дыл Йегъовӕ куыд батыхсдзӕн?

19 Мӕнг дин ныууадзын ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы сфӕнд кӕнай, уӕд дӕ, гӕнӕн ис, де ’мбӕлттӕй кӕнӕ дӕ бинонтӕй иуӕй-иутӕ ма бамбарой, ӕмӕ дӕ ныхмӕ рацӕуой. Фӕлӕ дӕ Йегъовӕ нӕ ныууадздзӕн. Ратдзӕн дын, кӕрӕдзи ӕцӕг уарзтӕй чи уарзы, ахӕм бинонтӕ – уыдон сты цалдӕр милуаны ӕмӕ цӕрынц ӕгас зӕххыл дӕр. Уымӕй уӕлдай ма дын фӕзындзӕн ӕнустӕм Хуыцауы ног дунейы цӕрыны ныфс (Марчы 10:28–30). Стӕй де ’мбӕлттӕй кӕнӕ дӕ бинонтӕй дӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕй исчи, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕстӕдӕр Библи ахуыр кӕнын райдайа.

20. Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй Хуыцауӕн, йӕ зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ лӕггад кӕнын райдайай?

20 Тынг тагъд Хуыцау ӕппӕт фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн ӕмӕ йӕ Паддзахад ӕгас зӕххӕн дӕр разамынд дӕтдзӕн (2 Петры 3:9, 13). Уый диссаджы рӕстӕг уыдзӕн! Иууылдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзысты, уый куыд фӕнды, афтӕ. Уӕдӕ фӕстиат ма кӕн. Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй Хуыцауӕн, йӕ зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ лӕггад кӕнын райдайай.