Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 СӔРГОНД

Хуыцау сфӕлдыста фыццаг нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы

Хуыцау сфӕлдыста фыццаг нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы

Йегъовӕ зӕххыл иу ран скодта рӕсугъд цӕхӕрадон. Уыцы бынат хуынди Едем ӕмӕ дзы уыди бирӕ дидинджытӕ, бӕлӕстӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ. Уый фӕстӕ Хуыцау сыджытӕй скодта фыццаг нӕлгоймаджы, Адамы, ӕмӕ йын йӕ фындзыхуынчъыты баулӕфыд. Ӕмӕ цы ’рцыд, уый зоныс? Адам сси удӕгас адӕймаг! Йегъовӕ йын бахӕс кодта, цӕмӕй Едемы цӕхӕрадонмӕ зылдаид, стӕй цӕмӕй цӕрӕгойтӕн се ’ппӕтӕн дӕр нӕмттӕ радтаид.

Фӕлӕ Йегъовӕ Адамы иу цӕмӕйдӕр бафӕдзӕхста. Загъта йын: «Цӕхӕрадоны алы бӕласы дыргътӕй дӕр дӕ бон у хӕрын. Фӕлӕ иу бӕласы дыргътӕй ма бахӕр. Куы дзы бахӕрай, уӕд амӕлдзынӕ».

Фӕстӕдӕр Йегъовӕ загъта: «Адамӕн ӕххуысгӕнӕг скӕнон». Хуыцау афтӕ бакодта, цӕмӕй Адам бафынӕй уыдаид ӕмӕ мацы ӕмбӕрстаид. Стӕй йын йӕ фӕрсчытӕй иу систа ӕмӕ йын дзы ус скодта. Йӕ ном хуынди Евӕ. Адам ӕмӕ Евӕ систы фыццаг бинонтӕ. Цымӕ Адам цин кодта, ус ын кӕй фӕзынд, ууыл? О. Уый загъта: «Мӕнӕ диссаг, Йегъовӕ мӕ фӕрскӕй цы скодта! Кӕдӕй-уӕдӕй! Мӕн хуызӕн чидӕр ма фӕзынд».

Йегъовӕ Адамӕн ӕмӕ Евӕйӕн загъта, цӕмӕй сывӕллӕттӕ рауагътаиккой ӕмӕ зӕхх адӕмӕй байдзаг кодтаиккой. Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй адӕм иумӕ цингӕнгӕйӕ куыстаиккой ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххӕй дзӕнӕт скодтаиккой. Афтӕмӕй зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр Едемы цӕхӕрадоны хуызӕн рӕсугъд суыдаид. Фӕлӕ хабар афтӕ нӕ рауад. Цӕуылнӕ? Уый тыххӕй базондзыстӕм иннӕ сӕрӕй.

«Райдианы сӕ чи сфӕлдыста, уый сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй... сфӕлдыста» (Матфейы 19:4)