Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

64 СӔРГОНД

Данел домбӕйтты дзыхъхъы

Данел домбӕйтты дзыхъхъы

Вавилоны иннӕ паддзах уыд мидиаг Дари. Уый уыдта, Данел иннӕтӕй сӕрӕндӕр кӕй уыд. Ӕмӕ, ӕнӕхъӕн бӕстӕйы цы стыр хицӕуттӕ уыд, уыдонӕн ӕй хистӕрӕй сӕвӕрдта. Уыцы лӕгтӕ Данелмӕ хӕлӕг кодтой, ӕмӕ йӕ сфӕнд кодтой истӕмӕй фӕаххосджын кӕнын, цӕмӕй дзы фервӕзтаиккой. Уыдон зыдтой, Данел бон ӕртӕ хатты Йегъовӕмӕ кӕй фӕкувы, ӕмӕ Дарийӕн загътой: «О паддзах, ахӕм закъон рауадз, цӕмӕй адӕм се ’ппӕт дӕр ӕрмӕстдӕр дӕуӕн кувой. Ӕмӕ-иу ацы закъонмӕ чи нӕ байхъуса, уый-иу домбӕйтты дзыхъхъы ныппарӕнт». Уыцы хъуыды Дарийӕн йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, ӕмӕ ахӕм закъон рауагъта.

Данел куыддӕр ног закъоны тыххӕй фехъуыста, афтӕ йӕ хӕдзармӕ ацыд, рудзынджы раз йӕ уӕрджытыл ӕрлӕууыд ӕмӕ Йегъовӕмӕ кувын райдыдта. Йе знгӕгтӕ йӕм йӕ хӕдзармӕ ӕрбабырстой ӕмӕ йӕ кувгӕйӕ ӕрбаййӕфтой. Ӕмӕ уӕд Даримӕ уайтагъд ацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Цы закъон рауагътай, уый Данел ницӕмӕ дары. Бон ӕртӕ хатты йӕ Хуыцаумӕ фӕкувы». Дари Данелмӕ хорз зӕрдӕ дардта, ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй амардаид. Ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон хъуыдытӕ кодта, Данелы куыд фервӕзын кодтаид, ууыл. Фӕлӕ паддзахӕн суанг йӕхи бон дӕр нӕ уыд, йӕхӕдӕг цы закъон сфидар кодта, уый аивын. Гъемӕ йын ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, ӕмӕ Данелы домбӕйтты дзыхъхъы ныппарын кодта.

Уыцы ӕхсӕв Дари Данелыл афтӕ тынг мӕт кодта, ӕмӕ фынӕй дӕр нӕ баци. Райсомӕй раджы, Данел цы дзыхъхъы уыд, уырдӕм атагъд кодта ӕмӕ йӕм фӕдзырдта: «Данел, дӕ Хуыцау дӕ фервӕзын кодта?»

Ӕмӕ паддзахмӕ Данелы хъӕлӕс райхъуыст. Данел ын загъта: «Йегъовӕйы зӕд домбӕйттӕн сӕ дзыхтӕ бахгӕдта. Ӕппындӕр мын ницы кодтой». Дарийы цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд! Йӕ лӕггадгӕнджытӕн Данелы уыцы дзыхъхъӕй сисын кодта. Иу цъӕррӕмыхст дӕр ыл нӕ уыд. Стӕй паддзах загъта: «Данелы чи фӕаххосджын кодта, уыдоны ацы дзыхъхъы ныппарут». Уыцы лӕгты куыддӕр дзыхъхъы ныппӕрстой, афтӕ сӕм домбӕйттӕ фӕлӕбурдтой ӕмӕ сӕ бахордтой.

Дари йӕ адӕмӕн фехъусын кодта: «Алчидӕр хъуамӕ тӕрса Данелы Хуыцауӕй! Домбӕйттӕй йӕ уый фервӕзын кодта».

Ды дӕр Данелау Йегъовӕмӕ алы бон дӕр фӕкувыс?

«Йегъовӕ зоны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны куыд хъӕуы фӕлварӕнтӕй ирвӕзын кӕнын» (2 Петры 2:9)