Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

57 СӔРГОНД

Йегъовӕ Йеремийы пехуымпарӕй равзӕрста

Йегъовӕ Йеремийы пехуымпарӕй равзӕрста

Йегъовӕ Йеремийы равзӕрста, цӕмӕй Иудӕйы пехуымпарӕй лӕггад кодтаид. Хъуамӕ Хуыцауы номӕй адӕмӕн дзырдтаид, цӕмӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ мауал кодтаиккой. Фӕлӕ Йереми загъта: «Йегъовӕ, ӕз дзурынмӕ нӕ арӕхсын, нырма ӕрыгон дӕн». Йегъовӕ йын загъта: «Ма тӕрс. Ӕз дын ӕххуыс кӕндзынӕн. Мӕхӕдӕг дын зӕгъдзынӕн, цы дзурын хъӕуы, уый».

Йегъовӕ Йеремийӕн загъта, цӕмӕй адӕмы хистӕр лӕгты ӕрӕмбырд кодтаид, сӕ разы сын ӕлыгӕй конд дурын асастаид ӕмӕ сын ахӕм ныхӕстӕ загътаид: «Ацы дурын куыд ныппырх, афтӕ ныппырх уыдзӕн Иерусалим дӕр». Йереми дӕр афтӕ бакодта, ӕмӕ йӕм хистӕр лӕгтӕ тынг смӕсты сты. Сауджын Пашхур Йеремийы ныццавта ӕмӕ йын йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ хъӕдын хъадаманты бакодта. Йеремийӕн ӕнӕхъӕн ӕхсӕв йӕ бон фезмӕлын дӕр нӕ уыд. Иннӕ бон ӕй райсомӕй Пашхур суӕгъд кодта. Йереми загъта: «Мӕ бон нал у Йегъовӕйы ныхас хъусын кӕнын!» Цымӕ ӕцӕгдӕр нал хъусын кодта? Йереми ахъуыды кодта ӕмӕ загъта: «Йегъовӕйы ныхас мӕ зӕрдӕйы артау судзы. Мӕ бон хъусӕй лӕууын нӕу». Ӕмӕ та дарддӕр адӕмӕн Йегъовӕйы ныхас дзырдта.

Бирӕ азтӕ рацыд, ӕмӕ Иудӕйы фӕзынд ног паддзах. Йереми цы хабар хъусын кодта, уый сауджынтӕн ӕмӕ мӕнг пехуымпартӕн сӕ зӕрдӕмӕ ӕппындӕр нӕ цыд, ӕмӕ кънйӕзтӕн загътой: «Ацы лӕджы амарын хъӕуы». Йереми уый куы фехъуыста, уӕд сын загъта: «Сымах уый зонут, ӕмӕ ӕнаххос адӕймаджы хъавут марынмӕ?! Ӕз уын мӕхи ныхӕстӕ нӕ дзурын, фӕлӕ мын Йегъовӕ цы загъта, уый». Уӕд кънйӕзтӕ загътой: «Ацы лӕджы нӕй марӕн».

Йереми дарддӕр Йегъовӕйы ныхас хъусын кодта. Фӕлӕ та йӕм кънйӕзтӕ мӕсты кӕнын райдыдтой, ӕмӕ паддзахӕй бар ракуырдтой, цӕмӕй йӕ амардтаиккой. Уый сын загъта, цыдӕриддӕр уӕ фӕнды, уый йын кӕнут, зӕгъгӕ. Уыдон дӕр Йеремийы акодтой ӕмӕ йӕ цъыфӕй йедзаг дзыхъхъы ныппӕрстой, цӕмӕй уым амардаид. Ӕмӕ Йереми уым ныгъуылын райдыдта.

Уӕд паддзахмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй иу, Авдемелех, ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта: «Кънйӕзтӕ Йеремийы дзыхъхъы ныппӕрстой, ӕмӕ йӕ уым куы ныууадзӕм, уӕд амӕлдзӕн». Паддзах Авдемелехӕн загъта, цӕмӕй йемӕ 30 лӕджы акодтаид ӕмӕ Йеремийы дзыхъхъӕй систаиккой. Уӕдӕ кӕд Йеремийы ныхмӕ цыдысты, цӕмӕй Йегъовӕйы ныхас мауал хъусын кодтаид, уӕддӕр ӕй ницы баурӕдта. Йереми нын фӕзминаг нӕу?

«Мӕ номы тыххӕй [уӕ] ӕппӕт адӕм дӕр се сӕфт уындзысты. Фӕлӕ кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн» (Матфейы 10:22)