Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

79 СӔРГОНД

Йесо арӕзта бирӕ диссӕгтӕ

Йесо арӕзта бирӕ диссӕгтӕ

Йесо зӕхмӕ ӕрцыд, цӕмӕй адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар дзырдтаид. Йегъовӕ йӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кодта, цӕмӕй диссӕгтӕ арӕзтаид ӕмӕ адӕм федтаиккой, Йесо Паддзах куы суа, уӕд цы сараздзӕн, уый. Йӕ бон уыди цыфӕнды низ дӕр сдзӕбӕх кӕнын. Кӕмфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр-иу ӕм рынчын адӕм ӕрбацыдысты, ӕмӕ-иу сӕ се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта. Ӕмӕ-иу куырмытӕ цӕстӕй ракастысты, къуырматӕн-иу сӕ хъустӕ байгом сты, йӕ бон цӕуын кӕмӕн нӕ уыд, уыдон-иу сӕ къахыл слӕууыдысты, йӕ мидӕг хӕйрӕджытӕ кӕмӕн уыд, уыдон та-иу сӕ ссӕрибар сты. Суанг-иу ын йӕ дарӕсы кӕроныл дӕр чи андзӕвыд, уый дӕр-иу адзӕбӕх. Кӕдӕмфӕнды ма ацыдаид, уӕддӕр-иу адӕм йӕ фӕдыл цыдысты. Ӕмӕ-иу ӕй кӕд иунӕгӕй аззайын дӕр фӕндыд, уӕддӕр сын афтӕ никуы загъта, нӕ мӕ ’вдӕлы, зӕгъгӕ.

Иухатт Йесо иу хӕдзары уыд, ӕмӕ йӕм уырдӕм чидӕртӕ ӕрбахастой, паралич кӕй ныццавта, ахӕм нӕлгоймаджы. Фӕлӕ дзы уыйбӕрц адӕм уыди, ӕмӕ мидӕмӕ бахизӕн дӕр нӕ уыд. Уӕд уыдон хӕдзары цар райхӕлдтой ӕмӕ уыцы нӕлгоймаджы Йесомӕ уӕлӕты ӕруагътой. Йесо уыцы лӕгӕн загъта: «Сыст уӕлӕмӕ ӕмӕ цу». Лӕг куы сыстад, уӕд адӕм тынг бадис кодтой.

Ӕндӕр хатт та Йесо иу хъӕумӕ бацыди, ӕмӕ йӕм, хъотырӕй рынчын чи уыд, дӕс ахӕм лӕджы дардӕй хъӕр кӕнын райдыдтой: «Йесо, баххуыс нын кӕн!» Уӕды заман хъотырджынтӕн адӕммӕ хӕстӕг цӕуӕн нӕ уыди. Йегъовӕйы Закъонмӕ гӕсгӕ, хъотырӕй рынчын чи уыд, уый-иу куы сдзӕбӕх уыдаид, уӕд-иу хъуамӕ кувӕндонмӕ ацыдаид. Ӕмӕ Йесо дӕр уыцы нӕлгоймӕгтӕн загъта, цӕмӕй афтӕ бакодтаиккой. Ӕмӕ нырма фӕндагыл уыдысты, афтӕ сдзӕбӕх сты. Сӕ иу, кӕй сдзӕбӕх, уый куы бамбӕрста, уӕд фӕстӕмӕ раздӕхт, цӕмӕй Йесойӕн бузныг загътаид ӕмӕ Хуыцауы скадджын кодтаид. Уыцы дӕс адӕймагӕй Йесойӕн бузныг ӕрмӕстдӕр ацы нӕлгоймаг загъта.

Иу сылгоймаг та 12 азы уыд тынг рынчын, ӕмӕ афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ никуыуал сдзӕбӕх уыдзӕн. Уый Йесомӕ фӕстӕрдыгӕй адӕмы ’хсӕнты бацыд ӕмӕ йын йе ’ддаг дарӕсы кӕроныл андзӕвыд. Уыцы тӕккӕ сылгоймаг адзӕбӕх. Уӕд Йесо загъта: «Чи мыл андзӕвыд?» Сылгоймаг фӕтарст, фӕлӕ уӕддӕр размӕ рацыд ӕмӕ, хабар куыд уыд, уый радзырдта. Йесо йын фӕлмӕнӕй загъта: «Мӕ чызг, фарнимӕ цу».

Иухатт та иу хицау, Иаир, зӕгъгӕ, Йесойӕн ныллӕгъстӕ кодта: «Мӕ гыццыл чызг тынг рынчын у. Дӕ хорзӕхӕй, цом мемӕ!» Фӕлӕ Йесо Иаиры хӕдзармӕ нӕма бахӕццӕ, афтӕ чызг амард. Йесо куы ’рбацыд, уӕд дзы бирӕ адӕмы ӕрбаййӕфта. Уыдон ӕрбацыдысты, цӕмӕй зианджын бинонты фарсмӕ балӕууыдаиккой. Йесо сын загъта: «Ма кӕут, чызг фынӕй кӕны». Стӕй чызгӕн йӕ къухыл рахӕцыд ӕмӕ загъта: «Чызг, сыст!» Чызг уайтагъд уӕлӕмӕ сыстад, ӕмӕ йын Йесо йӕ ныййарджытӕн загъта, цӕмӕй йын исты бахӕрын кодтаиккой. Ахъуыды-ма кӕн, чызджы ныййарджытӕ куыд тынг цин кодтаиккой!

«Хуыцау ӕй байсӕрста йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ хъаруйӕ, ӕмӕ уый зылди ӕгас бӕстӕйыл ӕмӕ адӕмӕн хорздзинӕдтӕ арӕзта, Хӕйрӕг тухӕнӕй кӕй мардта, уыдоны се ’ппӕты дӕр дзӕбӕх кодта» (Хъуыддӕгтӕ 10:38)