Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разныхас 14 хаймӕ

Разныхас 14 хаймӕ

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар фӕхӕццӕ кодтой суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр. Йесо сын бацамыдта, кӕм хъуамӕ хъусын кӕной, уый ӕмӕ сӕ ахӕм курдиатӕй схайджын кодта, цӕмӕй сӕ бон уыдаид алыхуызон адӕмимӕ сӕ мадӕлон ӕвзӕгтыл дзурын. Йегъовӕ сын радта хъӕбатырдзинад ӕмӕ хъару, цӕмӕй, сӕ ныхмӕ куы цыдаиккой, уӕд сӕ бон уыдаид фидар фӕлӕууын.

Йесо апостол Иоаннӕн цӕстылуайӕны равдыста Йегъовӕйы кад. Иннӕ цӕстылуайӕны та Иоанн федта, уӕларвон Паддзахад Хӕйрӕгыл куыд фӕуӕлахиз ӕмӕ йын йӕ хицаудзинадӕн кӕрон куыд скодта, уый. Федта ма, Паддзах Йесо ӕмӕ йын чи ӕххуыс кӕны, уыцы 144 000 паддзахы уӕлӕрвты цы аразынц, уый. Стӕй ма федта, ӕнӕхъӕн зӕхх дзӕнӕт куыд сси, адӕм дзы фӕрнӕй куыд цӕрынц ӕмӕ иумӕ Йегъовӕйӕн куыд лӕггад кӕныц.

АЦЫ ХАЙЫ

94 СӔРГОНД

Ахуыргӕнинӕгтӕ схайджын сты Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй

Сыгъдӕг тыхы фӕрцы цавӕр диссаджы курдиатӕй схайджын сты?

95 СӔРГОНД

Никӕй бон сӕ уыд бауромын

Йесойы чи амарын кодта, уыцы дины разамонджытӕ архайдтой йӕ ахуыргӕнинӕгты бауромыныл. Фӕлӕ сын дзы ницы рауад.

96 СӔРГОНД

Йесо Савлы равзӕрста, цӕмӕй бирӕ адӕмтӕн хъусын кодтаид

Савл чырыстӕтты карзӕй ӕфхӕрдта, фӕлӕ фӕстӕдӕр уавӕр фӕивта.

97 СӔРГОНД

Корнилий схайджын Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй

Хуыцау Петры уыцы нӕлгоймагмӕ цӕмӕн арвыста, кӕд ӕмӕ дзуттаг нӕ уыд, уӕд?

98 СӔРГОНД

Ӕндӕр адӕмтӕй бирӕтӕ систы чырыстӕттӕ

Апостол Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ райдыдтой дард бӕстӕты хъусын кӕнын.

99 СӔРГОНД

Ахӕстонгӕс рӕстдзинад базыдта

Павелы ӕмӕ Силӕйы ахӕстоны цӕмӕн сбадын кодтой? Ахӕстонгӕс рӕстдзинад куыд базыдта?

100 СӔРГОНД

Павел ӕмӕ Тимофей

Ацы дыууӕ нӕлгоймаджы бирӕ азты дӕргъы Хуыцауӕн иумӕ фӕлӕггад кодтой ӕмӕ уыдысты хорз ӕмбӕлттӕ.

101 СӔРГОНД

Павелы арвыстой Роммӕ

Кӕд йӕ балцы рӕстӕг йӕ цардӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты уыд тӕссаг, уӕддӕр ӕй ницы баурӕдта.

102 СӔРГОНД

Иоаннӕн раргом сты фидӕны хабӕрттӕ

Йесо йын равдыста, фидӕнмӕ чи хауы, бирӕ ахӕм цӕстылуайӕнтӕ.

103 СӔРГОНД

«Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад»

Раргомады чиныгӕй бӕрӕг у, Хуыцауы Паддзахад зӕххыл цард куыд фӕивдзӕн, уый.