Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

102 СӔРГОНД

Иоаннӕн раргом сты фидӕны хабӕрттӕ

Иоаннӕн раргом сты фидӕны хабӕрттӕ

Апостол Иоанн Чырыстийы тыххӕй кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй йӕ ӕрцахстой ӕмӕ йӕ Патмосы сакъадахмӕ арвыстой. Уым ын Йесо, фидӕны цы уыдзӕн, уый тыххӕй 16 цӕстылуайӕны равдыста. Уыцы цӕстылуайӕнты Иоанн федта, Йегъовӕйы ном куыд ссыгъдӕг уыдзӕн, йӕ Паддзахад куыд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ фӕндон уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр куыд сӕххӕст уыдзӕн.

Иу цӕстылуайӕны Иоанн федта Йегъовӕйы уӕлӕрвты йӕ кадджын паддзахбадӕныл бадгӕ. Йӕ алыварс бадти 24 хистӕр лӕджы. Сӕ уӕлӕ уыди урс дарӕстӕ, сӕ сӕртыл та – сызгъӕрин кадыхудтӕ. Паддзахбадӕнӕй цыди арвӕрттывдтытӕ ӕмӕ дзы хъуысти арвы нӕрын. 24 хистӕр лӕджы-иу Йегъовӕйы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудысты ӕмӕ-иу ын бакуывтой. Иннӕ цӕстылуайӕны Иоанн федта, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кодта, уыцы тынг бирӕ адӕмы ӕппӕт адӕмтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй. Иоанн ма федта, Уӕрыкк, ома Йесо, уыцы адӕммӕ йӕ хъус куыд дардта ӕмӕ сӕ царды суадӕттӕм куыд кодта, уый. Фӕстӕдӕр Иоанн цы цӕстылуайӕн федта, уым Йесо уӕлӕрвты сси Паддзах ӕмӕ 24 хистӕр лӕджы дӕр йемӕ систы паддзӕхтӕ. Иннӕ цӕстылуайӕны Иоанн федта, Йесо залиаг калмимӕ, ома Хӕйрӕгимӕ, ӕмӕ йӕ дӕлимонтимӕ куыд схӕцыд ӕмӕ сӕ уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ куыд раппӕрста, уый.

Уый фӕстӕ Иоанн ӕндӕр цӕстылуайӕны федта, Сионы хохыл Уӕрыкк ӕмӕ 144 000 ӕвзӕрсты куыд лӕууыдысты, уый. Стӕй ма федта иу зӕды арвы тӕхгӕ. Уый зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр дзырдта, цӕмӕй Хуыцауӕй тӕрсой ӕмӕ йӕ кадджын кӕной.

Иннӕ цӕстылуайӕны Иоанн федта Армагеддоны хӕст. Уыцы хӕсты Йесо ӕмӕ йе ’фсад Хӕйрӕджы фыддуне фесӕфтой. Фӕстаг цӕстылуайӕны та Иоанн федта, уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр фарн кӕй уыд. Хӕйрӕгӕн ӕмӕ, йӕ зондыл чи ацыд, уыдонӕн та се сӕфт ӕрцыд. Иоанн федта, уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр иууылдӕр Йегъовӕйӕн куыд лӕггад кодтой ӕмӕ йын йӕ сыгъдӕг номӕн куыд кад кодтой.

«Ӕз дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ уый байзӕддаджы кӕрӕдзийӕн скӕндзынӕн знӕгтӕ. Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ» (Райдиан 3:15)