Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

7 СӔРГОНД

Вавилоны мӕсыг

Вавилоны мӕсыг

Доны хъаймӕты фӕстӕ Нойы фырттӕн райгуырд бирӕ сывӕллӕттӕ. Сӕ бинонтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой ӕмӕ сын Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ зӕххы алы рӕттӕм цӕрынмӕ ацыдысты.

Фӕлӕ иуӕй-иу бинонтӕ Йегъовӕмӕ нӕ байхъуыстой. Уыдон загътой: «Нӕхицӕн саразӕм горӕт, цӕмӕй дзы цӕрӕм. Стӕй сараздзыстӕм тынг бӕрзонд мӕсыг, йӕ цъупп арвыл куыд ӕндзӕва. Ӕмӕ нӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл иууылдӕр зондзысты».

Уыцы адӕм цы арӕзтой, уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ цыд, ӕмӕ загъта, сӕ куыст сын кӕй бауромдзӕн. Зоныс ӕй, цы сарӕзта? Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ уыцы адӕм ӕвиппайды алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой. Сӕ кӕрӕдзи кӕй нал ӕмбӕрстой, уый тыххӕй сӕ бон нал уыд иумӕ уыцы мӕсыг амайын. Цы горӕт арӕзтой, уый хуынди Вавилон. Дзырд «Вавилон» нысан кӕны «хӕццӕ». Вавилоны адӕм уырдыгӕй ацыдысты ӕмӕ зӕххы алы рӕтты ӕрцардысты. Фӕлӕ уымыты дӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзтой. Цымӕ ма уӕд, Йегъовӕйы чи уарзта, ахӕм адӕм уыди? Уый базондзыстӕм иннӕ сӕрӕй.

«Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй» (Иаковы 4:6)