Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

12 СӔРГОНД

Исавы бынтӕ Иаковмӕ ӕрхаудысты

Исавы бынтӕ Иаковмӕ ӕрхаудысты

Исахъыл 40 азы куы цыди, уӕд ракуырдта Ревеккӕйы. Исахъ ӕй тынг уарзта. Рӕстӕг куы рацыд, уӕд сын райгуырд дыууӕ лӕппуйы, фаззӕттӕ.

Хистӕр лӕппуйы схуыдтой Исав, кӕстӕры та – Иаков. Исав уарзта йӕ рӕстӕг ӕддейӕ ӕрвитын ӕмӕ уыд хорз цуанон. Иаков та-иу арӕхдӕр хӕдзары баззад.

Уыцы заманты-иу сывӕллӕттӕн сӕ фыд куы амард, уӕд-иу хистӕр фыртӕн баззад зӕххытӕн сӕ фылдӕр хай ӕмӕ фылдӕр ӕхца. Фыдӕй сывӕллӕттӕн цы баззайы, уый фӕхонынц бынтӕ. Фӕлӕ Исахъы хистӕр фыртӕн цы бынтӕ хъуамӕ баззадаид, уыдонмӕ ӕрмӕст зӕххытӕ ӕмӕ ӕхца нӕ хаудысты. Уыцы бынтӕм ма хаудысты, Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ цы хорздзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдон дӕр. Исав уыцы хорздзинӕдтӕн ӕппындӕр нӕ аргъ кодта, Иаков та сын тынг аргъ кодта.

Иухатт Исав ӕнӕхъӕн бон цуаны уыди ӕмӕ хӕдзармӕ тынг фӕлладӕй ӕрбацыд. Иаков та уыцы рӕстӕг хӕринаг кодта. Исав хӕринаджы тӕф куы бамбӕрста, уӕд Иаковӕн загъта: «Ӕххормагӕй мӕлын! Ратт-ма мын уыцы сырх хӕринагӕй!» Иаков загъта: «Ратдзынӕн дын дзы, фӕлӕ уал мын дзырд ратт, дӕ бынтӕ мӕнӕн кӕй ратдзынӕ». Исав загъта: «Мӕн ницӕмӕн хъӕуынц! Дӕу фӕуӕнт. Ӕрмӕст мын хӕринаг ратт». Куыд хъуыды кӕныс, Исав зондджын ми бакодта? Стыр аргъ цӕмӕн уыди, уый хӕринагыл баивта!

Исахъ куы базӕронд, уӕд рӕстӕг ӕрцыд, цӕмӕй йӕ хистӕр фыртӕн раарфӕ кодтаид. Фӕлӕ Ревеккӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй Исахъ раарфӕ кодтаид сӕ кӕстӕр фырт Иаковӕн. Исав уый куы базыдта, уӕд тынг смӕсты, ӕмӕ сфӕнд кодта йӕ фаззон ӕфсымӕры амарын. Исахъ ӕмӕ Ревеккӕйы фӕндыд Иаковы бахъахъхъӕнын, ӕмӕ йын загътой: «Дӕ мады ӕфсымӕрмӕ, Лаванмӕ, ацу ӕмӕ уым лӕуу, цалынмӕ Исавӕн йӕ маст не ссӕуа, уӕдмӕ». Иаков йӕ ныййарджытӕм байхъуыста ӕмӕ алыгъд, цӕмӕй йӕ йе ’фсымӕр ма амардтаид.

«Адӕймаг дуне ӕгасӕй дӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ цард та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Ӕниу цы ратдзӕн адӕймаг йӕ царды тыххӕй?» (Марчы 8:36, 37)