Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разныхас 4 хаймӕ

Разныхас 4 хаймӕ

Ацы хайӕ базондзыстӕм Иосиф, Иов, Моисей ӕмӕ израилӕгты тыххӕй. Хӕйрӕг сын се ’ппӕтӕн дӕр бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын кодта. Чи ӕнаххосӕй ӕфхӕрд баййӕфта, чи ахӕстоны фӕци, чи цагъар уыди, кӕмӕндӕр та дзы ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ бинонтӕй чидӕртӕ фӕмард сты. Фӕлӕ-иу сын Йегъовӕ ӕххуыс кодта. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнут, уыцы адӕймӕгтӕн ахӕм уӕззау фӕлварӕнты дӕр сӕ уырнындзинад цӕуылнӕ фӕцудыдта.

Йегъовӕ египетӕгтыл дӕс бӕллӕхы ӕруагъта, цӕмӕй федтаиккой, сӕ хуыцӕуттӕй се ’ппӕтӕй дӕр бирӕ тыхджындӕр кӕй у. Уӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнут, Йегъовӕ рагзаманты дӕр йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕдта ӕмӕ сӕ абон дӕр куыд хъахъхъӕны.

АЦЫ ХАЙЫ

14 СӔРГОНД

Хуыцаумӕ чи хъуыста, уыцы цагъар

Иосиф арӕзта, раст цы у, уый, фӕлӕ-иу уӕддӕр стыр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд. Цӕмӕн?

15 СӔРГОНД

Йегъовӕ Иосифы никуы рох кодта

Кӕд Иосиф йӕ бинонтӕй дард уыд, уӕддӕр ын Хуыцау ӕххуыс кодта.

16 СӔРГОНД

Чи уыд Иов?

Иов уыд Хуыцауӕн кувӕг адӕймаг. Уый Йегъовӕмӕ хъуыста, уый йын зын куы уыд, суанг уӕд дӕр.

17 СӔРГОНД

Моисейы бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын

Ноггуырд Моисейы йӕ мад фервӕзын кодта.

18 СӔРГОНД

Судзгӕ къутӕр

Судзгӕ къутӕрӕн басудзӕн цӕуылнӕ уыд?

19 СӔРГОНД

Фыццаг ӕртӕ бӕллӕхы

Фараон тынг сӕрбӕрзонд кӕй уыд, уый тыххӕй Хуыцау египетӕгтыл бӕллӕхтӕ ӕруагъта.

20 СӔРГОНД

Иннӕ ӕхсӕз бӕллӕхы

Ацы бӕллӕхтӕ иннӕ ӕртӕ бӕллӕхӕй цӕмӕй хицӕн кодтой?

21 СӔРГОНД

Дӕсӕм бӕллӕх

Дӕсӕм бӕллӕх ахӕм карз уыд, ӕмӕ сӕрбӕрзонд фараон израилӕгты ауагъта.

22 СӔРГОНД

Сырх денджызы раз ӕрцыд диссаг

Египетыл дӕс бӕллӕхы куы ’рцыд, уӕд фараон аирвӕзт. Фӕлӕ цымӕ, Хуыцау Сырх денджызы раз диссаг куы сарӕзта, уӕд та цы баци?