Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

19 СӔРГОНД

Фыццаг ӕртӕ бӕллӕхы

Фыццаг ӕртӕ бӕллӕхы

Израилӕгтӕ египетӕгтӕн уыдысты цагъартӕ ӕмӕ сын уыдон уӕззау куыст кӕнын кодтой. Йегъовӕ Моисейы ӕмӕ Аароны фараонмӕ арвыста ахӕм ныхӕстимӕ: «Мӕ адӕмы мын ауадз, цӕмӕй мын ӕдзӕрӕг быдыры бакувой». Фӕлӕ сын сӕрбӕрзонд фараон загъта: «Йегъовӕ цы дзуры, уый мӕм нымады дӕр нӕу. Ӕз израилӕгты нӕ ауадздзынӕн». Уый фӕстӕ фараон израилӕгтӕн сӕ куыст фӕфылдӕр кодта. Гъемӕ Йегъовӕ сфӕнд кодта фараоны бафхӕрын. Зоныс, куыд? Египетыл дӕс бӕллӕхы ӕруагъта. Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Фараон мын мӕ ныхасмӕ нӕ хъусы. Райсомӕй уыдзӕн Нилы цӕугӕдоны был. Бацу-иу ӕм ӕмӕ-иу ын зӕгъ, мӕ адӕмы мын кӕй нӕ уадзы, уый тыххӕй Нилы цӕугӕдон туг кӕй фестдзӕн». Моисей Йегъовӕмӕ байхъуыста ӕмӕ фараонмӕ ацыд. Фараон федта, Аарон йӕ лӕдзӕгӕй Нилы цӕугӕдон куыд ӕрцавта ӕмӕ дон туг куыд фестад, уый. Дон ӕвзӕр тӕф скодта ӕмӕ дзы цы кӕсӕгтӕ уыд, уыдон амардысты. Уыцы донӕй нуазӕн дӕр нал уыд. Фӕлӕ фараон уӕддӕр нӕ басаст ӕмӕ израилӕгты нӕ ауагъта.

Авд боны фӕстӕ та Йегъовӕ Моисейы ногӕй фараонмӕ арвыста ахӕм ныхӕстимӕ: «Мӕ адӕмы мын куы нӕ ауадзай, уӕд Египеты зӕхх хӕфсыты бын фӕкӕндзынӕн». Фӕлӕ та фараон израилӕгты нӕ ауагъта. Уӕд Аарон йӕ лӕдзӕг цӕугӕдӕттӕм адардта, ӕмӕ дзы бирӕ хӕфсытӕ рацыд. Хӕфсытӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм нал баззад – сӕ хӕдзӕртты, сӕ хуыссӕнты ӕмӕ ма суанг, хӕргӕ кӕмӕй кодтой, уыцы къусты дӕр! Фараон Моисейӕн загъта: «Йегъовӕйӕн балӕгъстӕ кӕн, цӕмӕй хӕфсыты фесафа, ӕмӕ уӕд израилӕгты ауадздзынӕн». Уӕд Йегъовӕ уыцы бӕллӕх баурӕдта. Египетӕгтӕ тынг бирӕ мард хӕфсытӕ ӕрӕмбырд кодтой, ӕмӕ бӕстӕ сӕ хӕдмӕлы тӕфӕй байдзаг. Фӕлӕ та фараон ногӕй йӕ ныхас фӕсайдта ӕмӕ израилӕгты нӕ ауагъта.

Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Аарон йӕ лӕдзӕгӕй зӕхх ӕрцӕвӕд, ӕмӕ рыг фестдзӕн къогъотӕ». Аарон зӕхх ӕрцавта, ӕмӕ бӕстӕ ӕвиппайды къогъотӕй байдзаг. Фараонӕн йӕ адӕмӕй чидӕртӕ загътой: «Ацы бӕллӕх Хуыцауӕй у». Фӕлӕ фараон израилӕгты уӕддӕр нӕ ауагъта.

«Раргом [сын] кӕндзынӕн мӕ къух ӕмӕ мӕ хъомыс. Ӕмӕ йӕ базондзысты, мӕ ном кӕй у Йегъовӕ» (Йереми 16:21)