Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разныхас 5 хаймӕ

Разныхас 5 хаймӕ

Израилӕгтӕ Сырх денджызыл куы ахызтысты, уымӕй дыууӕ мӕйы фӕстӕ ӕрбахӕццӕ сты Синайы хохмӕ. Уым Йегъовӕ семӕ скодта бадзырд, ӕмӕ афтӕмӕй систы йӕ адӕм. Уый сӕ хъахъхъӕдта ӕмӕ сӕ цух ницӕмӕй уагъта – хӕринагӕн сын лӕвӕрдта маннӕ, стӕй сӕ дзаумӕттӕ нӕ ихсыдысты ӕмӕ-иу цардысты, ӕдас сын кӕм уыд, ахӕм рӕтты. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнут, Йегъовӕ израилӕгтӕн Закъон цӕмӕн радта, кувӕндон сын цӕмӕн саразын кодта ӕмӕ сын сауджынтӕ цӕмӕн сӕвӕрдта. Бамбарын сын кӕнут, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй-иу, цы дзырд раттӕм, уый сӕххӕст кӕнӕм, сӕрныллӕг уӕм ӕмӕ Йегъовӕйыл алкӕддӕр иузӕрдион уӕм.

АЦЫ ХАЙЫ

23 СӔРГОНД

Йегъовӕйӕн дзырд радтой

Изриалӕгтӕ Синайы хохы раз сӕ цатыртӕ куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд Хуыцауӕн дзырд радтой, йӕ коммӕ кӕй кӕсдзысты.

24 СӔРГОНД

Сӕ ныхас нӕ сӕххӕст кодтой

Моисей цалынмӕ Синайы хохыл уыд, уӕдмӕ израилӕгтӕ стыр тӕригъӕд сарӕзтой.

25 СӔРГОНД

Йегъовӕйӕн кӕм куывтой, уыцы цатыр

Уыцы цатыры ӕвӕрд уыд бадзырды чырын.

26 СӔРГОНД

Дыууадӕс сгарӕджы

Йесо Навин ӕмӕ Халев, Ханааны зӕхх сгарӕг кӕимӕ ацыдысты, уыцы дӕс нӕлгоймагӕй хицӕн кодтой.

27 СӔРГОНД

Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты

Корей, Дафан, Авирон ӕмӕ ма 250 лӕджы иу ахсджиаг хабар не ’мбӕрстой.

28 СӔРГОНД

Валаамы хӕрӕг сдзырдта

Хӕрӕг зӕды федта, Валаам та йӕ нӕ уыдта.