Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

28 СӔРГОНД

Валаамы хӕрӕг сдзырдта

Валаамы хӕрӕг сдзырдта

Израилӕгтӕ ныр 40 азы бӕрц сты ӕдзӕрӕг быдыры. Уыдон бирӕ горӕттӕ бацахстой. Ныр сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Моавы быдырты, Иорданы цӕугӕдонӕй скӕсӕнырдӕм. Рӕстӕг ӕрцыд, Хуыцау сын зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕхмӕ бацӕуынӕн. Моавы паддзах Валак тарсти, израилӕгтӕ йын йӕ зӕххытӕ куы бацахсой, уымӕй. Гъемӕ йӕ адӕмы иу лӕгмӕ, Валааммӕ, арвыста, цӕмӕй йӕ Моавмӕ ӕрбакодтаиккой. Валак ын загъта, зӕгъгӕ, израилӕгты ралгъит, цӕмӕй сыл исты фыдбылыз ӕрцӕуа.

Фӕлӕ Йегъовӕ Валаамӕн загъта: «Ма ралгъит израилӕгты». Ӕмӕ Валаам дӕр Моавмӕ ацӕуын нӕ бакуымдта. Уӕд ӕм паддзах Валак дыккаг хатт йӕ адӕмы ӕрбарвыста, цӕмӕй йын загътаиккой, цыдӕриддӕр ӕй хъӕуы, уый йын кӕй ратдзӕн. Фӕлӕ Валаам уӕддӕр нӕ бакуымдта. Уӕд ын Хуыцау загъта: «Ацу, фӕлӕ дын ӕз цы зӕгъон, ӕрмӕстдӕр-иу уый дзур».

Валаам йӕ хӕрӕгыл сбадт ӕмӕ Моавмӕ араст. Уый фӕнд кодта израилӕгты ралгъитын, кӕд ын Йегъовӕ афтӕ загъта, ма сӕ ралгъит, зӕгъгӕ, уӕддӕр. Фӕндагыл ӕм Йегъовӕйы зӕд ӕртӕ хатты фӕзынд. Валаам ӕй нӕ уыдта, фӕлӕ йӕ йӕ хӕрӕг та уыдта. Хӕрӕг ӕй фыццаг хатт куы федта, уӕд фӕндагӕй быдыры ’рдӕм фӕзылд. Дыккаг хатт зӕды куы федта, уӕд йӕхи къулмӕ балхъывта, ӕмӕ Валаамы къах бацъист кодта. Ӕппынфӕстаг хӕрӕг фӕндаджы астӕу ӕрхауд. Валаам ӕй ӕртӕ хатты дӕр лӕдзӕгӕй фӕхоста.

Ӕртыккаг хатт Йегъовӕ хӕрӕджы сдзурын кодта. Хӕрӕг Валаамы бафарста: «Цы дын кодтон? Цӕмӕн мӕ нӕмыс?» Валаам ын загъта: «Ӕз дын ам хынджылӕггаг дӕн? Хъама мӕм куы уаид, уӕд дӕ ам ныммарин!» Хӕрӕг ын загъта: «Цӕрӕнбонты мӕныл нӕ цӕуыс? Искуы ма дын бакодтон афтӕ?»

Уӕд Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ Валаам зӕды федта. Зӕд Валаамӕн загъта: «Йегъовӕ дын афтӕ нӕ загъта, цӕмӕй израилӕгты ма ралгъитай?» Валаам ын дзуапп радта: «Раст нӕ бакодтон. Фӕстӕмӕ хӕдзармӕ аздӕхдзынӕн». Фӕлӕ йын зӕд загъта: «Ацу Моавмӕ, фӕлӕ дын Йегъовӕ цы зӕгъа, ӕрмӕстдӕр уый хъуамӕ дзурай».

Цымӕ Валаам уыцы хабарӕй истӕуыл сахуыр? Ницӕуыл. Уый фӕстӕ Валаам ӕртӕ хатты хъавыд израилӕгты ралгъитынмӕ, фӕлӕ-иу ӕй Йегъовӕ алы хатт дӕр израилӕгтӕн раарфӕ кӕнын кодта. Фӕстӕдӕр израилӕгтӕ Моавы ныхмӕ рацыдысты, ӕмӕ Валаамы дӕр амардтой. Хуыздӕр нӕ уыдаид, Валаам иннӕтӕм нӕ, фӕлӕ Йегъовӕмӕ куы хъуыстаид, уӕд?

«Зыд мацӕуыл кӕнут, уымӕн ӕмӕ адӕймагмӕ алцыдӕр парахатӕй куы уа, уӕд дӕр йӕ цард, цы йӕм ис, уымӕй кӕнгӕ нӕу» (Лукайы 12:15)