Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разныхас 6 хаймӕ

Разныхас 6 хаймӕ

Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Хуыцауы цатыр уым ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ йын уым куывтой. Сауджынтӕ сын амыдтой Хуыцауы Закъон, тӕрхонгӕнджытӕ та сын разамынд лӕвӕрдтой. Ацы хайӕ базондзыстӕм, цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдон, стӕй нӕ хъуыддӕгтӕ иннӕтыл куыд фӕзынынц, уый. Израилӕгтӕй алчидӕр хъуамӕ Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕххӕст кодтаид ӕмӕ иннӕты хорзыл тыхстаид. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн сӕ хъус ӕрдарут, Деворӕ, Ноемин, Йесо Навин, Аннӕ, Йеффайы чызг ӕмӕ Самуилы цӕвиттонтӕ иннӕтыл куыд фӕзындысты, уымӕ. Стӕй ма сын сӕ хъус ӕрдарут, ӕндӕр адӕмтӕй дӕр чидӕртӕ, зӕгъӕм, Раав, Руф, Иоил ӕмӕ гаваойнӕгтӕ израилӕгтӕм кӕй ӕрбаиу сты, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтой, Хуыцау сын кӕй ӕххуыс кӕны.

АЦЫ ХАЙЫ

29 СӔРГОНД

Йегъовӕ равзӕрста Йесо Навины

Хуыцау Йесо Навинӕн цы амындтӕ радта, уыдон абон махӕн дӕр стыр ӕххуыс сты.

30 СӔРГОНД

Раав сгарджыты бамбӕхста

Иерихоны къул ныккалд. Раавы хӕдзар та нӕ ныккалд, кӕд къулы мидӕг уыд, уӕддӕр.

31 СӔРГОНД

Йесо Навин ӕмӕ Гаваоны цӕрджытӕ

Йесо Навин Хуыцауӕй ракуырдта, цӕмӕй хур ӕрлӕууын кодтаид. Цымӕ йын Хуыцау йӕ куывд фехъуыста?

32 СӔРГОНД

Ног разамонӕг ӕмӕ дыууӕ хъӕбатыр сылгоймаджы

Йесо Навин куы амард, уӕд та израилӕгтӕ ногӕй райдыдтой мӕнгхуыцӕуттӕн кувын. Сӕ цард уӕззауӕй-уӕззаудӕр кодта. Фӕлӕ сын тӕрхонгӕнӕг Варак, ус-пехуымпар Деворӕ ӕмӕ ма иу сылгоймаг, Иаил, баххуыс кодтой.

33 СӔРГОНД

Руф ӕмӕ Ноемин

Дыууӕ идӕдз сылгоймаджы Израилмӕ ӕрыздӕхтысты. Руф кусынмӕ ацыд Воозы быдырмӕ, ӕмӕ йӕм уый йӕ хъус ӕрдардта.

34 СӔРГОНД

Гедеон мадиамӕгтыл фӕуӕлахиз

Мадиамӕгтӕ израилӕгты ӕнцад цӕрын куы нал уагътой, уӕд израилӕгтӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курын райдыдтой. Гедеоны гыццыл ӕфсад се знӕгтыл, 135 000 хӕстоныл, куыд фӕуӕлахиз?

35 СӔРГОНД

Аннӕ Хуыцауӕй фырт ракуырдта

Елхъан Аннӕимӕ, Феннанӕимӕ ӕмӕ йӕ сывӕллӕттимӕ Силоммӕ ӕрцыд Хуыцауӕн йӕ цатыры бакувынмӕ. Уым Аннӕ Хуыцауӕй фырт ракуырдта. Афӕдз дӕр нӕ рацыд, афтӕ йын райугырд лӕппу, Самуил!

36 СӔРГОНД

Йеффай Йегъовӕйӕн дзырд радта

Йеффай Йегъовӕйӕн цавӕр дзырд радта ӕмӕ цӕмӕн? Йеффайы чызг, йӕ фыд Йегъовӕйӕн цы дзырд радта, уымӕ цы цӕстӕй ракаст?

37 СӔРГОНД

Йегъовӕ ныхас кодта Самуилимӕ

Хистӕр сауджын Илийы фырттӕ лӕггад кодтой цатыры, фӕлӕ Хуыцауы закъӕттӕ не ’ххӕст кодтой. Гыццыл Самуил уыдоны хуызӕн нӕ уыд. Йегъовӕ йемӕ ныхас кӕнын райдыдта.

38 СӔРГОНД

Йегъовӕ Самсонӕн стыр тых радта

Хуыцау Самсонӕн стыр тых радта, цӕмӕй филистимӕгтимӕ тох кодтаид. Фӕлӕ Самсон, уыцы стыр тых ӕм кӕцӕй ис, уый куы радзырдта, уӕд ӕй филистимӕгтӕ ӕрцахстой.