Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

53 СӔРГОНД

Хъӕбатыр Иодай

Хъӕбатыр Иодай

Йезавелӕн уыди чызг ӕмӕ уый дӕр раст йӕхи хуызӕн ӕвзӕр адӕймаг уыд. Йӕ ном хуынд Гофоли ӕмӕ уыд Иудӕйы паддзахы ус. Гофолийӕн йӕ лӕг куы амард, уӕд паддзах сси йӕ фырт. Йӕ фырт куы амард, уӕд та йӕхӕдӕг бацахста паддзахы бынат. Уый фӕстӕ сфӕнд кодта паддзахы мыггагӕй се ’ппӕты дӕр амарын, суанг йӕ фырты фыртты дӕр, цӕмӕй йӕ бӕсты паддзах ӕндӕр мачи суыдаид. Ӕмӕ дзы иууылдӕр тынг тарстысты.

Хистӕр сауджын Иодай ӕмӕ йӕ ус Иосавеф ӕмбӕрстой, Гофоли цытӕ куыста, уый тынг ӕвзӕр кӕй уыд. Уыдон Гофолийы фырты фырттӕй иуы, Иоасы, бамбӕхстой ӕмӕ йӕ кувӕндоны хъомыл кодтой, кӕд уый сӕ цардӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр.

Иоасыл авд азы куы цыди, уӕд Иодай хъахъхъӕнджыты хистӕрты ӕмӕ левитты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын загъта: «Кувӕндоны дуӕрттӕ хъахъхъӕнут ӕмӕ мидӕмӕ макӕй бауадзут». Уый фӕстӕ Иодай гыццыл Иоасы Иудӕйы паддзахӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сӕрыл паддзахы худ ӕркодта. Иудӕйы адӕм хъӕр кӕнын райдыдтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»

Адӕм куыд хъӕр кӕнынц, уый Гофоли куы фехъуыста, уӕд уайтагъд кувӕндонмӕ азгъордта. Ног паддзахы куы федта, уӕд ныхъхъӕр кодта: «Сусӕгвӕнд скодтой! Сусӕгвӕнд!» Уӕд ӕй хъахъхъӕнджыты хистӕртӕ ӕрцахстой, уырдыгӕй йӕ акодтой ӕмӕ йӕ амардтой. Фӕлӕ цымӕ адӕм, Гофоли сӕ цы ӕвзӕр хъуыддӕгтыл бафтыдта, уыдон ныууагътой?

Иодай адӕмӕн баххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕимӕ бадзырд скодтаиккой ӕмӕ йын дзырд радтаиккой, ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй кувдзысты. Иодай сын загъта, цӕмӕй Ваалы кувӕндон ӕмӕ дзы цы къухӕйконд хуыцӕуттӕ уыд, уыдон ныппырх кодтаиккой. Стӕй кувӕндоны сӕвӕрдта сауджынты ӕмӕ левитты, цӕмӕй дзы лӕггад кодтаиккой ӕмӕ та дзы адӕмӕн сӕ бон ногӕй уыдаид Йегъовӕйӕн кувын. Кувӕндоны раз ма сӕвӕрдта дуаргӕсты дӕр, цӕмӕй, сыгъдӕг чи нӕ уыд, уыдонӕй мидӕмӕ макӕй бауагътаиккой. Уый фӕстӕ Иодай ӕмӕ хъахъхъӕнджыты хистӕртӕ Иоасы акодтой паддзахы хӕдзармӕ ӕмӕ йӕ паддзахбадӕныл ӕрбадын кодтой. Иудӕйы адӕм ууыл тынг цин кодтой. Ныр сӕ бон уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, уымӕн ӕмӕ ӕвзӕр ус-паддзах Гофоли нал уыд ӕмӕ Ваалӕн дӕр ничиуал куывта. Уыныс, Иодай ахӕм хъӕбатыр кӕй уыд, уый бирӕтӕн куыд баххуыс кодта?

«Ма тӕрсут, уӕ амарын кӕй бон у, фӕлӕ уын уӕ фидӕны цард байсын йӕ бон кӕмӕн нӕу, уыдонӕй. Тӕрсут, адӕймаджы гееннӕйы фесафын кӕй бон у, уымӕй» (Матфейы 10:28)