24 СӔР
Апостол Павелы фыстӕджытӕ ӕмбырдтӕм
Павелы писмотӕ фидар кодтой чырыстӕтты
ФЫЦЦАГ чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ йӕ фӕндтӕ ӕххӕст кӕны ӕмбырды уылты. Фӕлӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ сӕмбӕлдысты карз ӕфхӕрдыл. Цымӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадысты, кӕд сӕ ’фхӕрдтой ӕмӕ ӕмбырды дӕр зындзинӕдтӕ ӕййӕфтой, уӕддӕр? Чырыстон Грекъаг Фыстыты цы 21 фыстӕджы ис, уыдоны фӕрцы чырыстӕттӕ уынаффӕтӕ истой ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидар кодтой.
Уыцы фыстӕджытӕй 14 (Ромӕгтӕм–Дзуттӕгтӕм) ныффыста апостол Павел. Фыстӕджытӕ хӕссынц, цы ӕмбырдтӕм кӕнӕ цы адӕммӕ фыст уыдысты, уыдоны нӕмттӕ. Ӕркӕсӕм, Павел цы хъуыддӕгты тыххӕй фыста, уыдонӕй иуӕй-иутӕм.
Уаг ӕмӕ ӕгъдау. Хӕтгӕ чи кӕны ӕмӕ ӕндӕр уӕззау тӕригъӕдтӕ чи аразы, уыдон «Хуыцауы паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты» (Галатӕгтӕм 5:19–21; 1 Коринфӕгтӕм 6:9–11). Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн хъуамӕ уа иудзинад, кӕд алыхуызон адӕмыхӕттытӕй сты, уӕддӕр (Ромӕгтӕм 2:11; Ефесӕгтӕм 4:1–6). Хъуамӕ зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕной, се ’мчырыстӕттӕй фӕкӕсынхъуаг чи у, уыдонӕн (2 Коринфӕгтӕм 9:7). Павел чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй Йегъовӕмӕ «ӕппынӕдзух куывтаиккой» ӕмӕ йын ӕргом кодтаиккой, сӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый (1 Фессалоникӕгтӕм 5:17; 2 Фессалоникӕгтӕм 3:1; Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Цӕмӕй сын Хуыцау сӕ куывдтытӕм хъуыстаид, уый тыххӕй хъуамӕ ӕууӕндыдаиккой, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны (Дзуттӕгтӕм 11:6).
Цымӕ бинонтӕн та цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй амондджын уой? Лӕгтӕ хъуамӕ сӕ устыты уарзой, сӕхи куыд уарзынц, афтӕ, сылгоймӕгтӕ та сӕ лӕгтӕн кад кӕной. Сывӕллӕттӕ хъуамӕ сӕ ныййарджыты коммӕ кӕсой, уымӕн ӕмӕ уый Хуыцауӕн ӕхсызгон у. Ныййарджытӕ та хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕной ӕмӕ сын фӕлмӕнӕй зонд амоной, Хуыцау куыд фӕдзӕхсы, афтӕ (Ефесӕгтӕм 5:22–6:4; Колоссӕгтӕм 3:18–21).
Хуыцау ӕргом кодта йӕ фӕндтӕ. Моисейы Закъон дзуттӕгты цӕттӕ кодта Чырыстийы ӕрцыдмӕ (Галатӕгтӕм 3:24). Фӕлӕ уыцы Закъон чырыстӕтты ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы. Дзуттӕгтӕй чырыстон дин чи райста, уыдонӕн Павел йӕ фыстӕджы бамбарын кодта, Закъон цӕй тыххӕй ӕрцыд лӕвӕрд ӕмӕ Хуыцау йӕ фӕндон Чырыстийы уылты куыд ӕххӕст кӕны, уый. Павел ма бамбарын кодта, уыцы Закъоны алыхуызон уагӕвӕрдтӕ фидӕны хабӕрттӕм кӕй амыдтой. Зӕгъӕм, фос нывондӕн кӕй хастой, уый амыдта, Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста ӕмӕ уый фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй цӕуынц, уымӕ (Дзуттӕгтӕм 10:1–4). Чырыстийы мӕлӕты фӕстӕ Хуыцау уыцы Закъон ӕххӕст кӕнын нал домдта (Колоссӕгтӕм 2:13–17; Дзуттӕгтӕм 8:13).
Чырыстон ӕмбырд. Нӕлгоймӕгтӕй ӕмбырды фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ уой хӕрзӕгъдау ӕмӕ сӕм уа, Библи кӕй кой кӕны, уыцы миниуджытӕ (1 Тимофеймӕ 3:1–10, 12, 13; Титмӕ 1:5–9). Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ ӕдзух иумӕ ӕмбырд кӕной, цӕмӕй кӕрӕдзи фидар кӕной (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Уыцы фембӕлдты хъуамӕ сӕ ныфсыл ныфс ӕфта ӕмӕ дзы Хуыцауы закъӕттыл ахуыр кӕной (1 Коринфӕгтӕм 14:26, 31).
Павел Тимофеймӕ йӕ дыккаг фыстӕг ныффыста, Ромы ахст куы уыд ӕмӕ тӕрхонмӕ куы ӕнхъӕлмӕ каст, уӕд. Йе ’мбӕлттӕй ӕрмӕстдӕр цалдӕрӕй бахастой сӕ ныфс, цӕмӕй йӕ бабӕрӕг кодтаиккой, кӕд сын тӕссаг уыд, уӕддӕр. Павел ӕмбӕрста, бирӕ йын кӕй нал баззад ӕмӕ загъта: «Ӕз хъӕбатырӕй тох кодтон, мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъордтон, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон» (2 Тимофеймӕ 4:7). Ӕвӕццӕгӕн, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ амардтой. Фӕлӕ йӕ фыстӕджытӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн абон дӕр сты фӕндагамонӕг.
Ромӕгтӕм; 1 Коринфӕгтӕм; 2 Коринфӕгтӕм; Галатӕгтӕм; Ефесӕгтӕм; Филиппӕгтӕм; Колоссӕгтӕм; 1 Фессалоникӕгтӕм; 2 Фессалоникӕгтӕм; 1 Тимофеймӕ; 2 Тимофеймӕ; Титмӕ; Филимонмӕ ӕмӕ Дзуттӕгтӕм.