Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

6 РАДЗЫРД

Хорз фырт ӕмӕ ӕвзӕр фырт

Хорз фырт ӕмӕ ӕвзӕр фырт

ӔРКӔС МА Каин ӕмӕ Авелмӕ. Ныр сӕ дыууӕ дӕр лӕппулӕгтӕ сты. Каин кӕны зӕххы куыст. Уый тауы мӕнӕу, садзы дыргъбӕлӕстӕ, халсӕрттӕ ӕмӕ сӕм зилы.

Авел та фыстӕ дары. Йӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы гыццыл уӕрыччытӕм зилын. Уыдон сыстыр вӕййынц, сӕхицӕн дӕр фӕзыны гыццыл уӕрыччытӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ иу цасдӕры фӕстӕ Авел хизы ӕнӕхъӕн дзуг.

Иухатт Каин ӕмӕ Авел сфӕнд кодтой Хуыцауӕн исты балӕвар кӕнын. Каин ӕрхаста, йӕхӕдӕг цы тыллӕг ӕрзайын кодта, уымӕй. Авел та – йӕ фыстӕн сӕ тӕккӕ хуыздӕрты. Иегъовӕ райгонд у Авелӕй ӕмӕ йӕ лӕварӕй. Фӕлӕ Каин ӕмӕ йӕ лӕвар йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты. Куыд дӕм кӕсы, цӕуылнӕ?

Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ Авелы лӕвар Каины лӕварӕй хуыздӕр у. Фӕлӕ, Авел хорз адӕймаг кӕй у, уый тыххӕй. Уый уарзы Иегъовӕйы дӕр ӕмӕ йе ’фсымӕры дӕр. Каин та у ӕвзӕр, уый йе ’фсымӕры нӕ уарзы.

Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау фӕдзӕхсы Каины, цӕмӕй йӕ зондахаст фӕива. Фӕлӕ йӕм Каин нӕ хъусы, мӕстӕй мӕлы, Хуыцау Авелы фылдӕр кӕй уарзы, уый тыххӕй. Иу хатт Каин Авелӕн афтӕ зӕгъы, цом быдырмӕ, зӕгъгӕ. Дзӕгъӕл быдыры иудзӕвгар куы ауадысты, уӕд Каин йе ’фсымӕры фӕцӕф кодта. Ахӕм цӕф ӕй фӕкодта, ӕмӕ Авел дзыхъмард фӕци. Ӕццӕй, Каин тынг ӕвзӕр ми нӕ бакодта?

Фӕлӕ кӕд Авел амард, уӕддӕр Хуыцауӕй нӕ ферох. Авел хорз адӕймаг уыд, ӕмӕ ахӕм адӕймӕгты та Иегъовӕ нӕ рох кӕны. Уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕ Хуыцау иу бон Авелы фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн. Ӕмӕ уӕд Авелӕн мӕлӕтӕй тӕссаг никуыуал уыдзӕн. Уый зӕххыл ӕнустӕм цӕрдзӕн. Авелы хуызӕн адӕймӕгтимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ куы базонгӕ уӕм, уӕд уый хорз нӕ уыдзӕн?

Фӕлӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц Каины хуызӕн адӕймӕгтӕ. Каин йе ’фсымӕры кӕй амардта, уый тыххӕй йӕ Хуыцау йӕ бинонтӕй ӕцӕгӕлон бӕстӕм фӕсырдта. Каин уырдӕм цӕрынмӕ куы лыгъд, уӕд йемӕ акодта йӕ хотӕй иуы, ӕмӕ уый сси йӕ ус.

Рӕстӕг цыди. Каин ӕмӕ йӕ усӕн фӕзынд сывӕллӕттӕ. Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕ иннӕ фырттӕ дӕр ракуырдтой устытӕ, чызджытӕ та мой скодтой, ӕмӕ уыдонӕн дӕр райгуырд сывӕллӕттӕ. Афтӕмӕй зӕххыл адӕм сбирӕ сты. Цӕй уӕдӕ уыцы адӕмӕй иуӕй-иутимӕ базонгӕ уӕм.