Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1 РАДЗЫРД

Хуыцау райдыдта фӕлдисын

Хуыцау райдыдта фӕлдисын

ӔППӔТ хорздзинӕдтӕ дӕр Хуыцауӕй сты. Уый сфӕлдыста хур, цӕмӕй боныгон рухс уа, мӕй ӕмӕ стъалытӕ та – цӕмӕй ӕхсӕвыгон дӕр бынтон талынг ма уа. Хуыцау сфӕлдыста зӕхх дӕр, цӕмӕй йыл мах цӕрӕм.

Фӕлӕ Хуыцау ӕппӕты фыццаг хур, мӕй, стъалытӕ ӕмӕ зӕхх не сфӕлдыста. Куыд хъуыды кӕныс, ӕппӕты фыццаг цы сфӕлдыста? Хуыцау райдианы сфӕлдыста зӕдты. Фӕлӕ Хуыцауы куыд нӕу нӕ бон фенын, афтӕ нӕу нӕ бон фенын уыцы зӕдты дӕр. Хуыцау зӕдты сфӕлдыста йемӕ уӕларвыл цӕрынӕн.

Хуыцау фыццаг цы зӕды сфӕлдыста, уый тынг хицӕн кодта иннӕтӕй. Уый уыд Хуыцауы фыццаг Фырт, ӕмӕ куыста йӕ Фыдимӕ иумӕ. Уыцы Фырт Хуыцауӕн ӕххуыс кодта ӕппӕт иннӕ сфӕлдыстадон хъуыддӕгты. Хур, мӕй, стъалытӕ ӕмӕ нӕ зӕхх дӕр уый ӕххуысӕй ӕрцыдысты конд.

Цыхуызӕн уыд зӕхх уыцы рӕстӕджы? Райдианы йыл ничи цард. Зӕхх ӕгасӕй дӕр ӕмбӕрзт уыди донӕй, ӕмӕ ӕндӕр никуы ницы уыд. Фӕлӕ Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй зӕххыл цардаиккой адӕм. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ райдыдта цӕттӕ кӕнын, цӕмӕй йыл махӕн нӕ бон уыдаид цӕрын. Цымӕ цы сарӕзта Хуыцау?

Зӕххыл фыццаджыдӕр хъуыди рухс. Ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцау хуры тынтӕ зӕхмӕ сарӕзта. Уый афтӕ бакодта, цӕмӕй ӕхсӕв ӕмӕ бон кӕрӕдзи ивтаиккой. Уый фӕстӕ Хуыцау афтӕ сарӕзта, ӕмӕ зӕххы цъар хӕрдмӕ ссыди, денджызы дӕттӕ та бынӕй баззадысты.

Райдианы зӕххыл никуы ницы уыд. Раст ацы нывы куыд уыныс, афтӕ. Нӕдӕр дзы дидинджытӕ уыди, нӕдӕр бӕлӕстӕ ӕмӕ нӕдӕр цӕрӕгойтӕ. Денджызы иу кӕсаг дӕр нӕ уыд. Уӕдӕ цӕмӕй адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕн сӕ бон зӕххыл цӕрын уыдаид, уый тыххӕй Хуыцауы нырма бирӕ цыдӕртӕ хъуыди саразын.