Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

13 РАДЗЫРД

Авраам – Хуыцауы хӕлар

Авраам – Хуыцауы хӕлар

ДОНЫ хъаймӕты фӕстӕ адӕм цӕрынмӕ цы бынӕттӕм алыгъдысты, уыдонӕй иу уыд Ур. Уый сси хъӕздыг сахар, уыди дзы стыр ӕмӕ рӕсугъд хӕдзӕрттӕ. Фӕлӕ йӕ адӕм куывтой мӕнг хуыцӕуттӕн. Уыдон дӕр Вавилоны цӕрджытау фыдхъуыддӕгтӕ кодтой. Ур ӕмӕ Вавилоны адӕм нӕ уыдысты, Иегъовӕйӕн чи лӕггад кодта, уыцы Ной ӕмӕ йӕ фырт Симы хуызӕн.

Доны хъаймӕты фӕстӕ ма Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Ной фӕцард 350 (ӕртӕсӕдӕ фӕндзай) азы ӕмӕ стӕй амард. Йӕ мӕлӕтӕй дыууӕ азы фӕстӕ та райгуырд, нывы кӕй уыныс, уыцы адӕймаг. Хуыцау ӕй тынг уарзта. Хуыдтой йӕ Авраам. Уый йӕ бинонтимӕ цард Уры.

Иу хатт Иегъовӕ Авраамӕн загъта: «Ныууадз Ур ӕмӕ дӕ хӕстӕджыты, ӕмӕ дын цы бӕстӕйӕ зӕгъон, уырдӕм ацу». Цымӕ байхъуыста Авраам Хуыцаумӕ ӕмӕ йӕ дзӕбӕх цард ныууагъта? О, раст афтӕ бакодта Авраам. Ӕмӕ алы хатт дӕр Хуыцаумӕ кӕй хъуыста, уый тыххӕй зындгонд сси Хуыцауы хӕларӕй.

Авраамимӕ Урӕй ацыдысты йӕ хӕстӕджытӕй дӕр иуӕй-иутӕ. Зӕгъӕм, йӕ фыд Фаррӕ, йе ’фсымӕры лӕппу Лот ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ бинойнаг Саррӕ дӕр. Кӕддӕр уыдон бахӕццӕ сты иу бӕстӕмӕ, Харран, зӕгъгӕ. Уым Фаррӕ амард. Уӕд тынг дард уыдысты Урӕй.

Цасдӕры фӕстӕ Авраам йӕ бинонтимӕ Харранӕй сыстад ӕмӕ ацыд Ханааны зӕхмӕ. Уым ын Иегъовӕ загъта: «Ацы зӕхх ӕз ратдзынӕн дӕ сывӕллӕттӕн». Уыйадыл Авраам Ханааны цатырты цӕргӕйӕ баззад.

Хуыцау ӕххуыс кодта Авраамӕн. Радта йын фысты стыр дзугтӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр фос. Уыдис ын сӕдӕгай лӕггадгӕнджытӕ дӕр. Фӕлӕ сын Саррӕимӕ зӕнӕг нӕ уыд.

Авраамыл 99 (нӕуӕдз фараст) азы куы цыд, уӕд ын Иегъовӕ загъта: «Дзырд дын дӕттын, ды кӕй суыдзынӕ бирӕ адӕмты фыд». Фӕлӕ ма Авраам ӕмӕ Саррӕйӕн афтӕ зӕрондӕй сывӕллон куыд хъуамӕ райгуырдаид?