Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

12 РАДЗЫРД

Адӕм стыр мӕсыг амайынц

Адӕм стыр мӕсыг амайынц

РАЦЫД бирӕ азтӕ. Нойы фырттӕн райгуырд сывӕллӕттӕ. Уыдон схъомыл сты ӕмӕ сӕхицӕн дӕр фӕзынд бирӕ цот. Цасдӕры фӕстӕ зӕххыл адӕм сбирӕ сты.

Уыдонӕй иу уыди Нойы фырты фырты фырт Нимрод. Нимрод уыд тынг ӕвзӕр адӕймаг, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр цӕрӕгойтыл ауӕрста, нӕдӕр – адӕмыл. Уымӕй уӕлдай ма Нимрод иннӕ адӕмыл йӕхи схицау кодта. Хуыцау нӕ уарзта Нимроды.

Уӕды заманы адӕм иууылдӕр иу ӕвзагыл дзырдтой. Цӕмӕй Нимродӕн ӕппӕт адӕмыл дӕр йӕ бар цыдаид, уый тыххӕй сӕ хъавыд иу ранмӕ ӕрӕмбырд кӕнын. Ӕмӕ зоныс, цы бакодта? Уый адӕмӕн загъта, цӕмӕй сарӕзтаиккой сӕхицӕн сахар ӕмӕ йӕ мидӕг та – стыр мӕсыг. Уыныс, агуыридуртӕ куыд аразынц, уый?

Уыцы арӕзтад нӕ фӕцыд Иегъовӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ. Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй адӕм цардаиккой ӕгас зӕххыл. Фӕлӕ адӕм загътой: «Саразӕм сахар ӕмӕ, йӕ цъупп арвы онг кӕмӕн уа, ахӕм мӕсыг. Афтӕмӕй нӕхицӕн ном скӕндзыстӕм!» Адӕм хъуыды кодтой сӕхи скадджын кӕныныл, Хуыцауы нӕ, фӕлӕ.

Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау афтӕ бакодта, ӕмӕ сӕ бон нал уыд сӕ мӕсыг дарддӕр амайын. Зоныс ӕй, цы сарӕзта Хуыцау? Ӕнӕнхъӕлӕджы адӕм дзурын райдыдтой ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл, ӕмӕ мӕсыг амайджытӕ кӕрӕдзи ныхас нал ӕмбӕрстой. Уый тыххӕй уыцы сахар схуыдтой Вавилон, ома «хӕццӕдзинад».

Уӕд адӕм лидзын райдыдтой Вавилонӕй. Иу ӕвзагыл чи дзырдта, уыцы адӕм алыгъдысты иу ранмӕ ӕмӕ уым ӕрцардысты.