Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

19 РАДЗЫРД

Иаковы стыр бинонтӕ

Иаковы стыр бинонтӕ

ӔРКӔС ма ацы стыр бинонтӕм. Уыдон Иаковы дыууадӕс фырты сты. Фӕлӕ ма йын ис чызджытӕ дӕр. Йӕ сывӕллӕттӕй йын искӕй ном зоныс? Цӕй уӕдӕ дзы базонгӕ уӕм цалдӕримӕ.

Лиайӕн райгуырд Рувим, Симеон, Леви ӕмӕ Иудӕ. Фӕлӕ Рахилӕн нӕ уыди сывӕллӕттӕ, ӕмӕ уый тыххӕй тынг маст кодта. Уымӕ гӕсгӕ Иаковӕн радта йӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймаг Валлӕйы, ӕмӕ йын уымӕй райгуырд дыууӕ фырты: Дан ӕмӕ Неффалим. Лиа уый куы федта, уӕд уый дӕр йӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймаг Зелфӕйы радта Иаковӕн, ӕмӕ йын Зелфӕйӕ райгуырд Гад ӕмӕ Асир. Уый фӕстӕ ма Лиайӕн йӕхицӕн райгуырд ноджы дыууӕ лӕппуйы: Иссахар ӕмӕ Завулон.

Ӕппынфӕстаг Рахилӕн дӕр рацыд зӕнӕг. Уымӕн райгуырд лӕппу ӕмӕ йӕ схуыдта Иосиф. Фӕстӕдӕр фылдӕр базондзыстӕм Иосифы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ уый суыдзӕн дзырддзӕугӕ лӕг. Уӕдӕ Иаков Рахилы фыд Лаванмӕ куы цард, уӕд ын райгуырд иуӕндӕс фырты.

Иаковӕн ма уыд чызджытӕ дӕр, фӕлӕ дзы Библийы ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр иуы ном. Йӕ ном хуынд Динӕ.

Ныр Иаков сфӕнд кодта Лаваны хӕдзарӕй сыстын ӕмӕ фӕстӕмӕ Ханаанмӕ аздӕхын. Уыйадыл йе стыр бинонты, йӕ фысты дзугтӕ ӕмӕ теуайы рӕгъӕуттӕ срӕвдз кодта ӕмӕ араст дард фӕндагыл.

Иаков Ханааны зӕхмӕ куы ӕрхӕццӕ, уӕд цасдӕры фӕстӕ Рахилӕн райгуырд ноджыдӕр иу фырт. Уыцы хабар ӕрцыд, фӕндагыл ма куы уыдысты, уӕд. Рахил аргӕ-арын тынг удхар кодта ӕмӕ ӕппынфӕстаг амард. Фӕлӕ гыццыл сывӕллон фервӕзт. Иаков ыл сӕвӕрдта ном Вениамин.

Уӕдӕ бахъуыды кӕнӕм Иаковы дыууадӕс фырты нӕмттӕ, уымӕн ӕмӕ уыдонӕй рацыдысты ӕппӕт Израилы адӕм. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Израилы дыууадӕс мыггаджы хӕссынц Иаковы дӕс фырты ӕмӕ Иосифы дыууӕ фырты нӕмттӕ. Иаковы фырттӕ куы райгуырдысты, уый фӕстӕ ма Исахъ бирӕ фӕцард. Ӕмӕ куыннӕ уыдаид амондджын, йӕ хъӕбулы хъӕбултӕ афтӕ бирӕ кӕй уыдысты, уый уынгӕйӕ. Фӕлӕ базонӕм, йӕ фырты чызг Динӕйыл цы ’рцыд, уый.