Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

22 РАДЗЫРД

Иосифы ахӕстоны ныппӕрстой

Иосифы ахӕстоны ныппӕрстой

ИОСИФЫ Египетмӕ куы акодтой, уӕд ыл ӕвддӕс азы йеддӕмӕ нӕ цыд. Уым ӕй ауӕй кодтой иу лӕгӕн, йӕ ном хуынди Потифар. Потифар кусы Египеты паддзахмӕ, кӕнӕ фараонмӕ.

Иосиф зӕрдиагӕй кусы йӕ хицауӕн, Потифарӕн. Уымӕ гӕсгӕ, Иосиф куы алӕг, уӕд ын Потифар йӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕ иууылдӕр йӕ бӕрны бакодта. Уӕдӕ уӕд Иосиф ацы ахӕстоны цӕмӕн ис? Потифары усы аххосӕй.

Иосиф сыстыр ӕмӕ сси хӕрзконд нӕлгоймаг. Уымӕ гӕсгӕ Потифары усы фӕнды, цӕмӕй йемӕ схуысса. Фӕлӕ Иосиф зоны, уый раст кӕй нӕу, ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды ахӕм ми бакӕнын. Потифары ус ӕм мӕстӕй мӕлы. Ӕмӕ йӕ лӕг хӕдзармӕ куы ’рбацыд, уӕд ын гӕдыныхӕстӕ кӕны: «Уыцы ӕвзӕр Иосиф мемӕ схуыссынмӕ хъавыд!» Потифар баууӕндыд йӕ усыл, ӕмӕ йӕ маст рафыхт Иосифмӕ. Ахӕстоны дӕр ӕй уый тыххӕй ныппарын кодта.

Ахӕстоны хицау уайтагъд фӕхатыд, Иосиф хорз адӕймаг кӕй у, уый. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ иннӕ ахст лӕгтӕн хистӕрӕй сӕвӕрдта. Фӕстӕдӕр фараон тынг смӕсты йӕ сӕндармӕ ӕмӕ йӕ дзулгӕнӕгмӕ, ӕмӕ сӕ ахӕстоны ныппӕрста. Иу ӕхсӕв сӕ дыууӕ дӕр федтой ӕнахуыр фынтӕ, фӕлӕ цы нысан кӕнынц, уый не ’мбӕрстой. Дыккаг бон сын Иосиф дзуры: «Уӕ фынтӕ мӕнӕн радзурут». Ӕмӕ йын сӕ фынтӕ куы радзырдтой, уӕд сын сӕ Иосиф Хуыцауы ӕххуысӕй райхӕлдта. Сӕндарӕн Иосиф загъта: «Ӕртӕ боны фӕстӕ дӕ ахӕстонӕй ссӕрибар кӕндзысты, ӕмӕ та дарддӕр фараонӕн сӕндарӕй лӕггад кӕндзынӕ». Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Иосиф йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ардыгӕй куы ацӕуай, уӕд-иу фараонӕн мӕн тыххӕй ской кӕн ӕмӕ мын баххуыс кӕн ардыгӕй рацӕуынӕн». Дзулгӕнӕгӕн та Иосиф загъта: «Ӕртӕ боны фӕстӕ дын фараон дӕ сӕр акъуырдзӕн».

Ӕртӕ боны фӕстӕ, Иосиф куыд загъта, раст афтӕ ’рцыд. Фараон дзулгӕнӕгӕн йӕ сӕр акъуырдта. Сӕндары та ахӕстонӕй рауагъта, ӕмӕ йын уый раздӕрау лӕггад кодта. Фӕлӕ сӕндар зыбыты рох фӕкодта Иосифы! Фараонӕн ницы загъта Иосифы тыххӕй, ӕмӕ Иосиф дарддӕр бады ахӕстоны.