Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

21 РАДЗЫРД

Иосиф йе ’фсымӕртӕн ӕнӕуынон фестад

Иосиф йе ’фсымӕртӕн ӕнӕуынон фестад

ӔРКӔС МА, куыд ӕнкъард ӕмӕ тыхст у ацы лӕппу. Уый у Иосиф. Йе ’фсымӕртӕ йӕ ауӕй кодтой, Египетмӕ цы адӕм фӕцӕйцыд, уыдонӕн. Уым Иосиф уыдзӕн цагъар. Йӕ хӕрзӕфсымӕртӕ ахӕм ӕвзӕр ми цӕмӕн бакодтой? Уымӕн ӕмӕ йӕм хӕлӕг кӕнынц.

Сӕ фыд Иаков Иосифы тынг бирӕ уарзта. Иннӕтӕй йӕ фылдӕр кӕй уарзта, уый бӕрӕг уыд, рӕсугъд даргъ дарӕс ын кӕй бахуыдта, уымӕй. Иосифы дӕс хистӕр ӕфсымӕры уый куы базыдтой, ӕмӕ Иаков афтӕ тынг уарзы Иосифы, уӕд ӕм райдыдтой хӕлӕг кӕнын ӕмӕ знаджы цӕстӕй кӕсын. Фӕлӕ ма сӕ хӕрамдзинадӕн уыди ӕндӕр аххосаг дӕр.

Иосиф федта дыууӕ фыны. Дыууӕ фыны дӕр Иосифӕн йе ’фсымӕртӕ куывтой сӕ сӕртӕй. Иосиф йе ’фсымӕртӕн уыцы фынтӕ куы радзырдта, уӕд сын бынтон ӕнӕуынон фестад.

Иу бон Иосифы хистӕр ӕфсымӕртӕ сӕ фыды фыстӕ куы хызтой, уӕд Иаков Иосифӕн афтӕ зӕгъы, де ’фсымӕртӕм куы ацӕуис ӕмӕ сӕ куы бабӕрӕг кӕнис, зӕгъгӕ. Ӕфсымӕртӕ йӕ дардмӕ куы федтой, уӕд сӕ иутӕ зӕгъынц:

– Амарӕм ӕй!

– Нӕ, маргӕ йӕ ма акӕнут,– хаты сӕм ӕфсымӕрты хистӕр Рувим.

Уыйадыл Иосифы маргӕ нӕ акодтой, фӕлӕ йӕ сбӕгънӕг кодтой ӕмӕ йӕ ӕнӕдон ӕрхы ныппӕрстой. Сӕхӕдӕг та сбадтысты ӕмӕ тӕрхӕттӕ кӕнынц, дарддӕр ын цы кӕной, ууыл.

Уыцы рӕстӕг сӕ цурты фӕцӕйцыдысты измаилаг лӕгтӕ. Иудӕ дзуры йе ’фсымӕртӕн: «Ауӕй йӕ кӕнӕм измаилӕгтӕн». Се ’ппӕт дӕр сразы сты уыцы фӕндыл, ӕмӕ Иосифы ссӕдз ӕвзист ӕхцайыл ауӕй кодтой. Цӕй мӕнгард ӕмӕ цӕй ӕгъатыр ми бакодтой!

Фӕлӕ цы зӕгъдзысты сӕ фыдӕн та? Ӕфсымӕртӕ сӕгъ аргӕвстой ӕмӕ йын йӕ туджы сӕвдылдтой Иосифы рӕсугъд дарӕс. Афтӕмӕй йӕ ӕрхастой сӕ фыд Иаковмӕ ӕмӕ йын загътой: «Мӕнӕ цы ссардтам. Ӕркӕс ма, мыййаг, Иосифы уӕлӕдарӕс нӕу».

Иаков ын базыдта йӕ дарӕс. «Ӕвӕццӕгӕн, тугдзых сырды амӕттаг фӕци Иосиф»,– ӕрдиаг кӕны фыд. Иосифы ӕфсымӕрты ма ӕндӕр цы хъуыди, сӕ хъуыддаг атылд. Иаков тынг хъыг кӕны. Бирӕ бонты дӕргъы йӕ цӕссыг нӕ басур. Фӕлӕ Иосиф мард нӕу. Уӕдӕ базонӕм, кӕдӕм ӕй акодтой, уым ыл цы ’рцыдис.