Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

33 РАДЗЫРД

Ахызтысты Сырх денджызыл

Ахызтысты Сырх денджызыл

АКӔС МА, уый цы хабар у! Моисей йӕ лӕдзӕг дары Сырх денджызмӕ. Йӕ фарсмӕ ӕдас бынаты лӕууынц израилӕгтӕ. Фараон ӕмӕ йе ’фсӕдтӕ та дӕлдон кӕнынц денджызы. Цӕй уӕдӕ базонӕм, ахӕм хабар куыд ӕрцыд, уый.

Куыд базыдтам, афтӕмӕй Хуыцау Египетыл дӕсӕм ӕфхӕрд куы рауагъта, уӕд фараон израилӕгты йӕхӕдӕг арвыста. Ӕдӕппӕт Египетӕй рацыд 600 000 (ӕхсӕзсӕдӕ мин) нӕлгоймаджы, стӕй ма бирӕ сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр. Израилӕгтимӕ рацыд бирӕ ӕндӕр адӕм дӕр, уымӕн ӕмӕ сӕ бауырныдта, Иегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у. Алчидӕр сӕ йемӕ ракодта сӕгътӕ, фыстӕ ӕмӕ хъуццытӕ.

Израилӕгтӕ сӕ рацыды размӕ египетӕгтӕй ракуырдтой уӕлӕдарӕс, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ. Египетӕгтӕ фӕстаг ӕфхӕрдӕй афтӕ тынг фӕтарстысты, ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ цыдӕриддӕр ракуырдтой, уый сын радтой.

Цалдӕр бонмӕ израилӕгтӕ бахӕццӕ сты Сырх денджызмӕ. Уым ӕрлӕууыдысты сӕ фӕллад уадзынмӕ. Уыцы рӕстӕджы фараон ӕмӕ йӕ адӕм та фӕсмон кӕнын райдыдтой, израилӕгты кӕй ауагътой, ууыл. «Не ’ххуырстыты ауагътам!»– хъӕр кодтой уыдон.

Уымӕ гӕсгӕ та фараон йӕ фӕнд фӕивта. Уыцы тӕккӕ йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ йе ’фсад амбырд кодта. Ӕмӕ Египеты цыдӕриддӕр бӕхуӕрдӕттӕ уыд, уыдоныл фӕстейӕ асырдта израилӕгты. Уымӕй дӕр уыцы бӕхуӕрдӕттӕй ӕхсӕзсӕдӕ уыдысты сӕрмагонд арӕзт.

Израилӕгтӕ уый куы федтой, ӕмӕ сӕ фараон йе ’фсадимӕ ӕрбасуры, уӕд тынг фӕтарстысты. Алидзӕн сын никуыдӕм уыдис: иуырдыгӕй Сырх денджыз уыд, иннӕрдыгӕй та – египетӕгтӕ. Фӕлӕ уӕд Иегъовӕ йӕ адӕмы ӕмӕ египетӕгты ’хсӕн сӕвӕрдта мигъ. Мигъӕй египетӕгтӕ израилӕгты нал уыдтой, ӕмӕ сын сӕ бон ницы уыд разиан кӕнын.

Уый фӕстӕ Иегъовӕ Моисейӕн загъта, зӕгъгӕ, дӕ лӕдзӕг Сырх денджызмӕ адар. Куыддӕр Моисей йӕ лӕдзӕг адардта, афтӕ Иегъовӕ рауагъта скӕсӕйнаг тыхджын дымгӕ. Уыцы дымгӕйӕ денджызы дӕттӕ дыууӕ дих фесты, ӕмӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ систау слӕууыдысты.

Уӕд израилӕгтӕ араст сты денджызы сур быныл. Цӕмӕй милуангай адӕм ӕд фос ӕмӕ ӕд муртӕ ӕнӕфыдбылызӕй ахызтаиккой иннӕ фарсмӕ, уымӕн бахъуыд цалдӕр сахаты. Фӕстагмӕ египетӕгтӕ ногӕй ауыдтой израилӕгты. Иу гыццыл ма, ӕмӕ сӕ цагъартӕ сӕ къухӕй аирвӕздзысты! Уыйадыл денджызы сӕ фӕдыл ныййарц сты.

Се ’ппӕтдӕр денджызы куы бацыдысты, уӕд Хуыцау афтӕ бакодта, ӕмӕ сӕ уӕрдӕтты цӕлхытӕ ахаудысты. Египетӕгтӕ фыртӕсӕй ризын райдыдтой ӕмӕ хъӕр систой: «Израилӕгты бӕсты Иегъовӕ хӕцы нӕ ныхмӕ. Алидзӕм ардыгӕй!» Фӕлӕ байрӕджы.

Раззаг фарсыл нывы ӕвдыст у раст уыцы уысм, Иегъовӕ Моисейӕн куы загъта, цӕмӕй йӕ лӕдзӕг ногӕй адардтаид денджызмӕ. Куыддӕр Моисей йӕ лӕдзӕг адардта, афтӕ, систау цы дӕттӕ лӕууыдысты, уыдон фӕстӕмӕ ӕркалдысты сӕ раздӕры бынатмӕ, ӕмӕ египетӕгтӕ ӕд бӕхуӕрдӕттӕ сӕ быны фесты. Египеты ӕфсад иууылдӕр бацыдысты денджызы израилӕгты фӕдыл. Ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ иу дӕр нӕ баззад ӕгасӕй!

Куыд цин кӕнынц Хуыцауы адӕм сӕ ирвӕзындзинадыл! Нӕлгоймӕгтӕ зарынц Иегъовӕйы кадӕн: «Иегъовӕ фӕуӕлахиз. Стыр уӕлахиздзинад бафтыд йӕ къухы. Сӕ бӕхтӕ ӕмӕ сын сӕ бӕхджынты нывзылдта денджызы». Моисейы хо Мариам ӕмӕ иннӕ сылгоймӕгтӕ та рацыдысты далафӕндыртимӕ ӕмӕ фырцинӕй кафынц ӕмӕ зарынц, нӕлгоймӕгтӕ цы зарыдысты, уый: «Иегъовӕ фӕуӕлахиз. Стыр уӕлахиздзинад бафтыд йӕ къухы. Сӕ бӕхтӕ ӕмӕ сын сӕ бӕхджынты нывзылдта денджызы».