Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

47 РАДЗЫРД

Израилы къӕрных куыд фӕзынд

Израилы къӕрных куыд фӕзынд

ӔРКӔС МА, уыцы лӕг йӕ халагъуды цы ныгӕны, уымӕ! Рӕсугъд дарӕс, сыгъзӕрины къӕртт ӕмӕ цалдӕр ӕвзист ӕхцайы. Иерихонӕй сӕ рахаста. Фӕлӕ Иерихоны цы хъӕздыгдзинад уыди, уыдонӕн цы бакӕнын хъуыди? Хъуыды ма йӕ кӕныс?

Уыдон хъуыди басудзын, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин та раттын хъуыд Иегъовӕйы цатыры хӕзнадонмӕ. Уӕдӕ уыцы адӕм Хуыцаумӕ нӕ байхъуыстой. Хуыцаумӕ цы хауд, уый адавтой. Лӕг хуыйны Ахан, йӕ алыварс та сты йӕ бинонтӕ. Базонӕм, дарддӕр цы ’рцыд, уый.

Ахан уыцы дзаумӕттӕ куы адавта, уӕд уый фӕстӕ Навины фырт Йесо йӕ адӕмы арвыста Гайы ныхмӕ хӕцынмӕ. Фӕлӕ нӕ фӕуӕлахиз сты. Знӕгтӕ сӕ цасдӕры амардтой, иннӕтӕ та фӕстӕмӕ алыгъдысты. Уый тынг зын у Навины фырт Йесойӕн. Зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхауд ӕмӕ Иегъовӕмӕ кувы: «Цӕмӕн ныл ӕруагътай ахӕм бӕллӕх?»

Иегъовӕ йын дзуапп радта: «Сыст! Израил ракодта тӕригъӕд. Уыдон рахастой, фесафын кӕнӕ та Иегъовӕйы цатырмӕ бахӕссын кӕй хъуыди, ахӕм дзаумӕттӕ. Уыдон адавтой рӕсугъд уӕлӕдарӕс ӕмӕ йӕ бамбӕхстой. Цалынмӕ уыцы дзаума дӕр нӕ фесафат ӕмӕ йӕ чи рахаста, уый дӕр нӕ амарат, уӕдмӕ мӕ арфӕдзинадмӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсут». Иегъовӕ Йесойӕн загъта, уыцы ӕвзӕр адӕймаджы йын кӕй бацамондзӕн.

Йесо ӕппӕт адӕмы куы ӕрӕмбырд кодта, уӕд ын Иегъовӕ бацамыдта ӕвзӕр лӕг Аханмӕ. Ахан басаст: «Фӕрӕдыдтӕн. Ахӕм рӕсугъд дарӕс, сыгъзӕрины къӕртт ӕмӕ ӕвзист ӕхцатӕ куы федтон, уӕд сӕм нӕ фӕлӕууыдтӕн ӕмӕ сӕ рахастон. Уым мӕ халагъуды ныгӕд сты».

Давд дзаумӕттӕ куы ссардтой ӕмӕ сӕ Йесомӕ куы ӕрбахастой, уӕд уый Аханӕн загъта: «Цӕмӕн нӕ баппӕрстай фыдбылызы? Уый тыххӕй дын ныр Иегъовӕ дӕхи баппардзӕн фыдбылызы!» Уыцы ныхӕсты фӕстӕ адӕм Ахан ӕмӕ йӕ бинонты дуртӕй амардтой. Цымӕ ацы цауӕй бӕрӕг нӕу, искӕй дзаумӕттӕм ӕвналӕн кӕй нӕй?

Уый фӕстӕ та израилӕгтӕ ногӕй схӕцыдысты Гайы ныхмӕ. Ныр сын Иегъовӕ ӕххуыс кодта ӕмӕ фӕуӕлахиз сты.