Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

42 РАДЗЫРД

Хӕрӕг дзуры

Хӕрӕг дзуры

ИСКУЫ фехъуыстай, ӕмӕ хӕрӕг дзура? «Никуы,– ӕвӕццӕгӕн, зӕгъдзынӕ ды.– Цӕрӕгойтӕ дзурын нӕ зонынц». Фӕлӕ Библийы дзырд цӕуы, дзургӕ чи кодта, иу ахӕм хӕрӕджы тыххӕй. Ӕркӕсӕм, ахӕм хабар куыд ӕрцыд, уымӕ.

Израилӕгтӕ цӕттӕ сты Ханааны зӕхмӕ бацӕуынмӕ. Моавы паддзах Валак тынг тӕрсы израилӕгтӕй. Уымӕ гӕсгӕ йӕ адӕмы арвыста хинӕйдзаг лӕг Валааммӕ, цӕмӕй уый ӕрцыдаид ӕмӕ израилӕгты ралгъыстаид. Валак Валаамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, бирӕ ӕхца дын ратдзынӕн, зӕгъгӕ. Уымӕ гӕсгӕ Валаам йӕ хӕрӕгыл сбадт ӕмӕ араст Валакмӕ.

Иегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй йын Валаам Йӕ адӕмы ралгъита. Уый арвыста зӕды даргъ цирхъимӕ, цӕмӕй Валаамӕн йӕ фӕндаг ӕрӕхгӕна ӕмӕ йӕ баурома. Валаам йӕхӕдӕг нӕ уыны зӕды, йӕ хӕрӕг та йӕ уыны. Уымӕ гӕсгӕ хӕрӕг архайы зӕды иувӕрсты ацӕуыныл, фӕлӕ йӕ бон куы ницы баци, уӕд фӕндаджы астӕу ӕрхауд. Валаам уый куы федта, уӕд афтӕ тынг смӕсты, ӕмӕ йӕ хӕрӕджы лӕдзӕгӕй нӕмын райдыдта.

Уӕд Иегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ Валаам хъусы, йӕ хӕрӕг йемӕ куыд дзуры, уый.

– Цӕуыл мӕ нӕмыс, цы дын ракодтон?– фӕрсы йӕ хӕрӕг.

– Цыма ӕдылы дӕн, уый хынджылӕг мӕ кӕныс,– дзуры йын Валаам,– зӕгъгӕ мӕм кард ис, уӕд дыл нӕ бацауӕрдин!

– Искуы ма дын бакодтон ахӕм ми?– фӕрсы та йӕ хӕрӕг.

– Никуы,– дзуапп радта Валаам.

Уӕд Иегъовӕ Валаамӕн дӕр фенын кодта, фӕндагыл цирхъимӕ цы зӕд лӕууыд, уый. Зӕд ын дзуры:

– Цӕуыл нӕмыс дӕ хӕрӕджы? Ӕз рацыдтӕн, цӕмӕй дын дӕ фӕндаг ӕрӕхгӕнон, уымӕн ӕмӕ ды цӕуыс Израилы ралгъитынмӕ. Дӕ хӕрӕг куы нӕ фӕзылдаид, уӕд дӕ амардтаин, дӕ хӕрӕгмӕ та мӕ къух дӕр нӕ фӕкодтаин.

– Фӕрӕдыдтӕн,– дзуры Валаам.– Мӕ фӕндагыл лӕууыс, уый нӕ зыдтон.

Уый фӕстӕ зӕд Валаамы ауагъта ӕмӕ уый Валакмӕ йӕ фӕндаг адарддӕр кодта. Ӕмӕ кӕд Валаамӕн дарддӕр дӕр йӕ зӕрды ис Израилы ралгъитын, уӕддӕр Иегъовӕ афтӕ сарӕзта, ӕмӕ сӕ ӕлгъитгӕ нӕ ракодта, фӕлӕ сын ӕртӕ хатты раарфӕ кодта.