Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

45 РАДЗЫРД

Адӕм ахызтысты Иорданы цӕугӕдоныл

Адӕм ахызтысты Иорданы цӕугӕдоныл

КӔС МА! Израилӕгтӕ фӕхизынц Иорданы цӕугӕдоныл! Фӕлӕ йӕ дон цы фӕци? Алы аз дӕр ацафон къӕвдатӕ арӕх кӕй вӕййы, уымӕ гӕсгӕ ма цалдӕр минуты размӕ дӕр дон йӕ былтӕй калд. Фӕлӕ дзы ныр дон нал ис! Израилӕгтӕ сур донвӕдыл фӕхизынц фаллаг фарсмӕ, раст иухатт Сырх денджызыл куыд ахызтысты, афтӕ! Фӕлӕ утӕппӕт дон цы фӕци? Цӕй, базонӕм ӕй.

Израилӕгтӕ Иорданы цӕугӕдоныл куы хъуамӕ ахызтаиккой, уӕд Иегъовӕ Навины фырт Йесойы уылты адӕмӕн загъта: «Сауджынтӕ хъуамӕ сисой бадзырды чырын ӕмӕ адӕмы разӕй ацӕуой. Куыддӕр доны бахизой, афтӕ дон йӕ цӕуынӕй ныллӕудзӕн».

Ӕмӕ сауджынтӕ систой бадзырды чырын ӕмӕ йӕ адӕмы разӕй фӕхӕссынц. Иорданы цӕугӕдонмӕ куыддӕр бахӕццӕ сты, афтӕ сауджынтӕ уайтагъд донмӕ бахызтысты. Дон у тынг ивылд ӕмӕ арф. Фӕлӕ куыддӕр сӕ къӕхтӕ доны ӕрӕвӕрдтой, афтӕ дон къаддӕрӕй-къаддӕр кӕнын райдыдта! Уый диссаг куыннӕ у! Цӕугӕдон кӕм райдайы, уым ӕй Иегъовӕ ӕрӕхгӕдта. Уымӕ гӕсгӕ куыдфӕстагмӕ цӕугӕдон байсыст.

Бадзырды чырын цы сауджынтӕ хастой, уыдон доны тӕккӕ астӕумӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым ӕрлӕууыдысты. Уыныс сӕ нывы? Сауджынтӕ куыд лӕууыдысты, афтӕ иннӕ израилӕгтӕ та цӕугӕдоны сур быныл хызтысты фаллаг фарсмӕ!

Адӕм иууылдӕр куы ахызтысты, уӕд Иегъовӕ Йесойӕн бардзырд радта, цӕмӕй дыууадӕс тыхджын нӕлгоймагӕн загътаид: «Бацӕут цӕугӕдоны, бадзырды чырын чи хӕссы, уыцы сауджынтӕ кӕм лӕууынц, уырдӕм. Уырдыгӕй дыууадӕс дуры сисут ӕмӕ кӕм ӕрӕхсӕвиуат кӕнат, уым сӕ сӕвӕрут. Сомбон уӕ уӕ кӕстӕртӕ куы бафӕрсой, ацы дуртӕ цы сты, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъут, Иегъовӕйы бадзырды чырын Иорданыл куы хастам, уӕд дон йӕ цыдӕй ныллӕууыд. Ацы дуртӕ уын уӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзысты уыцы диссаг!» Цӕугӕдоны астӕу, сауджынтӕ кӕм лӕууыдысты, уыцы ран дӕр ма Йесо сӕвӕрдта дыууадӕс дуры.

Уый фӕстӕ бадзырды чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕн Йесо загъта: «Рахизут Иорданӕй». Ӕмӕ куыддӕр рахызтысты, афтӕ та дон йӕ фӕд-фӕд раздӕрау гуылфгӕнгӕ згъорын райдыдта.