Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

55 РАДЗЫРД

Гыццыл лӕппу лӕггад кӕны Хуыцауӕн

Гыццыл лӕппу лӕггад кӕны Хуыцауӕн

ЦӔЙ дзӕбӕх у ацы гыццыл лӕппу, нӕ? Йӕ ном Самуил хуыйны. Йӕ сӕр ын чи лӕгъзытӕ кӕны, уый у Израилы хистӕр сауджын Или. Йӕ фарсмӕ та лӕууынц лӕппуйы фыд Елхъан ӕмӕ йӕ мад Аннӕ. Уыдон ӕрбакодтой Самуилы Илимӕ.

Самуилыл цыппар-фондз азы йеддӕмӕ нӕма цӕуы. Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ Или ӕмӕ иннӕ сауджынтимӕ цӕрдзӕн Иегъовӕйы цатыры. Самуил нырма хӕрз гыццыл куы у, уӕд ӕй Елхъан ӕмӕ Аннӕ Иегъовӕйӕн йӕ цатыры лӕггад кӕнынмӕ цӕмӕн ӕрбакодтой? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

Уыцы хабар ӕрцыд цалдӕр азы размӕ. Аннӕ уыд тынг ӕнкъард ӕмӕ мӕстджын. Тынг ӕй хъуыдис сывӕллон, фӕлӕ йын нӕ уыди. Уымӕ гӕсгӕ иу бон Аннӕ ӕрцыд Иегъовӕйы цатырмӕ ӕмӕ скуывта: «О Иегъовӕ, ма мӕ ферох кӕн! Дзырд дын дӕттын, фырт мын куы раттай, уӕд ӕй цӕрӕнбонтӕм дӕуӕн лӕггад кӕнынӕн ратдзынӕн».

Иегъовӕ фехъуыста Аннӕйы куывд. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ Аннӕйӕн райгуырд Самуил. Аннӕ тынг уарзта йӕ чысыл хуры ӕмӕ ма хӕрз гыццыл куы уыд, уӕд ын амонын райдыдта, Иегъовӕ чи у, уый. Йӕ лӕгӕн та загъта: «Самуил гыццыл куы бахъомыл уа, дзидзи дарын ын куы нал хъӕуа, уӕд ӕй акӕндзынӕн Иегъовӕйы цатырмӕ, цӕмӕй йын уым лӕггад кӕна».

Нывы уынӕм, Елхъан ӕмӕ Аннӕ Самуилы куыд ӕрбакодтой, уый. Самуилы йӕ ныййарджытӕ хорз кӕй хъомыл кодтой, уымӕ гӕсгӕ тынг цин кӕны, Иегъовӕйӕн йӕ цатыры кӕй лӕггад кӕндзӕн, ууыл. Алы аз дӕр Елхъан ӕмӕ Аннӕ ӕрцӕуынц ацы сӕрмагонд цатырмӕ кувынмӕ ӕмӕ уым фембӕлынц сӕ гыццыл лӕппуимӕ дӕр. Ӕмӕ алы цыдӕн дӕр Аннӕ Самуилӕн ӕрбахӕссы ног ӕнӕдыс уӕлӕдарӕс.

Цӕуынц азтӕ, Самуил лӕггад кӕны Иегъовӕйы цатыры. Иегъовӕ йӕ уарзы, ӕмӕ йӕ адӕм дӕр уарзынц. Фӕлӕ хистӕр сауджын Илийы фырттӕ Офни ӕмӕ Финеес хорз адӕймӕгтӕ не сты. Уыдон кӕнынц бирӕ ӕвзӕр митӕ, ӕмӕ иннӕты дӕр ардауынц, цӕмӕй Иегъовӕмӕ ма хъусой. Или сын сауджынтӕй лӕггад кӕныны бар хъуамӕ мауал дӕттид, фӕлӕ сӕ уый уӕддӕр уадзы.

Кӕд цатыры иннӕтӕ бирӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕнынц, уӕддӕр ӕвзонг Самуил иузӕрдионӕй лӕггад кӕны Иегъовӕйӕн. Иегъовӕйы ӕцӕгӕй уарзынц ӕрмӕстдӕр стӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бирӕ рӕстӕджы дӕргъы Иегъовӕ адӕмӕй никӕимӕ ныхас кӕны. Самуил ма ноджыдӕр гыццыл куы бахъомыл, уӕд ӕрцыд ахӕм хабар:

Самуил цатыры фынӕй кӕны, ӕмӕ йӕ цавӕрдӕр хъӕлӕс райхъал кодта. «Мӕнӕ дӕн»,– дзуапп радта Самуил. Стӕй фӕгӕпп кодта ӕмӕ Илимӕ базгъордта:

– Ды мӕм дзырдтай, мӕнӕ дӕн.

– Ӕз дӕм нӕ дзырдтон, ацу бафынӕй кӕн,– загъта йын Или. Самуил дӕр фӕстӕмӕ йӕ хуыссӕнмӕ ацыд.

Ныр та дыккаг хатт хъусы уыцы хъӕлӕс: «Самуил!» Лӕппу та фӕгӕпп кодта, базгъордта Илимӕ ӕмӕ йын дзуры:

– Дзырдтай мӕм, мӕнӕ дӕн.

– Ӕз дӕм нӕ дзырдтон, хъӕбул. Ацу фӕстӕмӕ схуысс,– загъта та йын Или. Ӕмӕ та Самуил фӕстӕмӕ схуыссыд.

– Самуил!– ӕртыккаг хатт ӕм хъуысы хъӕлӕс. Ӕмӕ та Самуил ӕртыккаг хатт базгъордта Илимӕ ӕмӕ йын дзуры:

– Мӕнӕ дӕн, ацы хатт мӕм ӕнӕмӕнг дзырдтай.

Уӕд Или бамбӕрста, лӕппумӕ Иегъовӕ кӕй дзуры, уый. Уымӕ гӕсгӕ загъта Самуилӕн:

«Ацу ӕрхуысс, ӕмӕ ма дӕм куы фӕдзура, уӕд-иу ын зӕгъ: „Иегъовӕ, дзур, дӕ лӕггадгӕнӕг дӕм хъусы“».

Самуил растдӕр афтӕ бакодта, Иегъовӕ йӕм ногӕй куы фӕсидт, уӕд. Иегъовӕ йын фехъусын кодта, Илийы дӕр ӕмӕ йӕ фыртты дӕр кӕй бафхӕрдзӕн, уый. Цасдӕры фӕстӕ Офни ӕмӕ Финеес фӕмард сты филистимӕгтимӕ тохы. Или уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд ахауди, йӕ бӕрзӕй асаста ӕмӕ амард. Афтӕ сӕххӕст Иегъовӕйы ныхас.

Самуил слӕг и ӕмӕ сси Израилы фӕстаг тӕрхонгӕнӕг. Самуил йӕ лӕджы кары куы бацыд, уӕд дзы адӕм курынц: «Равзар нын паддзах, цӕмӕй ныл хицауиуӕг кӕна». Самуилы нӕ фӕнды афтӕ аразын, уымӕн ӕмӕ сӕ ӕцӕг паддзах Иегъовӕ йӕхӕдӕг у. Фӕлӕ йын Иегъовӕ загъта, цӕмӕй адӕмы ныхасмӕ байхъуса.