Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

49 РАДЗЫРД

Хур ӕрлӕууыд

Хур ӕрлӕууыд

ӔРКӔС МА Навины фырт Йесомӕ. «Хур, ӕрлӕуу!»– дзуры уый. Ӕмӕ хур ӕцӕгдӕр ӕрлӕууыд. Уый ӕнӕхъӕн бон лӕууыд арвы астӕу. Иегъовӕ сарӕзта афтӕ! Фӕлӕ цӕй ӕмӕ базонӕм, цӕмӕн хъуыди Йесойы, цӕмӕй хур кастаид.

Ханааны зӕххӕй фондз ӕвзӕр паддзахы Гаваоны цӕрджытимӕ куы схӕцыдысты, уӕд гаваойнӕгтӕ фӕдисоны арвыстой Йесомӕ. «Тагъд нӕм фӕзын!– дзуры уый.– Фервӕзын нӕ кӕн! Хӕхбӕсты паддзӕхтӕ иууылдӕр ӕрцыдсты дӕ цагъартимӕ схӕцынмӕ».

Йесо куыддӕр уый фехъуыста, афтӕ йе ’фсӕддонтимӕ уайтагъд араст сты. Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв цӕуынц фӕдисы уадӕй. Израилӕгтӕ Гаваонмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд фондз паддзахы ӕфсӕддонтӕ фӕтарстысты ӕмӕ лидзынмӕ фесты. Иегъовӕ арвӕй дурты их рауагъта, ӕмӕ се знӕгтӕй дуртӕй цас фӕмард, уыйбӕрц дзы израилӕгтӕ нӕ амардтой.

Йесо уыны, хур кӕй фӕныгуылы, уый. Тагъд ӕрталынг уыдзӕн, ӕмӕ фондз ӕвзӕр паддзахы ӕфсӕддонтӕй бирӕтӕ удӕгасӕй аирвӕздзысты. Уый тыххӕй Йесо Иегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ уый фӕстӕ загъта: «Хур, ӕрлӕуу!» Хур кӕй нӕ ныгуылд, уый фӕрцы израилӕгтӕ бынтондӕр ныддӕрӕн кодтой се знӕгты.

Ханааны ма ноджыдӕр бирӕ ӕвзӕр паддзӕхтӕ ис, уыдон тынг ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц Хуыцауы адӕммӕ. Ханааны зӕххыл ӕртын иу паддзахы басӕттынӕн Йесо ӕмӕ йе ’фсады бахъуыд ӕхсӕз азы. Уый фӕстӕ цы зӕххытӕ байстой, уыдон Йесо адих кодта, зӕхх ма кӕмӕн нӕ уыди, уыцы мыггӕгтыл.

Рацыд ма ноджыдӕр бирӕ азтӕ, ӕмӕ Навины фырт Йесо амард, сӕдӕ дӕс азы йыл куы цыди, уӕд. Цалынмӕ Йесо ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ удӕгас уыдысты, уӕдмӕ адӕм хъуыстой Иегъовӕмӕ. Фӕлӕ уыцы хорз адӕймӕгтӕ куы амардысты, уӕд адӕм ӕвзӕр митӕ кӕнын райдыдтой ӕмӕ сыл алыхуызон бӕллӕхтӕ цыд. Уӕд адӕмы тынг хъуыд Хуыцауы ӕххуыс.