Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

50 РАДЗЫРД

Дыууӕ хъӕбатыр сылгоймаджы

Дыууӕ хъӕбатыр сылгоймаджы

ИЗРАИЛӔГТӔ тыхст уавӕры куы бахауынц, уӕд та Иегъовӕмӕ дзыназын райдайынц. Ӕмӕ сын уӕд Иегъовӕ ратты хъӕбатыр раздзӕуджытӕ. Библийы хуыйнынц тӕрхонгӕнджытӕ. Уыдонӕй фыццаг уыди Навины фырт Йесо, уый фӕстӕ – Гофониил, Аод, Самегар. Фӕлӕ Израилӕн чи ӕххуыс кӕны, уыдонӕй дыууӕ сты сылгоймӕгтӕ – Деворӕ ӕмӕ Иаил.

Деворӕ у пехуымпар. Иегъовӕ йын фӕзӕгъы, фидӕны цы ’рцӕудзӕн, уый, ӕмӕ уый та Иегъовӕйы ныхӕстӕ фехъусын кӕны адӕмӕн. Деворӕ у тӕрхонгӕнӕг дӕр. Уый бады бӕрзонд ран пальмӕйы бын, ӕмӕ йӕм уырдӕм адӕм цӕуынц ӕххуысгур.

Уыцы заман Ханааны паддзах сси Иавин. Уымӕ ис 900 (фарастсӕдӕ) хӕстон бӕхуӕрдоны. Йе ’фсад афтӕ тыхджын у, ӕмӕ израилӕгтӕй бирӕтӕ систы йӕ цагъартӕ. Паддзах Иавины ӕфсады хистӕр та хуыйны Сисарӕ.

Иу бон Деворӕ тӕрхонгӕнӕг Варакмӕ арвыста ахӕм ныхӕстӕ: «Афтӕ дзуры Иегъовӕ: „Демӕ дӕс мин адӕймаджы акӕн ӕмӕ Фаворы хохмӕ ссу. Ӕз та дӕм уырдӕм скӕндзынӕн Сисарӕйы. Ӕмӕ йыл ды фӕуӕлахиз уыдзынӕ, ныддӕрӕн ын кӕндзынӕ йе ’фсад дӕр“».

Уӕд Варак зӕгъы Деворӕйӕн: «Кӕд ды дӕр мемӕ ацӕуай, уӕд цӕуын». Деворӕ сразы, фӕлӕ йӕ бафӕдзӕхста: «Ӕрмӕст уӕлахизы кад дӕу нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ Сисарӕйы ратдзӕн сылгоймаджы къухмӕ». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ ’рцыд.

Варак ӕрцӕуы Фаворы хохӕй Сисарӕйы ӕфсӕдты размӕ. Ӕвиппайды Иегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ бӕстӕ дон фестад, ӕмӕ знаджы ӕфсӕддонтӕй бирӕтӕ фӕдӕлдон сты. Фӕлӕ Сисарӕ бӕхуӕрдонӕй агӕпп кодта ӕмӕ алыгъд.

Иу цасдӕры фӕстӕ Сисарӕ бацыд Иаилы халагъуды цурмӕ. Иаил ӕй мидӕмӕ бакодта ӕмӕ йын ӕхсыр бадардта. Ӕхсырӕй Сисарӕйы хуыссӕг ахсын райдыдта ӕмӕ тарф фынӕй баци. Уӕд Иаил райста, халагъуд зӕхмӕ цы михтӕй фидаргонд уыд, уыдонӕй иу ӕмӕ йӕ уыцы ӕвзӕр лӕджы сӕры ныссагъта. Фӕстӕдӕр Варак куы ’рцыд, уӕд ын Иаил ӕвдисы Сисарӕйы мард! Кӕсыс, Деворӕ цы загъта, уый ӕцӕгдӕр куыд сӕххӕст.

Ӕппынфӕстаг амардтой паддзах Иавины дӕр, ӕмӕ цасдӕр рӕстӕг израилӕгтӕ цӕрынц ӕдасӕй.