62 РАДЗЫРД
Давиды хӕдзарыл ӕрцыд стыр бӕллӕхтӕ
ДАВИД Иерусалимы куы райдыдта паддзахиуӕг кӕнын, уӕдӕй фӕстӕмӕ Иегъовӕйы фӕрцы бирӕ хӕстыты фӕуӕлахиз. Иегъовӕ израилӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, Ханааны зӕхх сын кӕй ратдзӕн, уымӕй. Ӕмӕ ныр Иегъовӕйы фӕрцы уыцы зӕрдӕвӕрд зӕхх иууылдӕр ис сӕ къухы.
Давид хорз хицау у. Уый уарзы Иегъовӕйы. Уымӕ гӕсгӕ, Иерусалим куы байста, уӕд фыццаджыдӕр уырдӕм ӕрбахаста Иегъовӕйы бадзырды чырын. Фӕнды йӕ кувӕндон саразын ӕмӕ уыцы чырын уым сӕвӕрын.
Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ Давид бакодта тынг ӕвзӕр ми. Давид зыдта, искӕй цы у, уый хи бакӕнын раст кӕй нӕу. Фӕлӕ иу изӕр йӕ галуаны сӕрӕй куы каст, уӕд федта диссаджы рӕсугъд сылгоймаджы. Йӕ ном хуыйны Вирсави. Уый у Давиды ӕфсӕддонтӕй сӕ иуы, Урийы, ус.
Давидӕн Вирсавимӕ йӕ зӕрдӕ афтӕ тынг бахъазыд, ӕмӕ йӕ йӕ галуанмӕ ӕрбакӕнын кодта. Уыцы рӕстӕджы йӕ лӕг уыд дард, хӕсты быдыры. Ӕмӕ куыд ӕнхъӕл дӕ: Давид йемӕ схуыссыд, ӕмӕ фӕстӕдӕр Вирсави базыдта, сывӕллон ын кӕй уыдзӕн, уый. Давид уый куы фехъуыста, уӕд тынг стыхст ӕмӕ цӕмӕй йе ’взӕр ми истыхуызты басусӕг кодтаид, уый тыххӕй йе ’фсады хистӕр Иоавмӕ фыстӕг арвыста. Уыцы фыстӕджы йын бардзырд радта, цӕмӕй Урийы, хӕст тыхджындӕр кӕм цыд, уым сӕвӕрдтаид ӕмӕ йӕ амардтаиккой. Ури куы амард, уӕд Давид Вирсавийы ракуырдта.
Иегъовӕ тынг смӕсты Давидмӕ. Йӕ лӕггадгӕнӕг Нафаны йӕм барвыста, цӕмӕй йын йӕ тӕригъӕдтӕ хурмӕ ракалдтаид. Уыныс, Нафан Давидимӕ ныхас кӕны. Давид йӕ хъуыддӕгтыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ йӕ Иегъовӕ маргӕ нӕ акодта, фӕлӕ йын загъта: «Ахӕм ӕвзӕр ми кӕй бакодтай, уый тыххӕй дӕ хӕдзарыл ӕрцӕудзӕн бирӕ бӕллӕхтӕ». Ӕцӕгдӕр, цас бӕллӕхтӕ ’рцыд Давидыл!
Фыццаг уал амард, Вирсавийӕ йын цы фырт райгуырд, уый. Уый фӕстӕ та Давиды хистӕр фырт Амнон йӕ хо Фамаримӕ хӕдзары иунӕгӕй баззад ӕмӕ йын тыхми бакодта. Йӕ иннӕ фырт Авессалом уый куы фехъуыста, уӕд афтӕ смӕсты, ӕмӕ Амноны амардта. Фӕстӕдӕр Авессалом адӕмӕй бирӕты йӕхирдӕм раздӕхта ӕмӕ йӕхи паддзах скодта. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг Давид фӕуӕлахиз, Авессалом та фӕмард. О, бирӕ бӕллӕхтӕ ’рцыд Давидыл.
Уӕдмӕ Вирсавийӕн райгуырд ӕндӕр лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдтой ном Соломон. Давид куы базӕронд ӕмӕ йӕ бон куы ницыуал уыди, уӕд та йын йӕ фырт Адони хъавыд йӕ бынатмӕ. Уымӕ гӕсгӕ Давид сауджын Садокӕн загъта, цӕмӕй Соломоны сӕрыл рауагътаид зети ӕмӕ уымӕй равдыстаид, паддзах уый кӕй уыдзӕн. Уый фӕстӕ ма Давид иу цасдӕр ацард, ӕмӕ йыл ӕвдай азы куы цыд, уӕд амард. Давид Израилы паддзахиуӕг кодта дыууиссӕдз азы. Ныр та паддзах у Соломон.