Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

69 РАДЗЫРД

Гыццыл чызг стыр хицауӕн куыд баххуыс кодта

Гыццыл чызг стыр хицауӕн куыд баххуыс кодта

АЦЫ гыццыл чызг сылгоймагӕн цӕй тыххӕй дзуры, уый зоныс? Уый дзуры, Иегъовӕйы пехуымпар Елисей Хуыцауы ӕххуысӕй цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдон тыххӕй. Уыцы сылгоймаг израилаг нӕу, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕйы нӕ зоны. Базонӕм, гыццыл чызг йӕ хӕдзармӕ куыд ӕрбахауд, уый.

Сылгоймаг у сириаг. Йӕ лӕг у Сирийы ӕфсӕдты хицау Нееман. Ацы гыццыл израилаг чызджы та сириӕгтӕ акодтой уацары ӕмӕ лӕггад кӕны Нееманы усӕн.

Нееман фӕрынчын тынг ӕвзӕр низӕй – хъотырӕй. Уый ахӕм низ у, ӕмӕ дзы адӕймаджы буар фехӕлы ӕмӕ йӕ фыдтӕ чъылбысгай хауын райдайынц. Уымӕ гӕсгӕ гыццыл чызг Нееманы усӕн дзуры: «Цы хорз уаид, мӕ хицау Израилмӕ Иегъовӕйы пехуымпармӕ куы ацӕуид. Уый йӕ фервӕзын кӕнид йӕ низӕй». Ус уыцы ныхӕстӕ радзырдта йӕ лӕгӕн.

Нееманы тынг фӕнды уыцы низӕй фервӕзын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ араст Израилмӕ. Куы ’рхӕццӕ, уӕд йӕ ных сарӕзта Елисейы хӕдзармӕ. Елисей йын йӕ фӕсдзӕуины йӕ размӕ рарвыста ӕмӕ йын уый загъта, цӕмӕй ацӕуа ӕмӕ Иорданы цӕугӕдоны авд хатты йӕхи цынайа. Уыцы ныхӕстӕм Нееман мӕстӕй рафыхт ӕмӕ загъта: «Израилы цӕугӕдӕттӕй нӕхи цӕугӕдӕттӕ бирӕ хуыздӕр сты!» Ӕмӕ фӕстӕмӕ фӕцӕуӕг ис.

Фӕлӕ йын уӕд йӕ лӕггадгӕнджытӕй иу загъта: «Хицау, Елисей дын исты зын хъуыддаг куы аразын кодтаид, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг бакодтаис. Уӕдӕ дын уӕд куыд загъта, афтӕ дӕхи цынайын цас диссаг у?» Нееман йӕ лӕггадгӕнӕджы ныхасмӕ байхъуыста ӕмӕ Иорданы цӕугӕдоны йӕхи авд хатты цынадта. Ӕмӕ раздӕрау фидар ӕмӕ ӕнӕниз фестад!

Нееманы цинӕн кӕрон дӕр нӕй. Уый фӕстӕмӕ Елисеймӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ йын загъта: «Ныр ӕй фидарӕй зонын, зӕххы къорийыл Израилы Хуыцау иунӕг ӕцӕг Хуыцау кӕй у, уый. Дӕ хорзӕхӕй, айс мын мӕ лӕвар». «Нӕ, нӕ йӕ райсдзынӕн»,– дзуапп радта Елисей. Уый зоны, Нееман кӕй сдзӕбӕх, уый тыххӕй лӕвар райсын раст кӕй нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ уый не сдзӕбӕх кодта, фӕлӕ Иегъовӕ. Фӕлӕ Елисейы фӕсдзӕуин Гиезийы фӕнды, уыцы лӕвар ӕй куы фӕуид, уый.

Уымӕ гӕсгӕ Гиези мӕнӕ цы сфӕнд кодта. Нееман куы ацыд, уӕд йӕ фӕдыл ацыд, баййӕфта йӕ ӕмӕ йын дзуры: «Елисей мӕ рарвыста, мӕ хӕлӕрттӕ, дам, мӕм ӕрцыдысты, ӕмӕ, дам, уыдонӕн райсдзынӕн дӕ лӕвӕрттӕй цыдӕртӕ». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый гӕдыныхас уыди. Фӕлӕ Гиези сайгӕ кӕй кодта, уый Нееман нӕ зыдта; уымӕ гӕсгӕ йын лӕвӕрттӕй цыдӕртӕ радта.

Гиези фӕстӕмӕ хӕдзармӕ ӕрыздӕхт, цыма никуы ӕмӕ ницы ’рцыд, афтӕ. Фӕлӕ Елисей алцыдӕр зоны. Иегъовӕ йын загъта уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ Гиезийӕн загъта: «Ахӕм ӕнаккаг ми кӕй бакодтай, уый тыххӕй Нееманы хъотыр дӕуыл бахӕцдзӕн». Ӕмӕ уыцы тӕккӕ афтӕ рауад!

Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны ацы цау? Фыццаджыдӕр, уыцы гыццыл чызгау мах дӕр хъуамӕ иннӕтӕн дзурӕм Иегъовӕйы тыххӕй. Уый стыр пайда ӕрхӕсдзӕн адӕмӕн. Дыккаг уый, ӕмӕ хъуамӕ, Нееман йӕхи райдианы куыд дардта, афтӕ сӕрбӕрзонд ма уӕм, фӕлӕ нын Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ цы дзурынц, уымӕ хъусӕм. Ӕртыккаг та уый, ӕмӕ мах хъуамӕ ма уӕм Гиезийау сайӕгой. Цас хорз хъуыддӕгтыл нӕ ахуыр кӕны Библи, афтӕ нӕу?