Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

72 РАДЗЫРД

Хуыцау баххуыс кодта паддзах Езекийӕн

Хуыцау баххуыс кодта паддзах Езекийӕн

АЦЫ лӕг Иегъовӕмӕ цӕй тыххӕй кувы, уый зоныс? Цӕмӕн равӕрдта уыцы фыстӕджытӕ Иегъовӕйы нывондхӕссӕны раз? Ацы лӕг у Езеки. Уый у, Израилы дыууӕ мыггаджы кӕм цӕрынц, уыцы хуссар паддзахады паддзах ӕмӕ ис тынг тыхст уавӕры. Цӕмӕн?

Уымӕн ӕмӕ ассириаг ӕфсӕдтӕ ныццагътой цӕгат паддзахады дӕс мыггаджы. Уыцы адӕм ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй сыл ӕруагъта Иегъовӕ ахӕм бӕллӕх. Ныр та ассириаг ӕфсӕдтӕ ӕрцыдысты, дыууӕ мыггаг цы паддзахады цӕрынц, уый ныхмӕ схӕцынмӕ.

Ассирийы паддзах Езекимӕ ӕрӕрвыста фыстӕджытӕ. Ӕмӕ растдӕр уыдон равӕрдта Езеки Хуыцауы раз. Уыцы фыстӕджыты Ассирийы паддзах худы Иегъовӕйыл, Езекийӕн та дзуры, цӕмӕй йӕхи ратта. Уымӕ гӕсгӕ Езеки кувы: «О Иегъовӕ, фервӕзын нӕ кӕн Ассирийы паддзахӕй. Уӕд ӕппӕт адӕмтӕ дӕр базондзысты, ды иунӕг Хуыцау кӕй дӕ, уый». Цымӕ Иегъовӕ Езекийы куывд фехъусдзӕн?

Езеки хорз паддзах у. Уый нӕу Израилы дӕсмыггаг паддзахады ӕвзӕр паддзӕхты хуызӕн, нӕдӕр йӕ фыд, ӕвзӕр паддзах, Ахазы хуызӕн. Езеки зӕрдӕбынӕй ӕххӕст кӕны Иегъовӕйы закъӕттӕ иууылдӕр. Уымӕ гӕсгӕ куывд куы фӕци, уӕд ӕм пехуымпар Исай бацыд ӕмӕ йын радзырдта Иегъовӕйы ныхӕстӕ: «Ассирийы паддзах Иерусалиммӕ йӕ къах дӕр не ’рбакӕндзӕн. Йе ’фсӕддонтӕй иу дӕр сахармӕ хӕстӕг нӕ бацӕудзӕн. Иу фат дӕр нӕ ауадздзысты Иерусалиммӕ».

Ӕркӕс ма ацы фарсыл нывмӕ. Утӕппӕт мард ӕфсӕддонтӕ чи сты, уый зоныс? Уыдон сты ассириӕгтӕ. Иегъовӕ рарвыста йӕ зӕды ӕмӕ иу ӕхсӕвмӕ Ассирийы ӕфсӕддонтӕй ныццагъта 185 000 (сӕдӕ ӕстай фондз мин) адӕймаджы. Уымӕ гӕсгӕ Ассирийы паддзах састы бынаты баззад ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхт.

Хуыцау бахъахъхъӕдта, дыууӕ мыггаджы кӕм цӕрынц, уыцы паддзахад ӕмӕ йӕ адӕм цасдӕр рӕстӕг цардысты сабырӕй. Фӕлӕ Езеки куы амард, уӕд паддзах сси йӕ фырт Манасси. Уый дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕ йӕ фырт Аммон дӕр уыдысты тынг ӕвзӕр паддзӕхтӕ. Ӕмӕ та бӕстӕ ногӕй байдзаг тыхми ӕмӕ фыдракӕндтӕй. Паддзах Аммоны йӕ фӕсдзӕуинтӕ куы амардтой, уӕд дыууӕ мыггагыл паддзахиуӕг кӕнын райдыдта йӕ фырт Иоси.